Æгас дунейы Куадзæн у уалдзыгон, æхсызгондзинады, ирд бæрæгбон. Нæ зæрдæтæ нын дзаг кæны циндзинадæй, хайджын сæ кæны удварны хæзнатæй.
Уадз ацы бæрæгбон уæ хæдзæрттæм бахæссæд фарн, уарзондзинад, хорздзинад æмæ рухсдзинад, уæ зæрдæтæ та байдзаг уæнт уæ бинонты æмæ уе ‘ввахс хиуæттимæ циндзинадæй. Куадзæны бæрæгбоны уын нæ цæст уарзы, цæмæй æппæт дунейыл уа сабырдзинад æмæ Стыр Хуыцауы æххуысы амонд.