ОБЩЕСТВО

08.08.08

Цыппæрдæс азы рацыд, Гуырдзыстон Ирыстоны Хуссар хай скуынæг кæнынмæ куы ’рхъавыд, уыцы бонтæй. Æвæццæгæн, Хуссар Ирыстоны ахæм бинонтæ нæ разындзæн, 2008 азы августы хæст йæ уæззау фæд кæуыл нæ ныууагъта. Абон дæр республикæйы цæрджытæ цæссыгимæ æрæмысынц уыцы трагикон бонты цаутæ.

 

7-æм августы «Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл» мемориалон комплексы уагъд æрцыд цытджын-фыдохы митинг. Уым хайад райстой куыд бынæттон Республикæйы разамынд, æхсæнадон æмæ аивадон интеллигенцийы минæвæрттæ, цæрджытæ, афтæ ма Цæгат Ирыстоны Хицауады минæвæрттæ дæр. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан куыд загъта, афтæмæй уыцы уæззау рæстæджы Ирыстоны лæппутæ хъæбатырæй, сæ риуæмбæрц æрлæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ иумæ, Уæрæсеимæ, бахъахъхъæдтам нæ чысыл райгуырæн уæзæг. Мадзал архайджытæ ссардтой, Ирыстоны сæрвæлтау йе ’взонг уд чи радта, уыдоны рухс нæмттæ, сæ цыртытыл сын сæвæрдтой дидинджытæ.

 

О, бирæ фыдæбæттæ æмæ тæригъæдтæ федта æмæ схаста Ирыстонæн йæ Хуссар хай. Цы фырттæй бацарæфтыд, уыдоныл зæрдæрис у фыддæр, судзагдæр æмæ зæрдæхалæндæр, уымæн æмæ уыдон бабын сты тугмондаг, æнæрасидгæ хæсты фæстиуæгæн. У фыддæр судзагдæр æмæ зæрдæхалæндæр уымæн, æмæ бабын сты сæ царды æцæг лæджы фæндтæ нывæндын куы райдыдтой, уыцы кары.

 

Бирæ хъизæмæрттæ æвзарæг Ирыстон та йæ судзаг цæссыгтæй йæ тыппыртæ суадздзæн ацу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл тугмондаг фашистон лæгсырдты къухæй чи фæмард, уыцы хъæбултæн. Кæд уал азы аивгъуыдта, уæддæр нæ мынæг кæны адæмы рис… Ногæй та цæссыджы суадæттæй раивылдзæн нæ адæмы маст… Судзаггаджы хъарджытæ та айхъуысдзысты Иры уæзгуытæй…

 

8 август 2008 аз. Историйы баззайдзæн канд Олимпаг хъæзтыты райдиан нæ, фæлæ куыд тугæйдзаг майрæмбон, афтæ дæр. Райдыдта та тугкалæн хæст ирон адæмы ныхмæ. Ацы бонты цыдæриддæр æрцыд æмæ цæуы, уыдонæй алы цауы тыххæй дæр лыстæггай зынд æмæ фыст æрцæудзæн. Хуссар Ирыстоны цы уæззау æмæ æвирхъау фыдбæллæх сарæзтой тугмондаг лæгсырдтæ, уый стыр дисы баппæрста дунейы æмæ рæстзæрдæ бирæ адæмы дæр. Зæрдæ нырризы, ныддур, æнустæм дæр ссыгъдæг кæнæн кæмæн нал ис, уыцы егъау фыдракæндæй.

 

Национал-фашисттæ нæ бацауæрстой суанг сабитыл, зæрæдтыл дæр. Нал сæмбæлдзысты сæ бинонтыл мингай лидзæг бæлццæттæ, бирæтæ дзы фесты фыдвæндаг. Ацы судзгæ фыдбæллæхы фæстæ алкæмæ дæр сæвзæры фарст: «Чи сты, арт æмæ фæнык кæмæн нал ис, уыцы адæмыхатт? Чи у се сфæлдисæг? Хуыцау æви дæлимон?» Дунескæнæг Хуыцау, бахиз нæ ахæм адæмæй, кæцытæ аныгъуылдысты ирон адæмы туджы, æххæст кæнынц цыфæнды чъизидæр æмæ æбуалгъдæр фыдракæндтæ. Æнауæрдонæй чи мары адæмы сæ хæдзæртты раз, сæ уынгтыл, кæм райгуырдысты æмæ схъомыл сты, сæ уыцы райгуырæн уарзон горæты.

 

Æвæдза, зын у адæймаджы тыхстмæ кæсын, дæ бон ын баххуыс кæнын куынæ уа, уæд. О, зын у ахæм трагикон цаутæм, æвирхъау, зæрдæ фыссын дæр кæй нæ комы, уыцы фыдбæллæхтæм кæсын.

 

Сæрдыгон хур дæр нал фæразы ирон мадæлты мастæвдылд цæссыгтæ ссур кæнын. Æмæ риссы зæрдæ… Бонæй-бон фылдæр кæнынц Дзæуджыхъæуы рынчыдæттæм цы цæф адæймæгты ласынц, уыдоны нымæц. Сæ фылдæр сабитæ,  зæрæдтæ, сылгоймæгтæ, се ’хсæн ис, национ сæрыстырдзинад бахъахъхъæныныл хъæбатыр тох чи кæны, уыдонæй дæр. Ирыстоны фæсивæд хæцынц, калынц сæ туг, цæмæй сæ зæхх æмæ сæ Фыдыбæстæ уа сæрибар. Ацы тугкалд ма нын иухатт равдыста, Ирыстон фидар кæй у æмæ дзы патриоттæ бирæ кæй ис.

 

Ницыуал хъары зæрдæмæ, бафæллад æвирхъау хабæрттæй, дзыназынæй. Уынгæджы бон та æркодта нæ чысыл Ирыстоныл. Йæ кæддæры цардæфсæст хъæутæй йæм æрвылбон дæр сæ сау æфсургътыл тæхынц фыдохы цаутæ. Æниу ма кæм ис хъæутæ? Банай сæ кодтой Саакашвилийы тугмондæгтæ æд цæрджытæ. Бирæтæ дзы æнустæм хуысгæйæ баззадысты сæ уарзон уæзæгыл. Æмæ судзы хæрамы арт, батад мидбылхудт ирон лæджы цæсгомыл.

 

Абон Хуссар Ирыстоны цæрджыты хъысмæт уæззау æфсондзау æрæнцад Уæрæсейы æфсады, фидауынгæнæн тыхты, нæхи хъайтар лæппуты уæхсчытыл. Уыдон сæ тыхтæ æмæ хъарутæ баиу кæнгæйæ иудадзыг архайынц тугкалд бауромыныл. Абон та уал, хъыгагæн, фылдæрæй-фылдæр кæнынц Ирыстоны саударджытæ. Æрцыд гуымирыты рæстæг. Æмæ лæбурынц балбирæгътау хотыхджын гуырдзиаг фыдгæнджытæ Ирыстоны хъæутæм. Марынц, стигъынц, хынджылæг кæнынц æнаххос ирон адæмæй.

 

Хæст. Æвирхъау æмæ мæлæтхæссæг хæст. Уый кæны карзæй-карздæр. Кæддæр хæларæй чи цардис, хæстæгдзинады уидæгтæ кæмæн ис, уыцы дыууæ адæмы ’хсæн. Ныккалдис, æнустæм адæмы кæрæдзиуыл чи баста, уыцы хид дæр. Кæрæдзийæн фестадысты знæгтæ, кæрæдзимæ систой марæнгæрзтæ æмæ схъулон тугæй Хуссар Ирыстоны зæхх. Банцад ирон хæдзæртты ирон фæндыры цагъд. Йæ бæсты араугæ зæлынц топпы æнæнцой гæрæхтæ æмæ еудодойаг фесты ирон хъæутæ. Æрмæстдæр ма фехъусдзынæ иу фарста: «Цыма та кæй къона бауазал?» Æхсæв-бонмæ не ’нцайы æхст. Сау фыдохы уацтæ хъæргæнджытау зилынц Ирыстоны кæмтты.

 

Нал ис фыдбæллæхтæн кæрон. Æвирхъау тугуарæн ныккодта ирон адæмыл. Абон Гуырдзыстоны мæнгуд «демократтæ» хуссайраг ирæтты цæстмæ дарынц, Уæрæсейы хицауады закъæттæ фидар кæй хъахъхъæнæм, æнувыд сыл кæй стæм. Гуырдзыйæн сæ маст фæйнæрдæм рæдувы ирæтты хæлар ахаст Уæрæсейы æфсадмæ. Æгъатыр меньшевикты фæдонтæй, æвæццæгæн, ферох, Уæрæсейы хицауады сæраппонд Хуссар Ирыстоны адæм 1920 азы сæхи нывондæн кæй хастой, сæ тугæй йæ кæй балхæдтой, уый. Куыд абон, афтæ 100 азы размæ дæр гуырдзыйы меньшевиктæ æмæ националисттæ сыгътой ирон хъæутæ, мардтой ирон адæмы, тæлæт сын кодтой сæ фос, сырдтой сæ сæ райгуырæн къæстæй, хъавыдысты ирон адæмæй цагъартæ саразынмæ. Куыд абон, афтæ уæд дæр Цæгат Ирыстонмæ удхæрттæ æмæ хъизæмæрттæгæнгæ цыдысты мингай лигъдæттæ. Фæлæ Ирыстон йæ зонгуытыл æрлæууы æрмæстдæр уæд, ирон тырысайæн куы фæпъа кæны!

 

Абон Хуссар Ирыстон тох кæны йæ рухс фидæныл. Уымæ тырнындзинад ирон адæмæн дæтты ныфс æмæ æхсар. Æмæ Ирыстон уыцы сæрибардзинады сæрвæлтау быхсы уæззау зындзинæдтæн, уæззау тухитæн. Абон мæн бузныг зæгъын фæнды нæ адæмы фыдæлтыккон уыцы фарнмæ, йæ радтæг адæмæн уыйбæрц хъару æмæ ныфсхастдзинад чи радта, йæ адæмы æрдзæй уыйбæрц хиуылхæцынад æмæ адæймагуарзондзинад чи схай кодта. Табу уыцы фарнæн æмæ адæмæн. Никуы ферох уыдзысты нæ сæрвæлтау удуæлдай тох чи кодта, уыцы æнæхин хъайтардзинад нæмгуыты раз, мæлæты раз, сылгоймæгты ныфсхастдзинад æмæ æнувыддзинад.

 

О, чи зоны уæлдай у æппæт адæттыл лыстæггай фыссын. Чи зоны, йæ исчи хи стауынмæ бамбара. Фæлæ уый хи стауын нæу, уый у рæстдзинад. Абон зын æвзарæнты ис Ирыстон, бацарæфтыд йæ хуыздæр, йæ уарзон хъæбултæй. Фæлæ Хуссар Ирыстон цæры, Хуссар Ирыстон цæрдзæн. Ахæм адæм кæм ис, уыцы бæстæйæн никуы ис фесæфæн, ахæм адæмыл нæй фæуæлахиз уæвæн, уымæн æмæ нæй фесæфæн рæстдзинадæн!

 

Кæй зæгъын æй хъæуы, зын у ахæм рис уромын! Фæлæ та бабыхстам, нæ уæззау хъæдгæмттæ уромгæйæ та æрлæууыдыстæм ног цард аразынмæ. Æмæ афтæ хъуамæ уа æнæмæнг не знæгты фыдæнæн.

 

Æмвæнд, æмзонд адæмæн хох дæр нæ лæууы, зæгъгæ, фæзæгъынц. Ирон адæм, зындзинæдтæн чи нæ бафæраза, ахæм не сты. Бирæтæ Ирыстоны хъæбултæй сæ цард радтой нæ рухс фидæны сæрвæлтау, уымæн æмæ æндæрхуызон уæвын сæ бон нæ уыд. Ныр уыдон дæр нæ кад æмæ нæ намысы стъалытæ систы.

 

Мад-Ирыстоны зæрдæ йæхи къултыл хоста, йæ уæззау хъæрзын дардмæ хъуысти, нæ сын фæрæзта сæ рис æмæ сæ зындзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын у ахæм рис уромын!

 

Цæмæй дунейы картæйыл цы ног паддзахад фæзынд, уый цæрæццаг уа, уый аразгæ у не ’ппæтæй дæр. Алчидæр нæ исты хæс райсæд йæхимæ Ирыстоны раз! Алчидæр нæ йæхи суг бахæссæд нæ иумæйаг къонайы артдзæстмæ! Афтæмæй нæ фидæны фæлтæртæн мыггагмæ баззайдзыстæм арфæйагæй.

 

ФЫСТ ÆРЦЫД 09.08.2008 АЗ.


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 11.07.2023 в 08:50

Рубежи воинской доблести

Подходит к завершению весенний призыв граждан на военную службу. Но, несмотря на это, в адрес военного комиссариата Владикавказа и родителей призывников продолжают поступать благодарственные письма и отзывы из войсковых частей, где проходят службу их сыновья.

ОБЩЕСТВО 29.12.2022 в 08:19

«Белые березы Мильдзиховых»

Часто перечитываю старые книги о войне, на которых я росла. Вместо наклеек на автомобилях, лент и ненужных слов. Сегодня редко кто обращается к этой теме, и поэтому работа Дамира Даурова «Белые березы Мильдзиховых» особенно ценна.

ОБЩЕСТВО 10.01.2023 в 09:21

Ахсарбек Дидаров: «Нужно осознавать ответственность за выполняемую работу»

Ахсарбеку Хасанбековичу Дидарову исполнилось 70 лет.

ОБЩЕСТВО 23.05.2019 в 16:27

Североосетинские лесники получили 14 автомобилей

Лесным хозяйствам Северной Осетии вручили 14 новых лесопатрульных машин.

ОБЩЕСТВО 11.10.2022 в 07:03

Воспитать патриота – важная задача

Государственная Дума в 2020 году приняла президентский законопроект об усилении патриотического воспитания в школах и вузах России, который вступил в силу 1 сентября 2020 года после одобрения Советом Федерации и подписания главой государства.

ОБЩЕСТВО 14.06.2018 в 10:05

Внимание – лучшим

В День России в Доме Правительства состоялось сразу два масштабных торжественных мероприятия. Глава РСО-А Вячеслав Битаров

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО