ОБЩЕСТВО

Мады зарæг

Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, драматург æмæ сценарист, фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Цæгæраты Максимы райгуырдыл сæххæст 105 азы

Кæйдæр рыст хъуыдытæ –

Мæ нывæрзæн базæн.

Кæйдæр рыст хъуыдытæн –

Мæ зæрдæ сæ авдæн…

 Цæгæраты Максим райгуырдис 27 августы 1916 азы Алагиры. 1941 азы каст фæцис пединститут. Уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, сси афицер, бирæ тугкалæн тохты равдыста лæгдзинад, хорзæхджын æрцыдис кады ордентæй.

Хæсты фæстæ куыста бæрнон бынæтты: уыди чиныгуадзæны сæйраг редактор, Ирон театры директор, журнал «Мах дуг»-ы» редактор, республикæйы культурæйы министр, Фысджыты цæдисы сæрдар. Уыцы куыстытæ домдтой бирæ рæстæг æмæ хъару, фæлæ уæддæр Максим æнувыд æмæ æнтыстджынæй лæггад кодта ирон литературæйæн – хаста йæм ног æмæ ног уацмыстæ.

Максим фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ, романтæ.

Ирон прозæйы зынгæ бынат ахсынц йæ уацаутæ æмæ радзырдтæ – «Сау хохы фыййау», «Нæ фехъуыстон ма зæгъ», «Балцы зарæг», «Хæххон барæг», роман «Райсомы мигъ», «Ауызбийы кæстæртæ», «Мæ иунæг хо», «Быны чызг» æмæ æндæртæ. Уыдоны автор хуызджын нывты æвдисы Ирыстоны цард, адæмы тох сæрибар æмæ амондыл, сæ хæстон сгуыхтытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, сæ хъазуатон куыст, сæ зонды тых æмæ сæ уды рæсугъддзинад. Максимæн бантыстис цардæгас фæлгонцтæ саразын, йæ хъайтартæ сты, адæмы амондыл чи тох кæны, хорз хъуыддаг аразын сæ хæсыл чи нымайы, ахæм адæймæгтæ. Йæ уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты бирæ адæмты æвзæгтæм.

Максим йæ цардæй ахицæн 2 декабры 1990 азы.

 

Зынаргъ газеткæсджытæ, уæ размæ уын хæссæм Цæгæраты Максимы уацау «Мады зарæг»-æй скъуыддзаг.

Мæй цыма театры бæрзонд царыл ауыгъд у – сценæйы кæрдæгхуыз пъолыл зыр-зыр кæны йæ фæлурс зиллакк. Мæнгæфсон ауыгъд цырагъы рухс дæр ма афтæ фæкатай кæны мæйдары.

Æгас театры иу рухсы цъыртт никуыцæй зыны, иу сыбыртт никуыцæй хъуысы. Æрмæстдæр уыцы иунæт фæлурс зиллакк. Змæлы. .Æнхъæлмæ кæсы. Кæмæдæр сиды. Адæмы йæхимæ æркæсын кодта. Иу минут. Дыууæ минуты. Ныддаргъ сты сывæллоны фынау. Æппынфæстаг зиллакк йæ бынатæй фæцагайдта. Сценæйы къуымы балæууыд. Уым иучысыл афæстиат. Стæй, рæхснæг, бæрзондгомау чызджы уæхсчытыл скафыд, чызджы цæсгомыл уылæнтæй æрызгъордта, æвзист доны пырхæнтæй æркалд чызджы æрттиваг дзыккутыл, йæ камари роныл, цъæх-цъæхид стъалытæй бахудт риуыгънæджытыл, разгæмтты хæрдгæбыдыл, æртыхст чызджы риутыл, йæ нарæг астæуыл.

Чызг цыма стæхынмæ хъавы, уый хуызæн лæууы сценæйы бæрæгастæу. Йæ сæрæй кувы адæмы къухæмдзæгъдæн. Йæ хъисын фæндыр йæ галиу уæхскыл авæрдта, йæ сæр æм æркъул кодта, уæддæр галуаны къултæ сæ зæллангæй нæма банцадысты. Чызг ныфсæрмы, йæ сæрæй сын амоны, æгъгъæд у, зæгъгæ. Ничи йæм хъусы. Рудзгуыты æвгтæ зыр-зыр кæнынц æмдзæгъдæй.

Банцад театры зал. Ныссабыр фæстæмæ. Боныцъæхтæ сæхи сындæггай æруагътой сценæйы фæстаг къулыл. Райсомы тæнæг фæлм йæхи систа хæхты цъуппытæй, фыдæлтыккон мæсгуыты ихсыд фæрстæй, кæмтты нарджытæй. Хуры фыццаг тынтæ сæхи найынц æхсæрдзæнты фыцгæ уылæнты, худынц дидинджыты æртæхæй æхсад къусджыты, бæлæсты уымæл сыфтæртыл.

Чызг цыма хохы цъуппыл лæууы, цыма райсомы æрдзмæ уырдыгæй бынмæ кæсы. Стæй чызджы рахиз цонг хъисфæндыры сæрты тасгæ-уасгæ бацыд. Дард кæмдæр дидинджытæй стахтысты фыййауы уадындзы сагъæсджын зæлтæ, дымгæ сæ хæхты цъуппытыл ахаста, систа сæ мæсгуыты хæлд тигътæм, хъæуы ныхасмæ, æхсæрдзæны уылæнтæм, кæмтты фæзилæнтæм.

Æхсæрдзæны нæрын, дымгæйы къуызитт, дидинджыты сусæг ныхас, хæхты азæлд, ныхасы даргъ таурæгъ – æппæтдæр баиу уадындзы мыртимæ, чызджы алыварс, гыццыл фæндыры дзураг хъистыл. Афтæ зыны, цыма чызг йæхæдæг æгасæй дæр зарæг сси. Цыма ацы уалдзыгон райсом хæхты йæхи йеддæмæ иу цъиуызмæлæг нæй. Цыма æрдз æрмæст уыцы иунæг рæхснæг чызджы зарæгмæ ныхъхъус.

Стæй хуры тынтæ хохы цъуппыл ахуыссыдысты. Бæзджын сау мигътæ сæхи ныллæг æруагътой дидинджытыл, хъæуы ныхасыл, дондыппырæй ныббадтысты кæмтты нарджыты. Дымгæ сыстад. Арв баталынг. Æрмæст ма йæ гæрæхты рухс судзгæ фæттау цæхæртæ калдта мæйдары. Арв тынгæй-тынгдæр нæрыд. Дæтты гыбар-гыбур хæхтæ арыдта. Ноджы сыг æрбацыд. Цыма арв бынтон ныскъуыдтæ, уыйау бæстæ æгасæй дæр сæх-сæх сси…

Ногæй та фыййауы уадындз кæцæйдæр æрбахаста хуры фæлмæн тынтæ, æрмæст ацы хатт мæргъты тъæлланг зарджытимæ, бындзыты дыв-дыв æмæ хуссайраг мыды адджын тæфимæ.

Адæмы æхсызгон улæфтæн галуаны къултæ нал сфаг сты – гом рудзгуытыл æддæмæ атахт. Йæ ныхы сурхид ныссæрфта Афай дæр. Цыма йе ‹ккойæ стыр уаргъ æриста, уыйау йæ къæхты бынæй ныуулæфыд, йæ фарсмæ чи бадт, уыдонмæ аивæй 6акаст, кæддæра уыдон та цы ми кæнынц, зæгъгæ. Йæ хæд фæстæ иу ацæргæ ус йæ сæр бæрзонд систа, цыма размæ исты дзырдта, уый хуызæн йæ былтæ базмæлыдысты, стæй йæ сыхаг чызгмæ йæхи æргуыбыр кодта æмæ Афайы хъустыл æрцыд йæ сусæг ныхас: «Мæ буары дыз-дыз нæма банцад… Мæскуыйы консерваторийы фæстаг курсы ахуыр кæны…» Ницы сдзырдта сылгоймæгтæм Афай. Йæхæдæг дæр хуыздæр уавæры нæ уыд. Йæ хъусты гуыр-гуыр кодтой арвы цæлхъытæ, къæвдайы сæх-сæх, дæтты уæззау уынæр, хиды лæсæнтæй сыгъдысты йæ ногдаст рустæ, зæрдæ æхсызгон рыст кодта. Стæй хъустæ сæ гуыр-гуырæй фенцадысты, æрмæст зæрдæ кæдæмдæр атахт, цыдæр æй æлхысчъытæ систа, цæуылдæр катайты бацыд. Ноджы чызг, цыма утæппæт адæмæй йæ мады фыд Афайы йеддæмæ кæй ссардтаид, ахæм ын нæ уыд – йæ цæстытæ дзы ныццавта. Кæд, мыййаг, Афаймæ афтæ кæсы? Чи зоны. Æмæ касти, йæ алыварс чи бадт, уыдоны хуызæн чызгæй йæ цæст нæ иста зæронд Афай. Йæ русты сыгъдæй, йæ зæрдæйы змæлдæй арфæ кодта гыццыл Дзерассæйæн. «Тымбыл къухыйас йеддæмæ куы нæ у, – хъуыды кодта йæхинымæр зæронд Афай. – Цавæр диссаджы фæндыр у? Кæм дзы цъиуты цъыбар-цъыбур райхъуысы, куы æхсæрдзæны хъазт, кæм дæтты зарæг, куы зæрдæйы сусæг улæфт, кæм та мады æнæфæуд хъарæг. Куыд фæразынц йæ лыстæг хъистæ уыйбæрц æнкъарæнтæн?» Æмæ йæм афтæ кæсы, цыма ныртæккæ хъистæ нал бафæраздзысты, цъæх пиллон артæй ссудздзысты, æрдæгыл аскъуындзæн Дзерассæйы зарæг, йæ къух ауыгъдæй баззайдзæн уæлдæфы. Чи ма фæуыдзæн уæд кæронмæ уыцы зарæг?..

Чызг, цыма йæ мады фыды сусæг ныхæстæм хъуыста, уый хуызæн иу уысмы бæрц цæуылдæр аджих, цавæрдæр мидбылты худт йæ сырх уадултыл ахъазыд, æмæ йæ рахиз цонг уæхсчы рæбынæй лæбурæгау скодта. Иу хатт. Дыууæ хатты. Фæндзæм хатт. Æмæ та цыма кæмдæр арв æмæ зæхх кæрæдзийы хостой, цыма хæхты фыдбоны зæй ниудта, уый хуызæн гыццыл фæндыры цагъд бæстæ йæ сæрыл систа. Чызджы дзыккутæй иу бындзыг фæхицæн, ныхыл æрхауд, æрфгуытыл йæхи хоста. Афай ноджы æдзынæгдæр ныккаст чызгмæ. Цæй фæндыр æмæ цæй æндæр – фæззыгон мигъы фæлм фæзынди кæцæйдæр, фæпырх театры сценæйы, амбæхста Дзерассæйы…

– Афайы цæстыты раз февзæрд ныхасы фæз. Азауханы фæндыры цагъд… Лæппуты къæрццæмдзæгъд. Уыцы бон фыццаг хатт ракодтой хъазтмæ Слонаты кæстæртæ сæ рæсугъд Азауханы. Уыцы бон фыццаг хатт ссыгъди адæмы цæстæнгас Азауханы тымбыл рустыл. Уыцы бон фыццаг хатт базыдтой хъæубæстæ, фæндыр канд цæгъдын нæ, фæлæ ма дзурын дæр зоны, уый.

Чызгæн райдианы фæндыр йæ коммæ нæ каст – æнгуылдзтæ дзæгъæлтæ кодтой амонæнтыл. Слонаты чындзытæй иу аивæй бакаст чызгмæ, йе ’рфгуыты змæлдæй йын цыдæр ацамыдта, чызг æм зына-нæзына йæ сæр батылдта, стæй йе уæнтыл схæцыд æмæ фæндыры тæнтæ фæйнæрдæм фæцыдысты. Чызджы цагъд æрдæгыл аскъуыдта лæппуты къæрццæмдзæгъд, хистæрты гаджидау.

– Æмдзæгъд! Фæндыры цагъд æмдзæгъдæй фидауы, – Афайы басхуыста кæстæртæй чидæр æмæ йæ лæдзæг нæзы фæйнæгыл цæкуыйы схъиуд фæкодта.

Хъазт стынг. Фæзынд цалдæр барæджы. Бæхты цæфхæдты бын зынг фестадысты ныхасы къæйдуртæ. Азауханы цæстмæ сæ къах-къухты пырх акалд кæмæндæрты. Æрмæст Афай æхсынцъыйы бын лæууыд, цымыдисæй касти Азауханы даргъ æрфгуытæм. Сыгъта йæ Азауханы цæстыты зынг, æмдзæгъд кæнын дæр дзы ферох. Цы йæ бон уыди æндæр! Уыцы барджыты хуызæн йæ фыды саргъы бæх куы нæ ракодтаид, хъазты адæмы йæхимæ куы нæ æркæсын кодтаид. Ноджы йæ дарæс – Гасбойы фырты хæдбынтау йæ фæсмын дзабыртæ стæнхъ сæракæй хуыд куы нæ уыдысты. Йæ джиппæйфыст сау куырæт Бексолтаны фырты куырæтау игæрхуыз глазийæ куы нæ уыд, мыййаг. Йæ гæлиртæ нымæтхуд Бечыры цъæх бухархуды хуызæн хурмæ тæмæнтæ куы нæ калдта. Хъаруйæ, лæгдзинадæй куы уаид, бæргæ. Сарæхсид, фæсте нæ баззаид. Фæлæ хъазт хъæбысхæст нæу. Фæсмын дзабыр хæдбыны хуызæн нæ фидауы къахыл. Цæст та кæддæриддæр рæсугъддзинад уарзы, рæсугъддзинадæй рæвдыд уæвын æй фæнды. Азаухан дæр афтæ. Æвæццæгæн, æндæр искæй агуырдта, æндæр ын Афайы нымæтхуды бын цы баззад? Цалдæр хатты йæ цæстыхаутæ уырдыгмæ цæмæн æруагъта? Æмæ уæдæ цы фæуыдаид? Алырдыгæй дзы сæ цæстытæ цы ныссагътой? Йæ разы цæстмæмитæ цæмæн кæнынц? Хъазт у, æмæ йæм искуы фæскъулæй кастаид?

 Бирæ фæкаст фæскъулæй дæр. Бирæ йын фæхæцыдысты йæ мондæгты рохтыл. Йæ карæнтæ ныр дыккаг аз кафынц, симынц хъазты. Уый та нырма «гыццыл у», «хъазтмæ цæуыны чызг нæма у»… Æмæ бад, том рудзынгæй кæс æддæмæ. Хъус кæйдæр фæндыры цагъдмæ. Цæгъд дæхæдæг дæр. Дæ зæрдæйы æнкъарæнтæй судз фæндыры тæнты. Донмæ цæуай – дæ фæдыл цалдæрæй. Хуындзау дæ кæной – дæ алы къахдзæф бар. Цыма мæ хуызæн бæстыл никуы уыди. Цыма уæларвæй æртахтæн. Иу хатт сын хорз бæргæ фæдæн: мæ мады коммæ дæр нал бакастæн, афтæмæй нæ сыхы чызджытимæ æрыскъæфдзуан афардæг дæн… Бон-изæрмæ мæ тыппыртæ суагътон. Уыцы дидинæгджын уыгæрдæнтæ!.. Дымгæмæ фæйлыдтой. Дидинджыты тæфæй дæр сæр зылди. Чызджытæ мæ æрцахстой, мæ цæсгом, мæ хъуыртæ мын æрыскъæфæй самæстой. Стæй цъæхцады пæррæстытæ систам, кæрæдзийы ныддонласт кодтам. Нæзыты рагъæй нæм чидæр сусæгæй кæй касти, уый дæр нæ ферох. Цалынмæ кæйдæр æхситт нæ хъустыл не ’рцыд, уæдмæ нæ донæй нæ къах нал хаста. Дыккаг æхситтæн тарст бæлæттау стахтыстæм цадæй. Æхсæры къудзиты бын фæныгъуылдыстæм.

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 21.10.2022 в 20:10

Базовая готовность

Глава РСО-А Сергей Меняйло провел заседание оперативного штаба, созданного в Северной Осетии в связи с введением в республике уровня базовой готовности. Указ, в котором, в частности, идет речь о формировании штабов, был подписан 19 октября Президентом России Владимиром Путиным.

ОБЩЕСТВО 17.07.2023 в 19:53

Александр Малькевич: «Я благодарен республике за таких людей, как Сергей Мильдзихов и Георгий Мамсуров»

Сергей Мильдзихов удостоен медали «За отвагу»

ОБЩЕСТВО 13.11.2018 в 14:02

Клялись быть мужественными, честными и бдительными

В минувшую пятницу на территории отдела специального назначения «Булат» в праздничной обстановке приняли присягу молодые сотрудники

ОБЩЕСТВО 26.01.2023 в 07:27

РАВДЫСТОЙ СГУЫХТДЗИНАД

Хъайтартæ æрмæст историйы ахуыргæнæн чингуыты нæ вæййынц – уыдон уыдысты æмæ уыдзысты, абон та цæрынц не ʼхсæн. Бæстæйæн уæззау рæстæджыты, сæ цардæн тæссаг уавæрты, хъайтартæ сæ буарæй бамбæрзынц сæ хæстон æмбæлтты нæмгуытæй, хъахъхъæнынц сабыр цæрджыты, уымæй, патриотизм æрмæст ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддагæй æвдисгæйæ. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы æфсæддон службæгæнджытæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй. […]

ОБЩЕСТВО 9.12.2021 в 08:04

Международный день борьбы с коррупцией

Ежегодно 9 декабря по инициативе Организации Объединенных Наций отмечается международный день

ОБЩЕСТВО 29.11.2022 в 09:01

Ибрагим Багаев – лучший учитель истории в России

28 ноября в Москве, в Доме Российского исторического общества, состоялась торжественная церемония награждения победителей и лауреатов VII Всероссийского конкурса педагогического мастерства «История в школе: традиции и новации». Абсолютным победителем конкурса признан учитель истории и обществознания центра образования «Эрудит» Ибрагим Багаев.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО