КУЛЬТУРА

Ирон профессионалон театры артистты фыццаг фæлтæры минæвар

Куыд зонæм, афтæмæй аивад у адæймаджы уд сыгъдæггæнæн ахъаззаджы фæрæз. Йемæ йæ цард чи сбæтты, уыцы адæймаг йæ хъысмæтæй вæййы райгонд. Уымæн æмæ йын ратты царды хи ссарыны амонд. Аивад у йæ царды мидис, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, уыдоны нымæцмæ хауы мæ абоны уацхъуыды хъайтар дæр.

Ирон профессионалон театралон аивады артдзæст цы курдиатджын артистты фыццаг фæлтæр ссыгътой, йæ уды рухсы цæхæртæ йæм чи хаста, уыцы фæрнджын хистæртæй иу уыд ЦИАССР-йы сгуыхт артисткæ Есерыхъуаты Минтæ.

Уый райгуырд æмæ схъомыл Заманхъулы 1931 азы. Ирон театралон аивады ногдзау Тотраты Бесæ национ профессионалон театралон фыццаг студи саразыны тыххæй Ирыстоны хъæутыл куы зылд æмæ курдиатджын фæсивæд Мæскуымæ театралон институтмæ арвитыны тыххæй куы æмбырд кодта, уæд ын Заманхъулы цæрджытæй чидæр Есерыхъуаты уындджын, æфсарм æмæ æгъдауæй æххæст чызджы бацамыдта. Бесæ йын йе ’рцыды нысан куы бамбарын кодта, уæд Минтæ, бæргæ, сразы, фæлæ йæ бинонтæ нæ уагътой. Бесæ фидæны артисткæйы фыд Солтанбегæн куы радзыдта, театр ирон адæмæн цы хорздзинад æрхæсдзæн, Мæскуымæ театралон институтмæ ахуырмæ Минтæ цы фæсивæдимæ ацæуа, уыдонмæ æгъдауæй фау æрхæссæн кæй нæй, стæй сыл нæ дзыллæйы раз цы арфæйаг хæс æвæрд ис, уый, уæд фыд æрфæлмæн æмæ Бесæйы ныхасыл дыууæ нал загъта.

Афтæ Минтæйæн райдыдта йæ балц ирон театралон аивады дунемæ. Мæскуыйы Луначарскийы номыл театралон институты (ГИТИС-ы) йемæ цы цæхæрцæст фæсивæд ахуыр кодтой, уыдон уыдысты, канд уынд æмæ кондæй аив нæ, фæлæ ма сæ ахуыргæнджыты – номдзыд артистты И. Раевский æмæ В. Станицыны дисы æфтыдтой сæ зæрдæргъæвддзинадæй.

Мæскуыйы ахуыр кæнын куы райдыдтам, уæд нын æнцон нæ уыд. Кæд нæ социалон уавæртæ бынтон бæллиццаг нæ уыдысты, уæддæр кæрæдзиуыл тынг æнувыд уыдыстæм. Уыцы зæрдæйы ахаст бахъахъхъæдтам, ахуыры фæстæ Ирыстонмæ куы ссыдыстæм æмæ Ирон профессионалон театры æмбæрзæн Корнейчукы пьесæмæ гæсгæ авæрд спектакл «Платон Кречет»-æй куы бакодтам, суанг уый фæстæ дæр, – дзырдта Есерыхъуаты Минтæ йе сфæлдыстадон театралон архайды цаутæ мысгæйæ.

1935 азы Ирон театры актерты фыццаг фæлтæры нæ адæм фырбуцæн рахуыдтой «нæ театры фыццаг зæрватыччытæ». Йæ адæмы раз ыл цы хæс ис, уый æмбаргæйæ, Минтæ йе сфæлдыстадон удцырыныл, йе сценикон архайдæн ног гæнæнтæ агурыныл йæхи хъардта. Ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг драматургты уацмыстæм гæсгæ æвæрд спектаклты цы сурæттæ сарæзта, уыдон сты: Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыууæ хойы» – Асиат, «Амыран»-ы – Ныфс, Мамсыраты Дæбейы «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы – Агуындæ, Арбузовы «Таня»-йы – Таня, Погодины «Кремлы куранттæ»-йы – Машæ, Островскийы «Æнаххосæй аххосджынтæ»-йы – Катя, Цезарь Солодары «В сиреневом саду»-йы – Надеждæ Ивановна, Даниел Чонкадзейы «Сурамы фидар»-ы – Магданæ æмæ бирæ æндæрты. Сæ алкæцыйы дæр актрисæ йæ зæрдæйы цæхæр æвæрдта, сценикон фæлгонц аразгæйæ над фæндагыл нæ цыд, фæлæ йæ хъайтары сурæт аразгæйæ йæ уды æмæ миддунейы йæхицæн цы ног æнкъарæнтæ æмæ ахорæнтæ, удыхъæды миниуджытæ сныв кодта, уыдон-иу æй удуæлдай куысты руаджы æркодтой сфæлдыстадон æнтыстытæ æмæ уæлахизтæм. Сæ цин та канд йæхи нæ уыд, фæлæ йемæ иу сценæйы адæмы зæрдæтæм стыр цин чи хаста, уыцы амæй ай курдиатджындæр артистты – Таутиаты Солæман, Тæбæхсæуты Бало, Цырыхаты Петр, Борыхъуаты Бимболат, Калоты Барис, Цæлыккаты Мæирбег, Хъæрджынты Варя, Хъариаты Тамарæ, Баймæтаты Меретхан, Дзитойты Люся, Гуситы Валодя, Цæллагты Ладимæт, Хъуппеты Мысост, Магкæты Арсен, Икъаты Серафин, Баллаты Валодя æмæ нæ иннæ зындгонд артистты уæлахиз. Уый та уымæн афтæ уыд, æмæ Минтæ кæддæриддæр хорз æмбæрста, театры сфæлдыстадон куысты æнтыст кæй æнцой кæны, спектаклы цы артисттæ архайы, уыдоны иумæйаг æнгом æмæ удуæлдай сфæлдыстадон куыстыл.

Театры цы курдиатджын артисттимæ куыстон, уыдонæн се ’ппæтæн дæр стыр аргъ кодтон. Уымæн æмæ сæ алчидæр йæ миддунейæ, йе сфæлдыстадон авналæнтæй æмæ гæнæнтæй, зæрдиагæй архайдта нæ адæмæн сæ зæрдæтæм аивады фарны рухс бахæссыныл, – дзырдта-иу Минтæ. – Фæлæ се ’хсæн уæддæр йе сценикон æрдхæрæны курдиатæй уæлдай бæрæг дардта Таутиаты Солæман. Æз йемæ цы æртæ ролы ахъазыдтæн, уыдон мын сты ме сфæлдыстадон фæндаджы æппæты зынаргъдæр. Йæ алы фезмæлдæй, йæ темпераментæй, цæстыты æрттывдæй, уынд æмæ кондæй, афтæ зæгъæн ис, æмæ Солæман æппæтæй дæр театрæн гуырд уыд. Йе сфæлдыстадон фæндаг кæд дæргъвæтин нæ уыд, уæддæр цы спектаклты архайдта, цы сурæттæ сарæзта, уыдонæй Ирон театры намыс æмæ кад систа, зæгъæн куыд нæй, ахæм бæрзонд къæпхæнмæ, йæхицæн æмæ дзы йæ дзыллæйæн сарæзта æнусон фарны мæсыг. Æз æй хорз хъуыды кæнын, Солæман-иу цы спектаклты хъазыд, уырдæм-иу адæм гуылф кодтой, ахæмтæ дæр дзы-иу разынд, уыцы-иу спектаклмæ дæс хаттæй фылдæр чи æрбацыд.

Ирон театр Минтæйæн, канд йæ удцырыны, сфæлдыстадон фæндты гуырæн суадон нæ басгуыхт. Фæлæ ма йæм дзы йæ фæрцы йæ амонд дæр бахудт. Афтæмæй фарны къах бавæрдта йе ’мкурсон, театры раздæры артист, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Цæллагты Иваны хæдзармæ. Æмæ схъомыл кодта дыууæ хъæбулы. Йæ фырт Ким Советон Денджызон флоты йе ’фсæддон хæс кад æмæ радæй куы ахицæн кодта, уæд райста аразæджы дæсныйад. æмæ йæ царды фæстаг бонтæм цард æмæ куыста Сыбыры. Чызг Зоя та каст фæци медицинон институт, бирæ азты фæкуыста дохтырæй. Ныртæккæ та рæвдауы йæ цоты цоты. Йæ лæппу Эрик дæр равзæрста йæ мады дæсныйад.

Ирон профессионалон театры артистты фыццаг фæлтæры минæвар, курдиатджын актрисæ, фæлмæнзæрдæ хистæр, рæвдауæг мад æмæ нана Есерыхъуаты Минтæ нæ аивадæн цы хæрзты бацыд, уыдоны фæрцы йæ ном нæ театры ныры артисттæй, аивадуарзджытæй, йæ курдиаты цæхæрæй цы адæмы зæрдæты тавта, уыдонæй рох никуы уыдзæн.

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

КУЛЬТУРА 16.11.2017 в 10:00

Во Владикавказе «Большие гастроли»

Свои лучшие спектакли в рамках обменных гастролей на сцене Русского академического театра покажут артисты Национального театра Карелии.

КУЛЬТУРА 16.03.2023 в 08:53

«Дети солнца»

2023 год объявлен в Осетии Годом «Нартиады». Первым крупномасштабным проектом в области искусства стала выставка «Дети солнца». Она расположена в залах первого и второго этажей Художественного музея им. М. Туганова.

КУЛЬТУРА 1.04.2022 в 18:01

«Тарковский – наше все»…

4 апреля исполняется 90 лет со дня рождения Андрея Тарковского, советского режиссера театра и кино, сценариста, народного артиста РСФСР. Его фильмы оказали огромное влияние на зрителя и на развитие мирового кинематографа в целом. 

КУЛЬТУРА 27.12.2022 в 09:07

В национальный музей передан антикварный капсюльный тромблон

Представители Управления Федеральной службы судебных приставов по Северной Осетии передали в Национальный музей РСО-А традиционный капсюльный тромблон турецкого производства середины XIX века. Антикварное оружие было изъято в рамках исполнительного производства о конфискации предмета культурной ценности в крупном размере.

КУЛЬТУРА 22.09.2022 в 10:25

«Цари Алании»

В Национальной научной библиотеке РСО-А с 22 сентября открывается выставка произведений художника Вадима Каджаева «Цари Алании – Аланы паддзæхтæ».

КУЛЬТУРА 27.06.2022 в 22:28

Майя

В Северной Осетии на сцене Владикавказского колледжа искусств имени Валерия Гергиева состоялась премьера моноспектакля для актрисы с оркестром «Майя».

Все новости из категории: КУЛЬТУРА