ОБЩЕСТВО

Фидар бынат скодта ирон литературæйы

Азæлыд Ирыстоны дæ хорзы кой,

Зиууæттыхсæн раззагдæртæй дæ.

Æмæ дын дæ уацмыстæ æнæрынцой

Мах кæсæмныхыдзуарджын фæдæ.

Æз мæхи дæ кæстæр æрвад хонын,

Тулдз бæласау, къабузджын дæ – зонын.

 

Ходы Камал

 

Хъайтыхъты Беслæны фырт Азæмæт райгуырдис 1923 азы Ходыхъæуы.

 

Æнусты сæрты нæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ цы диссаджы хæзнатæ æрхæццæ, уыдон адæмы размæ рæсугъдæй чи рахаста, уыцыадæймæгтæй иу у фыссæг, таурæгъгæнæг Хъайтыхъты Азæмæт. Тыджыты Юри куыд загъта, афтæмæй кæд Ирыстоны уæздандæр, хæдæфсармдæр, æгъдауджындæр æмæ къæбæрдæттондæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Азæмæт. Кæд Ирыстоны зæрдæхæлардæр, цæстуарзондæр, Райгуырæн бæстæйыл æнувыддæр æмæ адæмæн лæггадгæнагдæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Хъайтыхъы-фырт. КæдИрыстоны фыдæбондæргæнæг, фæллойгæнæгдæр, æнæзивæгдæр æмæ хуымæтæгдæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Азæмæт.

 

Уый 1941 азы йæ ныййарджыты сусæгæй фæфылдæр кодта йæ азтæ æмæ службæ кæнынмæ ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уым æйæрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Архайдта Киевы, Сталинграды, Курск–Орелы тохты, операци «Багратион»-ы. Къорд хатты фæцис уæззауцæфтæ, фæлæ та-иу куы сдзæбæх, уæд ногæй æрлæууыд йе ’мхæстонты æмрæнхъ. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдтыл дзурынц Сырх стъалыйы, Намысы, Фыдыбæстæйы хæсты ордентæ æмæ бирæ майдантæ. Бахауд уацары дæр. Азæмæт хæсты æмæ царды кæд бирæ фыдæвзарæнтæ бавзæрста, уæддæр кад æмæ радимæ бахъахъхъæдта ирон лæджы ном.

 

Æфсадæй ссыди фыдыуæзæгмæ, æмæ та райдыдта кусын Садоны здыйы – цинчы комбинаты. Уыцы азты йæ хъус адардта сфæлдыстадонкуыстмæ дæр. Азæмæт йæхæдæг куыд дзырдта, уымæ гæсгæ йæ фыд Аслæнбег диссаджы таурæгъгæнæг уыдис. Хæххон изæрты, дам-иу мæ йæ фарсмæ æрбадын кодта æмæ, дам-иу, ын зæрдиагæй хъуыстон йæ таурæгътæм, аргъæуттæм, æмбисæндтæм. Азæмæт райдайæн скъоламæ куыцыдис, уæд дзы фысгæ дæр бирæ ныккодта. Фæстæдæр Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй куы сыздæхти, уæд йæ къухфыстытæ бæргæ фæцагуырдта, фæлæ йын йæ бинонтæ загътой, зæгъгæ, сæ артæндзарæнтæн фæсыгътам. Йе сфæлдыстады канд йæ фыды фыды таурæгътæй не спайда кодта. Уæлладжыры комы уыдис, ирон адæмон сфæлдыстад хорз чи зыдта, ахæм кадджын лæгтæ. Уыдонæй цы таурæгътæ, æмбисонды хабæрттæ хъуыста, уыдон æм афтæ диссаг кастысты, æмæ сæ йæ бон нæ уыд æнæ ныффысгæ.

 

1946 азæй фæстæмæ йæ радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ мыхуыры зынын райдыдтой республикæйы газетты æмæ журналты. Азæмæт фыста, йæ фæллад зæрдæ-иу ын цы загъта, йæ сыгъдæг зонд-иу цы амыдта, уыдоныл. Йæ уацмыстыл куыста биноныгæй, йæ удцин æмæ сæ йæ рисæй хайджын кодта. Гъе, уымæн афтæ тынг агайынц йæ уацмыстæ адæймаджы зæрдæ сæ аивадон нывæзтæй, тыхджын æнкъарæнтæй, ирд хъуыдыйæ.

 

Азæмæты курдиат æххæстдæрæй райхæлд, куыд таурæгътæ фыссæг, афтæ. Таурæгъгæнæджы цæстæнгас тынгдæр здæхт у ивгъуыдмæ, йæ удмæ хæстæгдæр сты кæддæры хабæрттæ æмæ цаутæ. Фæлæ таурæгъты хъæбатыртæ æнæфæхицæнгæнгæ баст сты абоны цардимæ, ныртæккæйы дугимæ. Ныхас дзы цæуы лæгдзинад æмæ æхсарыл, хъару æмæ ныфсыл, фæлывд æмæ гадзрахатдзинадыл, намыс æмæ сæрыстырдзинадыл.

 

Ирон адæммæ бирæ зындгонд таурæгъгæнджытæ уыд, фæлæ Азæмæт æппæт мадзæлттæй йæ уацмыс куыд ифтонг кæны, ахæм тых сæ къухы нæ бафтыдис. Азæмæт ивгъуыд дугыл ныхас фæкæны, абоны дугæн цы ахъаз бакæндзæн, ууыл сагъæс кæнгæйæ. Уый йæ уацмысты бавæры абоны царды мæт, сагъæстæ æмæ сыл басадзы абоны базыртæ.

 

Гъе ацы миниуæгæй сфæлдыстадон бæрзонд хохы цъуппæй ракасти Хъайтыхъты Азæмæт. Йæ зæрдæ уыд таурæгъты хæзнадон. Дунейы фарн ын балæвар кодта ныхасы бардуаг æмæ йыл аивад сфæлдисæг зæд йæ сызгъæрин базыр асæрфта. Таурæгътæн æнусты дæргъы амæлæн нæй, æрмæст сын хъæуы зæрдæйы хæзнадон, æмæ уыцы хæзнадон та басгуыхти Азæмæты зæрдæ.

 

Хъайтыхъты Азæмæты уацмысты сæйраг хорздзинад уый у, æмæ царды æцæг хабæртты бындурыл фыст кæй сты. Йæ уацмысты архайджытæ сты хуымæтæг зæххон адæм, цардбæллон, фыдæбонгæнæг хохæгтæ. Цард æмæ мæлæт цæуынц фæрсæй-фæрстæм, раст æмæ фыдох лæууынц ныхæй-ныхмæ. Лæгдзинад æмæ уый сæрыл тох кæнын – уыдон сты Азæмæты хъайтарты хуыздæр миниуджытæ.

 

Нæ фыссæгæн схонæн ис уæззау рæстæг, тызмæг æрдз æмæ лæджыхъæды зарæггæнæг. Йæ уацмысты архайджытæ иууылдæр цæрынц арф уынгæг кæмтты, бæрзонд æмæ æгæндæг къæдзæхты астæу, зымæг мит «лæджы æмбæрц» кæм æруары, ахæм зынвадат рæтты. Æмæ кæд цыфæнды тызмæг уавæрты цыфæнды тызмæг цард кæнынц, уæддæр сæ сæрыстырдзинад хæхтæй дæлдæр нæ лæууы, сæ лæгдзинады зарджытæ æхсæрдзæнты зарджытæй дарддæрмæ хъуысынц, сæ кад æмæ намысæй, сæ цардæй стырдæр аргъ кæнынц.

 

Азæмæтæн йæ алы уацмыс дæр фыст у хъæздыг, нуарджын æмæ æнцонæмбарæн æвзагæй. Уыд иу бæллиццаджы миниуæг Азæмæты таурæгътæм: цæуылфæнды ма фыстаид, цыфæнды æвирхъау хабæрттæ ма æвдыстаид – цæстыты раз цардæгасау сыстынц уыцы хабæрттæ, æмæ адæймагмæ мисхалы гуырысхо нæ фæзыны, æцæг кæй уыдаиккой, æнæмæнг кæй æрцыдаиккой царды, ууыл. Уымæй та йæ тых фылдæр кæны уацмысæн.

 

Зноны хохкъæртгæнæг, хæстон æмæ абоны домбай фыссæг ссис нæ ныры ирон прозаикты хуыздæртæй иу. Йæ хæдбындурдзинадæй, йæ уацмысты фæлгонцты хъæздыгдзинадæй, хъайтарты сурæтты æмæ удыхъæды алыхуызондзинадæй, сæрмагондæй – сæ диссаджы нуарджын æмæ тыбартыбургæнæг æвзагæй Азæмæт йæхицæн фидар бынат скодта ирон литературæйы. Хъайтыхъы-фыртæн йæ алы таурæгъы дæр ирдæй зыны,йæ ныхас фæлгонцджын кæй у, уый. Йæ хъуыдытæ цæстыл тынгдæр ауайын кæныны тыххæй йе ’ххуысгæнджытæ сты æвзаджы æнæбын хъæздыгдзинæдтæ.

 

Алы фæлгонцæн дæр Азæмæт ссары бæлвырд ахорæнтæ. Бирæ, тынг бирæ хъайтартæ ис Азæмæты уацмысты. Уыдонæй иутæ сты адæмæн фарнхæссæг, иннæтæ – фыдбылызхæссæг. Иутæ – мæгуыр, фæлæ уæздан, æгъдауджын, сæ кадавар къæбæр æмæ цæххæй уазæгæн еблуагъæзæгъæг, иннæтæ – мулкджын, фæлæ – мæрддзæст, нард фынгæй куыдзæн дæр стæг чи нæ аппардзæн, ахæмтæ. Иутæн – сæ уд сæ дзæцц – адæмы хорздзинад, иннæтæн – адæмыл фыдмæ аудын.

 

Азæмæты сæйрагдæр архайджытæ сты алы кары адæймæгтæ. Хъайтыхъ æмæ Теде, Ходыхъæуæн – бындурæвæрджытæ.Фыссæг йæ хъайтартæм кæсы бæрнон цæстæй, суанг фыдбылызгæнæг, фауинаг хъайтары дæр æвдисы, царды куыд у, афтæ – нæдæр æй сыгъзæринæй сфæлынды, нæдæр æй цъыфы сæвдулы. Хъайтары уд рабæрæг вæййы хъуыддаджы – цуаны, балцы, фынгыл, лæгæвзарæн тохы. Уарзондзинады уылæнты, æгъдау дæттынæй.

 

Æвдисы, æндæр адæмтæм – кæсæгмæ, ногъаймæ, мæхъхъæлмæ цы ахастдзинæдтæ уыдис ирон адæммæ хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр, уыдон. Фæлæ дзы дæлдæр никæй æвæры. Уымæй Азæмæт бæрзонд дары æнгомдзинады, хæлардзинады тырыса, хъахъхъæны литературон рæстдзинад.

 

Куыд зонæм, афтæмæй Азæмæт адæймаджы фæлгонц сныв кодта иттæг дæсныйæ. Равдыста йæ зынтæн фæразонæй, куырыхонæй, хъæбатырæй, дзырдæн аргъ кæнынæй, фыды уæзæгыл иузæрдионæй хæхбæсты тыхст уавæрты, хæсты быдыры, сабыр царды. Азæмæт йæхæдæг хæстон уæвгæйæ, иттæг растæй равдыста советон æнæбасæтгæ салдаты æрдхæрæны удыхъæд. Уый тыххæй «Ход. Таурæгъ æмæ цард»-ы кæд фылдæр йæхиуыл, йæ мыггаджы хæстонтыл ныхас кæны, уæддæр цæстыты раз сысты советон хъæбатыр салдаты сурæт.

 

Хъайтыхъты Азæмæт у æцæг фыссæг, йæ уацмыстæ ирон фарн æмæ удæйдзаг кæмæн сты, ахæм. Уыимæ у поэт дæр. Йе ’мдзæвгæтæ дæр дзаг сты уыцы миниуджытæй. Хъарынц зæрдæмæ. Нæ рох кæны лирикон хъайтар йæ фыды уæзæг, йæ хæхбæстæ, кæд æрæджы быдыры æрцард, уæддæр. Уарзы æмæ йыл зарджытæ кæны. Æмдзæвгæ «Садон»:

 

Уæ мæ дидинæгдзаст Садон,

Макуы ракæлæд дæ къул!

Ды – мæ фæллæйтты æхцадон,

Ды – мæ хорзæхты дзæкъул.

У дæ зæхх бæмбæг мæ къахæн,

У дæ дур мæ сæрæн баз.

Ды – æргъæу хæдон мæ рагъæн,

Ды – мæ бæркæдты бæлас.

Уæ мæ дурдидинæг Садон,

Æз дæ мыдыбындз, мыдгур.

Насæн ма сæвзæрæд какон,

Къах ныл ма ’ркъуырæд фыдгул!

 

Уæдæ куыд хъуамæ кæса адæймаг куыдфæндыйы цæстæй цардмæ, Азæмæты диссаджы æмдзæвгæ «Тулдз бæлас» куы бакæса, уæд. Ацы зæрдæмæхъаргæ аив уацмыс адæймаджы æфтауы катайыл:

 

Бæллиццаг тулдз бæлас нæ уыд..

Бæрзонд цъæх айнæджы хæдсæрыл

Гуыбыр зæронд лæгау лæууыд

Æдзух фыдбылызы къæсæрыл.

Тыдта йын алы бон дæр уад

Чъымбыстæ, бирæгъау, йæ цармæй.

Кæмæн нæй хорз сыхаг, æрвад,

Нæ дауы хур дæр уый йæ армæй.

 

Азæмæтæн йе ’мдзæвгæтæ дæр йæ таурæгътау фыст сты хъæздыг, нæртон æвзагæй. Хорз арæхстис дзырдтæй нывтæ кæнынмæ. Уымæн æвдисæн у йæ иннæ æмдзæвгæ «Куырдуаты» дæр:

 

Тымыгъ ниуы,

Сæгуыт чиуы,

Йе ‘рагъ бæласыл ныхы.

Кæм сырд уазæг,

Кæм сырх уасæг, –

Февзæрд рувасы дзыхы.

Бандзыг быдыр,

Заз фæгуыбыр,

Сæгъгуист къалиутæ хырхы,

Их фæтасы,

Дон цæм ласы,

Арс йæ лыстæны мырхы.

Халон кука, –

Арыд гукъа,

Тæрхъус мæрайы чъырхы.

Мит фæдзода,

Хъæдгæс Цоба

Хъæумæ уаргъимæ тындзы.

Арф куырдуаты

Уалдзæг бады,

Ехх, кæд æрцæудзæн чындзы?!

 

Хъайтыхъты Азæмæт уацмысæн йæ астæуыстæгыл нымайы æвзаг. Æнæ уый, йæхæдæг куыд зæгъы, чиныгкæсæджы æргом нæ раздахдзынæ дæхимæ, фæлгонцтæ та фæлурс, æнæуд рауайдзысты. Уый катай кæны, абоны фæсивæдæй бирæтæ хорз кæй нæ зонынц сæ мадæлон æвзаг, ууыл. Ацы фарсты фæдыл мæнæ куыд загъта Черчесты Хъасболат Азæмæты тыххæй: «Азæмæт нын куыд амоны, афтæмæй æцæг ирон уый у, кæцыйæн йæ иу акъахдзæф дæр, йæ иу бакаст дæр ирон сты. Ирон уыцы ирон у, кæцы хъуыды дæр, кæугæ æмæ заргæ дæр , суанг ма фынтæ дæр иронау уыны».

 

Азæмæт хæсты зынтæн куыд ныффæрæзта, афтæ фæрæзта царды зынтæн дæр. Æмæ кæддæр гыццыл лæппу ма куы уыд, уæд цы рæсугъд бæллиц райгуырд йæ зæрдæйы – йæ адæмæн хорзы бацæуын, йæ адæмæн балæггад кæнын – уый ныр дæр у йæ царды сæйраг хæс. Уымæн æвдисæн, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ диссаджы чингуытæ.

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 19.03.2024 в 08:52

ИРОН КÆЙ ДÆ, УЫМÆЙ ХЪУАМÆ УАЙ СÆРЫСТЫР!

Ирон кæй дæ, уымæй хъуамæ уай сæрыстыр. Дæ адæмæй сæрыстыр цæмæн æмæ цæмæй дæ, уымæн дзуапп раттын хъуамæ зонай. Зонай дæ фыдæлты истори; æнусты нæ, фæлæ мингай азты дæргъы хорзæй цы ракодтой, иннæ адæмтимæ сæ ахастдзинæдтæ, сæ царды уавæртæ. Цы фарн, цы намыс, цы рæсугъд адæмуарзон æгъдæуттæ æмæ бирæвæрсыг, арфхъуыдыджын, рæстдзинад æвдисæг сфæлдыстад нын ныууагътой, […]

КУЛЬТУРА 12.10.2023 в 08:20

Спасибо за книгу!

Выход в свет книги Валентины Бязыровой и Тимура Кусова «В плену прекрасных муз», посвященной выдающемуся Евгению Багратионовичу Вахтангову, стал грандиозным событием в культурной жизни Владикавказа.

ОБЩЕСТВО 25.03.2022 в 18:32

Предупредить и помочь – главные задачи

Очередная антинаркотическая акция была проведена в Центре образования «Интеллект». Мероприятие было организовано Северо-Осетинским республиканским благотворительным фондом «Спасательный круг». 

ОБЩЕСТВО 28.05.2019 в 10:44

«Субботник нам строить и жить помогает…»

Если составить летопись субботников Города воинской славы – Владикавказа, то окажется, что наши отцы и матери, бабушки и дедушки, прабабушки и прадедушки

ОБЩЕСТВО 11.04.2022 в 18:09

Йе стыр курдиат æмæ йæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй Иры дзыллæйæн кад чи кодта

Цæгат Ирыстон-Аланийы горæт Мæздæджы уагъд æрцыд ирон профессионалон музыкæ, дирижер æмæ педагог Галаты Барисы мысæн сфæлдыстадон изæр.

ОБЩЕСТВО 26.06.2023 в 18:48

Молодежное предпринимательство

Конференция «Молодежное предпринимательство в РСО-А. Время возможностей», приуроченная ко Дню молодежи, прошла 24 июня во Владикавказе. Организаторами выступили центр «Мой бизнес» РСО-А, Торгово-промышленная палата РСО-А и Министерство экономического развития РСО-А.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО