ОБЩЕСТВО

Мыггаг мæсыг у!

«Мыггаджы хистӕр у ӕппӕт мыггагӕн иудзинад ӕмӕ уӕздандзинады нысандар, мыггаджы уынаффӕгӕнӕг, хъомылгӕнӕг ӕмӕ ахуыргӕнӕг. Фыдӕлтӕй хуымӕтӕджы нӕ баззад: «Хистӕр кӕм нӕй, уым фарн дӕр нӕй». Кӕстӕр, хистӕр бӕрӕг цы мыггаджы нӕй, уый кадджын никуы уыди ӕмӕ нӕу. Мыггаджы хистӕрыл нымад хъуамӕ уа: хистӕр кары нӕлгоймӕгтӕй иу, ӕрмӕст алкӕд азтӕй се ’ппӕтӕй хистӕр нӕ вӕййы; уӕздан, фендджын, фӕлтӕрдджын адӕймаг; йӕхи хӕдзары, мыггаджы ӕмӕ адӕмы ’хсӕн кадджын чи у, ахӕм бинонты хистӕр; сыгъдӕгзӕрдӕ, хиуылхӕст ӕмӕ бонзонгӕ адӕймаг». 

 

Хӕуытаты Къоста

 

Дунеон ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Стыр Ныхас» у иумӕйаг Ирыстоны адӕмы ӕнгомгӕнӕг. Уым архайы Координацион совет, кӕцы сӕйраг хъусдард здахы мыггӕгты «Ныхас»-тӕ сӕндидзын кӕнынмӕ, ирон адӕм ӕмӕ мыггӕгты хорз традицитыл фӕсивӕды хъомыл кӕнынмӕ. Уымӕй дарддӕр змӕлды уӕнгтӕ ӕмӕ активисттӕ стыр куыст кӕнынц, ахуырадон уагдӕтты ирон адӕмы хуыздӕр  ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ бахъахъхъӕныныл.

 

Куыд зонӕм, афтӕмӕй Ирыстоны мин мыггагӕй фылдӕр ис. Уыдонӕй  бирӕтӕн ис «Мыггаджы Ныхас».

 

Уым хистӕртӕ фӕхӕссынц уынаффӕттӕ, фӕдзурынц сӕ абон ӕмӕ сомбоныл, фӕкӕнынц кӕстӕртимӕ хъомыладон куыст ирондзинад ӕмӕ сӕ фыдӕлты уидӕгтӕм ӕввахсдӕр кӕнгӕйӕ. Цы ма уа хуыздӕр мадзал фӕлтӕрты ‘хсӕн бастдзинӕдтӕн?  «Иры Стыр Ныхас»-ы бындурыл  тынг зӕрдиаг ӕмӕ хъӕппӕрисджынӕй кусынц, абоны онг йӕ мыггаджы Ныхас кӕмӕн ис, уыцы арфӕйаг хистӕртӕ, ӕвзӕрст лӕгтӕ. Мыггӕгты комитеты сӕргълӕууӕг Ӕгкацаты Юри архайы, цӕмӕй алы мыггаджы дӕр уа Ныхас, мыггаджы куырыхон ӕмӕ ӕгъдауджын хистӕртӕй кусой сӕ кӕстӕртимӕ.

 

Ирон адӕмы хуызӕн, æвæццæгæн, хӕстӕг, хион, ӕрвад ничи нымайы. Ӕрвадӕлтӕ иу туг, иу стӕг сты. Цӕмӕй мыггӕгтӕ хӕларӕй цӕрой, ӕмгуыст кӕной, иумӕйаг советтӕ аразой ӕмӕ сӕ лыггӕнинаг фарстатӕ, сӕ фидӕны пълантӕ иумӕ скъуыддзаг кӕной, ууыл бирӕ кусы «Иры Стыр Ныхас» дӕр.

 

Ӕрӕджы дӕр та «Иры Стыр Ныхас»-ы уыд  мыггӕгты минӕвӕртты уӕрӕх ӕмбырд. Ӕрдзырдтой сӕ дарддӕры иумӕйаг  куыстыл, мыггӕгты ӕхсӕн цы ахсджиаг фарстатӕ ис, уыдоныл.  

 

Мыггӕгты комитеты сӕргълӕууӕг арфӕ ракодта йӕ мыггаг чи нымайы ӕмӕ йӕ фарнӕн чи архайы, стӕй ӕрдзырдта Ирыстоны мыггагӕн цы ахадындзинад ис, уый тыххӕй ӕмӕ ранымадта, ирон мыггӕгтӕй Ныхастӕ, советтӕ, комитеттӕ чи сарӕзта ӕмӕ чи куыд кусы, уыдоны тыххӕй. Фӕзминагдӕртӕ сты – Джиоты, Гусаты, Басаты, Мырзаганты, Махъоты, Дзгойты, Касаты, Бӕдтиаты ӕмӕ ӕндӕр мыггӕгтӕ. Сӕ номхыгъдмӕ ма бафтыд ноджы дӕр, Ирыстоны фӕрнджындӕр, йæ кады лӕгтӕй сӕрыстыр кӕмӕй у, уыцы мыггӕгтӕй иу – Дзестелтӕ. Мыггаджы советы сӕрдарӕй ӕвзӕрст ӕрцыд юридикон наукӕты кандидат, доцент, Дзестелты Хазби; йӕ фыццаг хӕдивӕг – Дзестелты Никъала; мыггаджы сылгоймӕгты комитетӕн та дзуапп дӕтдзӕн Дзестелты Эммӕ; мыггаджы фӕсивӕды архайдмӕ йӕ хъус дардзӕн Дзестелты Артур. Уыимӕ ма президиумы уӕнгтӕй ӕвзӕрст ӕрцыдысты: Дзестелты – Виктор, Батрадз, Вячеслав, Барис, Алыксандр, Таймураз, Анатолий, Мурат, Тамерлан, Аслан ӕмӕ Роберт.   Мыггаджы Советы нымӕрдарӕй та ӕвзӕрст ӕрцыд Дзестелты Ларисӕ.

 

Уӕлдӕр цы мыггӕгтӕ ранымадтон, уыдонӕн ис советтӕ, фондтӕ. Фондмӕ йӕ къух кӕй куыд амоны, афтӕ бахӕссы ӕхцайы фӕрӕзтӕ, уыдон хардз ӕрцӕуынц иумӕйаг хъуыддӕгтыл: рынчынтыл, ӕвӕгӕсӕг зӕрӕдтыл, кусынц фӕсивӕдимӕ, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа, хызт уой наркомани ӕмӕ нозтӕй, фӕхуыздӕр кӕной демографион уавӕр, хъахъхъӕной сӕ Фыдыбӕстӕ, ирон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ. Ӕппӕт уыдон къухы бафтдзысты, мыггаджы сӕргъы куырыхон, аргъ кӕмӕн кӕнынц, ахӕм хистӕр куы уа, уӕд.

 

Ӕгкацаты Юри куыд банысан кодта, афтӕмӕй дарддӕр дӕр мыггӕгты Комитеты размӕ лӕууы стыр ӕмӕ вазыгджын хъуыддӕгтӕ.

 

– Мыггӕгтӕй Ныхас саразын кӕмӕн нӕма бантыст, уыдонӕн дӕр ахсджиаг хъуыддагыл нымад ӕрцӕуид, ацы арфӕйаг хистӕрты бафӕзмын, Ирыстоны мыггӕгты Ныхасты фӕлтӕрддзинадыл ӕнцой кӕнгӕйӕ. Мыггаг мӕсыг у!  Алы мыггаджы дӕр ис фаг кадджын, дзырдзӕугӕ лӕгтӕ. Уыдон ӕнӕмӕнг карӕй хистӕр нӕ вӕййынц, сӕхи равдисынц сӕ азты бӕрзӕндӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй, ӕгъдауӕй, уӕздандзинадӕй. Ӕз зӕрдиагӕй сидын уыдонмӕ, ӕрбацӕут ӕмӕ ӕргомӕй, лӕгӕй-лӕгмӕ аныхас кӕнӕм уӕ мыггаджы уавӕр ӕмӕ йӕ фидӕныл.

 

Рагӕй нырмӕ ӕхсӕнады царды  мыггагыл стыр хӕс ӕвӕрд уыд. Мыггаджы куырыхон хистӕртӕ кӕстӕртимӕ  цы хъомыладон куыст бакӕной, уый иунӕг скъола ӕмӕ институт дӕр нӕ бакӕндзӕн. Дзӕгъӕлы-иу  нӕ бафарстой нӕ фыдӕлтӕ адӕймаджы  фыццаг йӕ мыггагӕй, уый фӕстӕ та йӕ номӕй. Уымӕ гӕсгӕ абон дӕр хъомыладон куыст кӕнгӕйӕ фыццаджыдӕр ӕнцой кӕнын хъӕуы мыггӕгты Ныхасты хистӕрты фӕлтӕрддзинад, фарн ӕмӕ зонындзинӕдтыл.

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 1.09.2022 в 10:13

Отношение к учительскому труду должно меняться

Министр просвещения Российской Федерации Сергей Кравцов, выступая в августе на Байкальском образовательном форуме, заявил, что отношение к учительскому труду должно меняться и что это ключевой принцип в работе над повышением статуса педагога.

ОБЩЕСТВО 4.05.2023 в 08:12

ФЫДЫБÆСТÆ ТЫХДЖЫНДÆР У МÆЛÆТÆЙ

Райгуырæн зæхх… Нæй уымæй уарзондæр, зынаргъдæр.

ОБЩЕСТВО 27.05.2022 в 22:04

Мария Захарова выступила на деловом форуме «журналиста»

24 мая на ежегодном Деловом форуме «Качественная пресса и перспективы ее развития» выступила Мария Захарова, директор департамента информации и печати Министерства иностранных дел РФ. Она ответила на вопросы участников о месте России в информационной войне и уходе качественных СМИ с медиарынка.

ОБЩЕСТВО 27.04.2023 в 08:41

Ирон адæмы энциклопеди

Зындгонд куыд у, афтæмæй Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ Указмæ гæсгæ 2023 аз нымад æрцыд «Нартиадæйы азыл».

ОБЩЕСТВО 24.09.2022 в 10:00

Международный форум «Христианство на Кавказе: традиции и современность»

В администрации Владикавказа состоялась пресс-конференция, посвященная проведению Международного форума «Христианство на Кавказе: традиции и современность».

ОБЩЕСТВО 30.11.2017 в 11:22

Ирина Азимова встретилась с учителями осетинского языка

Министр образования и науки РСО-А Ирина Азимова встретилась с учителями осетинского языка Ириной Накусовой и Илоной Валиевой.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО