ОБЩЕСТВО

Йæ ном цæрдзæн ирон аив дзырды историйы æнусмæ…

Йæ цардæй ахицæн Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, драматург, тæлмацгæнæг, республикæйы гимны автор, Хетæгкаты Къостайы æмæ «Нарты фæткъуы»-йы премиты лауреат Ходы Камал.

Фæцæуы йе ‘нусон фæндагыл. Фæцух уыдзыстæм куырыхон хистæрæй, зондамонæг æмæ царды ахуыргæнæгæй. О, ахæм у нæ царды фæтк, хъыгагæн, æнæмæлгæ дунейы нæ цæрæм. Фæлæ уæддæр йæ царды скъола цæрдзæн, йæ рухс фæлгонц уыдзæн, чи йæ зыдта, уыдоны цæстыты раз. Бынæн та ирон литературæйы цы фæллæйттæ ныууагъта, уыдон стыр ахъаз фæуыдзысты ирон поэзиуарзджытæн.

Чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты баззад бирæзонаг, фæлæ уыимæ хуымæтæг адæймагæй.

«Ирыстоныл стыр зиан æрцыд. Йæ цардæй ахицæн диссаджы адæймаг, хæдхуыз, курдиатджын поэт, æцæг гражданин. Ходы-фырты æмдзæвгæтæ зындгонд сты æппæт бæстæйы дæр. Уымæй уæлдай ма Камал зындгонд у куыд æвæджиауы тæлмацгæнæг, уый руаджы ирон æвзагыл сдзырдтой фæсарæйнаг, уырыссаг æмæ советон поэзийы классиктæ. Ходы Камал уыд диссаджы публицист, йæ бирæнымæц интервьютæ, уацтæ, фиппаинæгтæ, очерктæ, уацхъуыдтæ, эссе зынгæ фæхъæздыгдæр кодтой нырыккон ирон публицистикæйы хæзнадон. Уый ма ныффыста цалдæр заманайы пьесæйы. Æххуыс кодта æрыгон фысджытæн. Тынг æй уарзтой æмæ йын бæрзонд аргъ кодтой. Мæ нымадæй, Камалæн æппæты егъаудæр цыртдзæвæн уыдзæн – адæмы уарзт», – йæ хъуыдытæ йæ уарзон хистæры фæдыл зæгъы газет «Рæстдзинад»-ы редактор Хозиты Барис.

Ходы Камал райгуырд Зæронд Бæтæхъойы хъæуы 26 январы 1941 азы. 1970 азы каст фæцис М. Горькийы номыл Лиитературон институт. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты 1962 азы. Æнæмæлгæ у Ходы Камалы сфæлдыстад. Дæсæй фылдæр ын рацыд æрмæст æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ – «Цæхх æмæ кæрдзын», «Бонвæрнон», «Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц» æмæ бирæ æндæртæ. Ацы æвæджиауы уацмыстæй бирæ фæхъæздыгдæр ирон æвзаджы къæбиц æмæ аккаг бынат бацахсдзысты литературæйы историйы.

Стыр хæсты райдайæн азы гуырд Камал йæхи дæр рæстмæ нæма базыдта, афтæмæй баззад зæрдæхъæдгомæй – тохы быдыры фæмард йæ фыд æмæ ма рæзинаг сабийыл уæззау царды цæвæнты уæлдай сидзæры ном дæр сбадт.

Фæлæ, дам, зынтæн дæр лæг хъæуы. Нæ фæтасыд сидзæр лæппуйы удыхъæд зынæвзарæн дунейы, æмæ дзы суанг уæдæй фæстæмæ агуырдта æмæ арæзта йæхи сæрмагонд дуне, поэты дуне.

Ходы Камалæн 80 азмæ бантыст бирæ, ирон адæмы размæ æрхаста æнæхъæн æнусы æрдæгæй фылдæр, бирæ азты дæргъы удуæлдайæ цы бакуыста ирон дзырдаивады зиуы, уыцы фæллой. Ходы-фырты фыццаг уацмыстимæ чиныгкæсджытæ куы базонгæ сты, ууыл рацыд 60 азæй фылдæр. 1962 азы æрыгон авторты æмбырдгонд «Утренняя звезда»-йы мыхуыргонд æрцыдысты йе ‘мдзæвгæтæ, æмæ сыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Цыппар азы фæстæ мыхуыры рацыд йæ фыццаг поэтикон чиныг «Цæхх æмæ кæрдзын». Ходы Камалы сфæлдыстадон архайды ахсджиаг бынат ахсы аивадон тæлмац. Уый руаджы ирон æвзагыл райхъуыстысты Расины, Боккаччойы, Гейнейы, Лопе де Вегайы, Шиллеры, Пушкины, Островскийы уацмыстæ, Шекспир æмæ Петраркæйы сонеттæ.

Уый бирæ азты фæкуыста Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдарæй. Ирыстоны культурæ æмæ литературæмæ цы стыр хуынтæ бахаста, уыдон рох не сты адæмæй.

Йе сфæлдыстадон уæрæх фæндагыл æгæронæй фæлæггад кодта, стыр хæрзты бацыд ирон аив дзырдæн. Литературон дунемæ куы ‘рбакъахдзæф кодта, уыцы бонæй дарддæр кодта ирон поэзийы кадджын традицитæ æмæ афтæмæй йæхицæн скодта зындгонд поэты ном.

«Стыр лæг та йæ адæмæн ныфс вæййы, адæмы удварны рæсугъддæр хуызтæм æндæр адæмтæ се стыр лæгты фæрцы æркæсынц, уыдон сисынц бæрзонд сæ раттæг адæмы кад æмæ намысы тырыса. Сисынц æй æмæ æгас дунейæн фенын кæнынц сæ нацийы цæсгом, уыдон ныхъхъæр кæнынц барджынæй дунейы адæмтæм, æркæсут-ма нæм, мах дæр дзыхъхъылæуд не стæм, зæгъгæ.

Дзырд дæр ыл нæй, стыр лæгтæй хъæздыг Ирыстоны фæрнджындæр æмæ стырдæр лæгтæй иу Камал у», – афтæ фыссы Гæбæаты Юри йæ ‘рмæг «Лæджы фарн сæрыстырæй кæм цæры, уыцы дуне», зæгъгæ, уым.

Бирæ фысджытæ ныффыстой Ходы Камалыл сæрмагонд монографитæ, æмæ сæ алкæцыйы дæр лæмбынæг ныхас цæуы Камалæн йæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтыл дæр æмæ стыр лæджы ранмæ цæугæйæ йæ цард, йæ куыстхъомдзинад æвдисæг цаутыл дæр. Кæмыты куыстам, кæимæ æмæ куыд, уыдонæн кæддæриддæр вæййы ахсджиаг бынат адæймаджы биографийы. Уымæн æмæ адæймаджы удыхъæд бонæй-бонмæ рæзы йæ алфæмблай дунейы рæзты иугæндзон мидзмæлдимæ. Куынæ фенай, куынæ бавзарай, уæд нæ базондзынæ царды ад дæр æмæ адæмы ‘хсæн лæджы цардæй рацæрын дæр. Йæ кадджын ном Ходы Камалæн дæр хъуыст у канд Ирыстоны нæ, фæлæ Кавказ æмæ Уæрæсейы бирæ регионты. Йæ лæггад национ литературæйæн у æгæрон.

«Диссаджы лæг у Камал, чердыгæйфæнды йæ бахой, уæддæр дæм дзы лæджы хъæр райхъуысдзæн!» – загъта дзы кæддæр нæ цытджын хистæр Цыбырты Людвиг.

«Камалæй та лæджы хъæр рагæй хъуысы йæ нуарджын поэзи æмæ йæ курдиатджын удæй, йæ куырыхон ныхас æмæ йе мбæстагон бæрзонд удыхъæды фарнæй. Ирон аив дзырд сæрыстыр цы курдиæттæй у, уыдоны хсæн Камал сæ тæккæ нымаинагдæртæй у, йе сфæлдыстады бархъомыс æмæ курдиаты цæхæрæй зæрдæрухс у нæ литературæ. Йæ лæджыхъæд æмæ адæймагон позицийæ сæрыстыр сты ирон адæм æмæ Ирыстон уымæн цæрынц кæрæдзийы цæрайæ», – фыссы йæ уацы дарддæр Гæбæрайы-фырт.

Дзырдæй-дзырдмæ, къахдзæфæй-къахдзæфмæ лæмбынæг нæ цæст куы дарæм Камалы мидисджын цардвæндагмæ, уæд дзы фендзыстæм хъæздыг сфæлдыстадон дуне, куыд æвæджиауы рæсугъд фæлгонц курдиатæй дæр æмæ удыхъæды æнæлаз фарнæй дæр.

Иу михыл кау ничи бийы, адæймаг цыфæнды гени куы уа, уæддæр йæ цард иунæгæй æгъуыз æмæ æнæмидис у. Камал цы адæмимæ куыста, кæуыл æмбæлыд, поэзийы уаргъ кæимæ хаста, уыцы адæмимæ æнгом ахасты фæрцы хуыздæр зынынц йæ курдиат æмæ йæ удыхъæды рæсугъд хуызтæ. Камал фидыдта адæмæй, адæм та фидауынц Камалы хуызæттæй…

Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Ходы Камалы  ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Кады Аллейы.

Йе ‘нусон фæндагыл цæуы Камал. Фæлæ йæ ном цæрдзæн йæ зарджыты æнусмæ…

 

КÆМДÆР ИРОН ЛÆППУТÆ ЗАРЫНЦ…

Æризæр… Сатæг…

Дымгæ хъазы…

Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

 

Ыслæууыд ивгъуыд дуг мæ разы…

Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

 

Охх, уарзын нал зонын кæддæрау…

Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

 

У амонд а зæххыл фæцæрын…

Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

 

Цæуы та тох

Дзырд æмæ кардæй…

Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

 

Ныхъхъуыста хъæу йæхимæ ‘нкъардæй…

Кæмдæр…

ирон лæппутæ…

зарынц…

 

Фæсхохмæ

Хурзæрин

Фæцæуы…

Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

 

Ысхæццæ

Былалгъмæ

Мæ кæуын…

Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц…

Къудухты МАРИНÆ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 27.04.2023 в 08:41

Ирон адæмы энциклопеди

Зындгонд куыд у, афтæмæй Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ Указмæ гæсгæ 2023 аз нымад æрцыд «Нартиадæйы азыл».

ОБЩЕСТВО 22.04.2022 в 18:48

Бирæ сты йæ лæггæдтæ ирыстоны раз

Æгъуызарты Æхсарбеджы райгуырдыл сæххæст 100 азы.

ОБЩЕСТВО 23.03.2024 в 08:33

ТАНДЕЛАТЫ РОЗÆ: «АЛЫ САБИ ДÆР ХЪУАМÆ ЗОНА ЙÆ ФЫДÆЛТЫ ÆГЪДÆУТТÆ»

Ирон адæмы æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй. Бантыст нын сæ ныры дугмæ æрхæццæ кæнын. Абон дæр фидарæй хæцæм нæ фыдæл­ты фарныл æмæ рагон æгъдæуттыл, æфтауæм сæ нæ кæстæртыл. Ирондзинад, ирон фарн бахъахъхъæнын у нæ алкæй хæс дæр. Зæрдиагæй ацы ахсджиаг хъуыддагыл кусынц Дзӕуджы­хъӕуы 13-æм скъолайы фæллойы урокты ахуыргæнæг Берозты-Танделаты […]

ОБЩЕСТВО 8.04.2023 в 08:27

Волонтер Анастасия Батуева: «В наших руках сделать этот мир лучше»

В Северную Осетию по приглашению волонтеров и сотрудников ВМКУ «Владпитомник» прибыла группа добровольцев из Новосибирска. За три дня представители «Базы реабилитации животных» проведут более 300 бесплатных операций по стерилизации бездомных собак.

ОБЩЕСТВО 5.05.2018 в 09:42

Та последняя пядь земли

Накануне Дня Великой Победы в семи километрах от Владикавказа открыли уникальный военно-исторический комплекс под открытым небом «Барбашово поле».

ОБЩЕСТВО 29.04.2023 в 08:37

ХÆСТОН ИДÆДЗЫ ЦÆССЫГТÆ

Æрцыд йæ царды кæрон. Хуыссы æмырæй йæ сынтæджы, æмæ ма хаттæй-хатт норст зынгау æхгæд уæлтъыфæлтты бынæй мынæг æрттывд фæкæнынц йæ фæлмаст цæстытæ. Йæ тихалӕджы хуызæн цонг æнæбонæй æрзæбул йæ сынтæгæй, æмæ цыма уæлхъæдæй бахус, афтæ зыны. Кæддæр хæрзфастæй кæй дардта, уыцы сынты базыры хуызæн дзыкку ныр урс дадалитæй пырхытæй лæууы базыл. Ацы бындзытæ та, ацы… […]

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО