Куыд æппæт Ирыстоны скъолатæ, афтæ 25-æм астæуккаг скъола дæр 1-æм июны (Хурхæтæны мæйы) йæ дуæрттæ уæрæх байгом кодта Дзæуджыхъæуы 4-æм, 15-æм æмæ 25-æм скъолаты ахуырдзæутæн.
Скъолайы къордтæ сты æртæ:
1-аг къорд – 15-æм скъола «Хæлардзинад»; 2-аг къорд – 4-æм скъола «Дельфин»; 3-аг къорд – 25-æм скъола «Арвæрдын».
Лагеры разамонæг у 25-æм скъолайы кæстæр кълæсты ахуырдзауты хуыздæр ахуыргæнджытæй иу – Гобозты Маринæ. Ацы æрыгон чызг сæрдыгон лагеры программæ снывæзта алыхуызон диссаджы мадзæлттæй. Сывæллæттимæ чи кусы, уыцы ахуыргæнджытæ сабиты ахонынц нæ горæты зындгонд хиирхæфсæн бынæттæм.
Не скъолайы спортивон фæзы лагердзаутæ базонгæ сты Уæрæсейы кадджын, цытджын, уырыссаг литературæйы бындурæвæрæг Александр Сергейы фырт Пушкины райгуырæн бонимæ æмæ йе сфæлдыстадимæ.
Ацы бакаст байгом кодтой Дзæуджыхъæуы уæлæмхасæн ахуырты Центр «Сфæлдыстад»-ы экологи æмæ туризмы разамонджытæ – Виктор Семены фырт Беляев æмæ Хъесаты Иринæ Григоры чызг. Сæ фарстатæн сын æмдзыхæй раст дзуаппытæ лæвæрдтой сывæллæттæ.
Нæ горæты нæ, фæлæ ма Горæтгæрон районты скъолаты дæр Иринæйы зонынц йæ хорз, æвидийгæ куыстæй. Уæрæсейы горæттæм дæр абалц вæййы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытимæ экскурсийы. Сывæллæттæ, ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ райгонд сты Иринæйæ. Уæлдай хуыздæр арфæйы фыстæджытæ та райсы, йæ ахуырдзаутæ Кады гæххæттытæ æмæ дипломтæй хорзæхджын куы æрцæуынц Уæрæсейы алыхуызон конкурсты, уæд.
25-æм скъолайы кæрты лагеры сывæллæттæ, Иринæ æмæ йæ куысты разамонæг Виктор Беляев скодтой туристон арт. Сывæллæттæн фенын кодтой компастæ, рюкзактæ æмæ ма æндæр туристон дзаумæттæ.
Диссаг та уый уыдис, æмæ сугты цæхæрæй картофтæ куыд къахтой лæдзгуытæй, фу сыл кодтой, афтæмæй сæ цингæнгæйæ хордтой. Уымæй хуыздæр ма цы вæййы, цыма, æрдзы хъæбысы уыдысты, афтæ сæхи æнкъардтой. Зарыдысты æмæ дзырдтой æмдзæвгæтæ. Сæ хæдзæрттæм дæр нал фæкомынц, нырма нæ нæ фæнды, зæгъгæ, фæдзурынц.
Гъе, афтæ зæрдиагæй улæфынц скъолайы лагеры сывæллæттæ.
25-æм скълайы директор Бузойты Зæлинæ Султаны чызджы номæй стыр бузныг зæгъæм лагеры чи кусы уыцы ахуыргæнджытæн:
Лагеры хицау – Гобозты Маринæ, Абайты Фатимæ, Регинæ Артемова, Бекъойты Майæ, Бетрозты Фатимæ, Янæ Богомаз, Гергиты Альбинæ, Гогаты Кристинæ, Джабиты Таисæ, Дзагойты Раисæ, Дудиаты Ингæ, Елеты Алетæ, Икъаты Беллæ, Карпова Ирæ, Хъастуаты Терезæ, Хъыбызты Регинæ, Янæ Константинова, Къæбысты Эллæ, Мæргъиты Нино, Вероникæ Маркина, Мысыккаты Маринæ, Музаты Важа, Музаты Заирæ, Оля Никитина, Остаты Сергей, Таня Пастухова, Сохъырты Катеринæ, Томайты Алыксандрæ, Таня Харисова, Цориты Мадинæ, Цæрукъаты Залинæ æмæ Дмитрий Крупнов.
ХЪÆЦМÆЗТЫ Маринæ