Æрмæст Малийы–фыртæн бантыст, дыгурон ныхас йæ мидæг цы ритмикон фидауц æмæ зарæгон сæрибар зæлынадæмбæхсы, уый æххæстæй раргом кæнын, уый равдисын.
АБАЙТЫ Васо
Геуæрги уыд зæхкусæджы фырт. Райгуырд Чырстон хъæуы. 1902 азы каст фæци Махческы дыууæкъласон дины скъола. 1904 азыбацыд Æрыдоны семинары цæттæгæнæг хайадмæ, стæй ахуыр кодта семинары. Каст æй нæ фæци – рæстдзинадыл кæй дзырдта, уыйтыххæй цухгонд æрцыд. Дарддæр ын нал фæци ахуыры фадат. Куыста хъæуты куы писырæй, куы ахуыргæнæгæй, фæлæ йæ цардысæйраг фæрæз уыд зæххы куыст. Революци æмæ мидхæсты заманы хæстæг арбалæууыд, ног цардыл чи тох кодта, уыдон рæнхъытæм. Советон заманы дæр йæ царды уаг нæ аивта – уыд ахуыргæнæг, зæхкусæг æмæ поэт. 1937 азы ахст æрцыд. Амард хасты 1942 азы.
Фыста æмдзæвгæтæ дыгуронау æмæ уырыссагау. Йæ мадæлон æвзагыл цы уацмыстæ сфæлдыста, уыдон сты аив, мидисджын, се‘взаг у адæмон.
Поэтæн йæ заманы рацыд дыууæ чиныджы: «Горские мотивы» (Берлин, 1924) æмæ «Ирæф» (Дзæуджыхъæу, 1935). Поэты уырыссагæмдзæвгæты ис хицæн æнтыстытæ, бæрзонд поэтикон хъуыдытæ, аив нывтæ, фæлæ дзы уыдоны æмрæнхъ зыны уырыссаг поэзийытыхджын æндæвдад. Уый хыгъд йæ дыгурон уацмыстæ сты оригиналон, фидауцджын. «Ирæф» у ирон литературæйы зынгæдæрфæзындтæй иу.
Æрцыд Октябры революци. Геуæрги уыд парти «Кермен» чи арæзта, уыдонæй. 1920 азы ныууагъта политикон куыст. АздæхтМостыздæхы хъæумæ. Уым куыста ахуыргæнæгæй. Арæзта ног скъола. Фыста уацмыстæ. Поэты фæстæдæр райстой советонфысджыты Цæдисмæ. Фæлæ та йæ кæмæйдæрты амонд нæ фæци. Байдыдтой йыл хахуыртæ æмæ даутæ кæнын. Уыцы даутæ НКВД–йæн уыдысты азымгæнæг æмæ йæ 1937 азы æрцахстой. Йæ «контрреволюцион архайды» тыххæй йын тæрхон рахастой 10 азырастгæнæн куыстадон лагеры фæбадын.
Поэт бахауд зындонмæ. Ахастой йæ æмæ Сыбыры бинаг къæй балæууын кодтой. Уым Геуæрги райста зæрдæниз, стæгниз æмæрæуджыты низ. Йæ цард æмæ йæ хъизæмарæй ахицæн 1942 азы 27 майы. Баныгæдтой йæ «хъæдын чырыны, къазнайы мидæггагдзаумæтты, йæ цонгыл номы ярлык». Йæ уæлмæрд кæд фесæфт, уæддæр йæ сурæт æмæ йæ зарæг баззадысты ирон адæмы зæрдæты.
О, Геуæргийæн йæ царды фæстаг азтæ амондджын нæ уыдысты. Кæйдæр æдзæстуарзон хахуыр ныхасæй Геуæрги аххосджынæрцыд. Фæлæ рæстæг рацыд æмæ алцыдæр йæ бынаты сæвæрдта. 1999 азы Малиты Геуæргийæн йæ ном ссыгъдæг кодтой, æмæ йынцыртдзæвæн æвæрд дæр æрцыд. Абон Геуæрги аккаг бынат бацахста ногæй йæ уарзон адæмы астæу, йе сфæлдыстадон бынтæн исаккаг аргъ. Йæ номыл уынгтæ ис Дзæуджыхъæу æмæ Чырыстонхъæуы.
Бæрцæй бирæ нæу Геуæргийы лирикæ. Парахат нæу йæ тематикæ дæр, фæлæ йын æцæгæлон нæ уыдысты социалон фарстатæдæр. Йæ фыццагдæр уацмыстæй поэт иу схуыдта «Цъифæ рæстæги» (1915). Æвдыст дзы цæуы æнæбар, æфхæрд адæмы уавæр. Йæсæргонды и символон мидис – мигъ, къæвдаджын æрхуым бон у рæстæджы иумæйаг фæлгонц. Ахæм уавæрты адæймаг у ссæст, дæлдзиныг, адæмы цардæн нæй бæлвырд нысан, æмæ фæндаг нæмынц зулчъытау. Лирикон хъайтар йæхимæ кæсы æнæбон, зæххдæр ын мысты къахæй ныцæййагдæр у, фæлæ уæддæр нæ мæлы йæ бæллиц, уый йын рухс кæны йæ зонд, разæнгард æй кæныцæргæсау тæхынмæ. Ахæм у æмдзæвгæ «Гоби»-йы (1916) хъайтар дæр. Гоби æфхæрд у йæ дугæй, йе ‘мгæрттæй, йæ уавæртæй. Фæлææнæхæлгæ у йæ адæймагон удыхъæд. Йæ бæллиц у нæ зынгæ лæгтимæ сæ тохы цæуын, йæ сагъæстæ, йæ сæнттæ зарæджыракæнын.
Уыцы бæллицтæ поэт æмæ йæ хъайтары революцийы заман æркодтой тохы фæндагмæ. Геуæргийы программон æмдзæвгæ у«Федог» (1919). Ам автор ног уавæртæм гæсгæ дарддæр кæны Къостайы «Балцы зарæг»-ы традицитæ. Æмдзæвгæ æмткæй у символон, фæлæ йæ хъуыдытæ сты бæлвырд. Поэты социалон нысан у: тары сæрибар ссудзын, мигътæ фæсурын, цæмæй цард мауал уахъизæмар. Йæ этикон нысан у ныфс æмæ лæгдзинад уарзын, хорз хъуыддæгтæ æмæ сæрибар æгъдæуттæй æнусон ном скæнын. Царддугъ у, æмæ худинаг у уым фæстаг уæвын. Рухсмæ тындзын, арвмæ мæсыг амайын, хурмæ фæндаг скæнын – уыдон поэтæн сты зонд, аивад æмæ сфæлдыстады символтæ, уыдонæй адæймаг хъуамæ уа хайджын. Ахæм у поэты эстетикон фæдзæхст. Кæд Гоби кæнæДзиддзил («Дзиддзил»,1916) тæригъæддаг сты сæ уавæрты азарæй, уæд Фидиуæг та у хъару, ныфс æмæ хъуыдыйæ æххæст æмæифтонг адæймаг. Тохы цæхæры басыгъд йæ хæфсы цъар, æмæ дзы рацыд аргъæутты хъайтары хуызæн лæг, нæртон адæймаг.
Ацы рæнхъы лæууы æмдзæвгæ «Тоходуй, æна» дæр (1934). Ам баиу сты бæллиц æмæ катай. Лирикон хъайтар, æрыгон чызг, бæллыдунейы диссæгтæ базонынмæ, Ацæмæзы курдиатмæ, йæ аивадæй дунейы мæгуыртæ æмæ сидзæртæн ныфс раттынмæ; йе ‘хсæнадонидеал у дунейы иумæйаг фарн: уарзондзинад, фидыд, сабырдзинад, хæцæнгæрзты сæфт. Ам поэт пехуымпарау æвæры фидæныпроблемæтæ. Фæлæ уыимæ уыны æмæ æнкъары фидæны трагедитæ дæр. Лирикон хъайтары чызгон зæрдæ нæ рухс кæны, уымæнæмæ хаты дунейы сæрмæ «тугъдон мегътæ» – уыдон сты канд фидæны хæстыты символ нæ, фæлæ æртын æвдæм азы æфхæрæнакциты нысæнттæ дæр.
Лиризмы рухсæй æрттивынц Геуæргийы æмдзæвгæтæ «Зар», «Æлхуйнæ». Уыдоны сыгъдæг национ æууæлты, колоритон нывтырайхæлы уарзондзинады темæ. Уыдон бæрзонд кæнынц арф æмæ уæздан æнкъарæнтæ.
Аив æмæ мидисджын сты Геуæргийы поэмæтæ. Уыдонæн ис эпикон нывæст, фæлæ хайджын сты лиризмы æууæлтæй дæр. Поэт–гуманист у фæллойгæнæг адæмы зарæггæнæг. Уый лæмбынæг кæсы адæмы зæрдæмæ, уыны дзы æвæрд тыхтæ, æвидигæ фидауц. Æвдисæн – поэмæ «Гудзуна» (1934). Поэтæн йæ лирикон хъайтар куыд рæзыд уавæртæм гæсгæ, афтæ рæзы поэмæйы сæйраг архайæгГудзуна дæр. Уый у мæгуыр фыййау, зилгæзæнгой, сæмпæрчьи, æмгæрттæн – хъазæн хъул, чызджытæн – худæджы хос. Исфæныкгуызы уавæры. Фæлæ йын поэт йæ хуымæтæг сурæты уыны æцæг адæймаг, хаты йын йæ курдиат, йæ лæгдзинад. Гудзунауадындзæй цæгъдынмæ у Ацæмæз. Сæр куы бахъуыд, знаг нæ бæстæм куы лæбурдта, уæд та разынд æппæты сæрæндæр хæстон.
Поэт йæ кадджыты æвæры социалон æмæ этикон фарстатæ. Фольклорон кадæджы традицитыл амад у поэмæ «Гъонгæси фуртмæгур Мæхæмæт». Гудзунайæ хъауджыдæр, Мæхæмæт у хæрзконд, бакастджын. Ханы чызг æй йæ зæрдæма айсы канд йæ уындытыххæй нæ, фæлæ йæ хъару æмæ йæ курдиаты тыххæй дæр. Поэт æвдисы адæмон характертæ. Стонг азы Мæхæмæты раз ис иу нысан– куыст ссарын, йæ ныййарджыты дарын. Тыхст заманы дæр у ныфсхаст, цух нæ уадзы йæ уасæн хæтæл – «йæ дыккаг зæрдæ».Хъæздгуытæ æмæ мæгуыртæ, барджынтæ æмæ æфхæрдтæ цы ‘хсæнады ис, уым трагикон у адæймаджы хъысмæт. Мард æрцыдМæхæмæт, ханы чызджы кæй бауарзта, уый тыххай, мæлæт ссардта Гиданнæ рæсугъд дæр. Сæ трагеди у социалон быцæутыфæстиуæг.
Малийы–фырты поэмæты хъайтартæ сты «мулкæй мæгуыр, лæгдзинадæй хъæздыг». Ахæм у Темур–Алсахъ («Темур–Алсахъ», 1934). Поэмæ у романтизмы хуыздæр фæткыл амад. Йæ хъайтар у æнæрцæф, сæрыстыр лæппу, йæ идеалтæ – патриотизм, намыс, сæрибар. Темур–Алсахъ фæмард кæсгон æлдæрттимæ тохы. Йæ фæстæ баззад йæ ном, йæ кад, йæ зарæг.
Поэты сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы сылгоймаджы хъысмæт. Уыцы хъысмæт у трагикон («Кизги зар», «Джуле», «Скъæвдигъарæнгæ», поэмæ «Дзандзирахъ», балладæ «Месть»). Йæ аххосæгтæ – æхсæнадон уавæртæ, фыдæгъдæуттæ, эгоизм. Поэт–гуманист нын цы сылгоймæгты фæлгонцтæ æвдисы, уыдон сты удæй сыгъдæг æмæ уæздан, уындæй – рæсугъд, курдиатæй – æххæст. Афтæмæй æнамонд кæй сты, уый сын бæрзонд кæны сæ трагеди.
Геуæргийы уацмыстан сæ сюжетон арæзт, сæ композицион нывæст сты дæсны конд, йæ поэтикон æвзаг у хуымæтæг – сыгъдæг, рæстдзæвин, нывæфтыд. Йе ’мдзæвгæтæй бирæтæ систы зарджытæ.
Йæ ахадындзинад у æгæрон. Георгийы поэзийы сыгъдæг суадонæй чи фæхъæстæ, уый йæ нал ферох кæндзæн никуы. Йæ алыуацмыс дæр у шедевр. Малиты Геуæрги у дыгурон поэзийы булæмæргъ, кæцы ныззарыд тынг рæсугъд æмæ аив хъæлæсæй, æрыхъусынкодта йæхимæ хохæй–быдырæй. Æнусты сæрты дæр нæм дзурынц, сидынц иудзинадмæ, ныфс æмæ лæгдзинадмæ нæ разагъды лæгтæ– Хетæгкаты Къоста æмæ Малиты Геуæрги.
Абон тынг актуалон у æвзаджы æмæ диалектты фарста. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, ныууадзын хъæуы къуыдайраг, ирон, дыгурон. Иууылдæр стæм ирон. Иу стæг, иу туг нын ис. Æфсымæртæ стæм. Æмæ кæрæдзимæ æнгом куы лæууæм, нæ зонд, нæ хъуыддагиу куы уа, уæд иудзинады ныхмæ та знаг дæр æдых у. Иугæйттæй та нæхæдæг стæм æдых цыфæнды знаджы ныхмæ дæр
КЪУДУХТЫ Маринæ.