Лæгæвзарæн хæст. Ахæм хъæу, ахæм мыггаг æмæ хæдзар нæ уыд, йæ сау базырæй кæй нæ асыгъта.
Фæлтæр фæлтæры ивы, дарддæрæй дарддæр кæнынц Фыдыбæстæйы хæсты цаутæ. Фæлæ мах хъуамæ ма бауадзæм рох кæнын, нæ фыдæлтæ Германы фашистты ныхмæ хæсты цы сгуыхтдзинæд равдыстой, уый. Хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, Фыдыбæстæйы цыты ном чи айхъуысын кодта, уыдоны. Нæ фыдæлты цыт æмæ хъæбатырдзинад мах хъуамæ ныууадзæм нæ кæстæр фæлтæртæн фæзминагæн.
Æндæр æмæ æндæр æнусты хъæбатырæй тох кодтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Абон мах, уыдоны фæдонтæ, хъуамæ кæддæриддæр уæм нæ Райгуырæн бæстæйы патриоттæ, кад кæнæм нæ хъайтартæн æмæ сын ма рох кæнæм сæ нæмттæ.
Куыд раджы, афтæ ныр дæр Фыдыбæстæйы æнæмæнг хъæуы патриоттæ, уыдоны иузæрдиондзинад, уымæн æмæ махмæ нырма дæр цæуы тох нæ бæстæйы рæсугъд фидæн аразыны фæдыл. Цавæр фидæн уыдзæн нæ бæстæйæн, уый та у æрыгон патриотты арæхстдзинадæй аразгæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæй иу дæр рохгæнинаг нæу, иумæ дæр дзы хуымæтæг цæстæй кæсæн нæй. Фæлæ дзы уæддæр Ленинградыл тох нымад у иууыл карздæр æмæ дæргъвæтиндæр тохтæй иу. Ацы бонты уыцы тугуарæн цауыл æххæст кæны 80 азы. Невайы цæугæдоны цур горæт 900 боны æмæ æхсæвы уыдис фашистон блокадæйы. Мингай ленинградæгтæ баисты немыцаг лæгмарты амæттаг. Нал уыд бæстæйы фæсчъылдымимæ бастдзинад. Адæм сæфтысты уазалæй, æххормагæй, æгъатырæй сыл æппæрстой бомбæтæ, æхстой сæ сармадзантæй.
Фæлæ фашисттæн сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты, Ленинград нæ бакуымдта басæттын. Ленинград бахъахъхъæныныл тохы архайдтой нæ бæстæйы æппæт адæмты минæвæрттæ. Уыдоны ‘хсæн ирæттæ æмæ ирыстойнæгтæ уыдис 3,5 мин адæймаджы бæрц.
Азæй-аз къаддæр кæны сæрæгас ветеранты нымæц. Рацæудзæн ма ноджыдæр цалдæр азы æмæ хæсты ветерантæй ничиуал баззайдзæн сæрæгас. Афтæмæй махæн, сæрмагондæй, ничиуал радзурдзæн хæсты æбуалгъ цауты тыххæй. Куыдфæстагмæ, хæсты тыххæй факттæ æрмæст рох нæ кæнынц, фæлæ сæ барæй зыгъуыммæ дæр кæнынц.
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззау азтæ кæд дардæй дарддæр кæнынц, уæддæр нæ мысынады хъуамæ баззайой уыцы тугкалæн æмæ дæргъвæтин хæсты Советон адæм цы хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдон.
КЪУДУХТЫ Маринæ