Абон газет «Владикавказ»-ы редактор Хынцæгты Аллæйæн у йæ райгуырæн бон. Уый фæдыл ын лæвар кæнæм нæ зæрдæбын арфæтæ.
Аллæ у диссаджы курдиатджын æмæ сфæлдыстадон разамонæг. Æппæт хъарутæй архайы, цæмæй мах, редакцийы кусджытæ, цæрæм иу бинонтау хæларæй, цæмæй алывæрсыгæй æвдисæм нæ уарзон Дзæуджыхъæуы цард, нæ дзыллæйы удхъомысы хæрзтæ, алы кары æмæ дæсныйæдты минæвæртты цымыдисаг хъысмæттæ.
Абон газет «Владикавказ»-ы ном хъуыстгонд у æрмæст Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма Мæскуыйы дæр. Аллæ зæрдиагæй архайы газеты рæзтыл, федералон дзыллон информацион фæрæзтимæ бастдзинæдтæ фидар кæныныл. Йæ размæ æвæры бæрзонд нысæнттæ æмæ сæ тырны кадимæ æххæст кæнын.
Аллæ, дæ гуырæн боны хорзæх дæ уæд! Нæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад, бинонты амонд, фæрнæйдзаг куыд уа дæ алы къахдзæф дæр!
Хуыцау æмæ дын бæсты фарн фылдæр кæнæнт дæ цардхъомыс, афтæмæй дæ рæсугъд фæндтæ дæ къухы бафтæнт! Дунейы цы хорздзинæдтæ ис, уыдонæй хайджын у!
Газет «Владикавказ»-ы редакцийы кусджытæ