ОБЩЕСТВО

Уацамонгæ

ДЗАНÆГАТЫ АМЫРАНЫ ЦИРХЪ

 

Раджы заманы та иу хатт Хуссар Ирыстонмæ æнæнхъæлæджы  ныббырстой гуырдзиаг къниæзтæ, амардтой бирæ адæм, басыгътой дзæвгар хæдзæрттæ.

Гуырдзыйæ сæ маст райсыны фæнд скодтой Æлгъуызаты мыггаджы хæстон фæсивæд æмæ фæсидтысты æппæт Ирыстоны адæммæ. Сæ сидтмæ гæсгæ Ручъы хъæумæ фæдисы фæцыдысты алы кæмттæй: Уæлладжыры комæй, Куырттаты комæй, Туалгомæй – иу дзырдæй, алы кæмттæй дæр æмæ æрæмбырд сты Дзуарыбын.

 

Бирæ фæбыцæу кодтой, гуырдзиаг тыхгæнджытæй сæ маст райсыны охыл стæрæн разамынд чи хъуамæ кæна, уый тыххæй. Куыдфæстагмæ æрæнцадысты Джимарайы хъæуккаг Дзанæгаты Амыраныл. Хуссар Ирыстоны цъус нæ уыд, хæстон къордæн разамынд кæнын кæуыл баууæндыдаиккой, ахæм хъæбатыр хæстонтæ, фæлæ  Дзанæгаты мыггаг уыдысты Æлгъуызаты мыггагæй равзæргæ, уымæй уæлдай мыггаджы фыдæл Дзана уыдис Ос-Бæгъатыры комкоммæ фæдон, ома, уыд Алгъуызы фырт, кæцы йæхæдæг та уыдис Ос-Бæгъатыры фырт. Иугæр ахæм хъуыдыйыл æрæнцадысты, уæд цалдæр барæджы арвыстой Джимарамæ, сæ фæндон Амыранæн фехъусын кæныны охыл. Фæлæ Амыран уыцы рæстæджы хæдзары нæ разынд. Изæры куы фæзынд, уæд ын йæ мад ракодта барджыты хабар. Амыран йæ бæхæй дæр не ‘рхызт, афтæмæй йæ мадæй æркуырдта фæндаггæгтæ æмæ фæцагайдта барджыты фæдыл. Баййæфта сæ Куырттаты æфцæгыл æмæ  иумæ араст сты Рукъмæ. Фæндагыл амбæлдысты дыууæ дондзау чызгыл. Амыран сæ дон æркуырдта. Чызджытæ уыдысты тынг рæсугъд æмæ Амыран аскъуыддзаг кодта сæ иуы ракурын, йæ балцæй куы раздæха, уæд. Фæлæ чызджытæ сæ цурæй куы фæхицæн сты, уæд дзы иу аивæй афтæ бакодта:

 

– Куыд хорз, куыд рæсугъд лæппу у.

 

– О, фæлæ куыд тæригъæд у, иуцæстон кæй у, уый тыххæй…

 

Амыранæн чызджы ныхæстæ йæ зæрдæ тынг бакъуырдтой æмæ аскъуыддзаг кодта йæ хæстон балцæй мауал æрыздæхын… Æрхæццæ сты Рукъмæ. Уым скодтой стыр куывд хæстон балцы афæндарасты охыл. Рагон ирон æгъдаумæ гæсгæ Амыран æрлæууыд нывондаг галы цармыл æмæ скуывта Стыр Хуыцаумæ, цæмæй йын йæ цард нывондæн айса сæ уæлахизы сæраппонд æмæ йæ хæстонтæ иууылдæр сæрæгасæй сæмбæлой сæ хæдзæрттыл. Æмæ афтæ дæр рауад. Амыран фæмард тохы быдыры, фæлæ йæ хæстонтæ иууылдæр сæрæгас æмæ уæлахизимæ æрыздæхтысты сæ хæдзæрттæм. Амыраны мард æрхастой Рукъмæ æмæ йын стыр кады хъуыддæгтæ фæкодтой. Уыцы стæримæ баст цыдæриддæр дзаумæттæ уыд, уыдон бирæ азты дæргъы æфснайдæй дардтой Хуссар Ирыстоны алы æмæ алы хъæуты. Уыдоны ‘хсæн сæйраг уыдис Амыраны цирхъ. Уый бирæ азты дæргъы æвæрд уыдис Сыбайы хъæуы Сыгъзæрин дзуары. Афæдз-иу æй иу хатт систой йæ кæрддзæмæй, цæмæй сæхи дзуарыл бафæдзæхсой, фæлæ-иу цирхъ фæстæмæ кæрддзæмы нал куымдта, цалынмæ-иу Сыгъзæрин дзуары номыл кусарт акодтаиккой, уæдмæ.

 

ИРЫСТОНЫ ÆРДЗОН ÆВÆРÆНТÆ

 

Хъæздыг у Ирыстоны зæхх алыхуызон згъæртæй (сыгъæрин, æвзист, зды, цинк). Уыдон къахыны куыст кодтой ирон адæмы фыдæлтæ: рагон хъобайнæгæ, скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ. Адæмон таурæгъ куыд зæгъы, афтæмæй ирон легендарон балхон Ос-Бæгъатыр гуырдзиаг паддзах Вахтанг 1 рæстæджы Садоны æрзæткъахæнты къахта æвзист. Фæлæ йæ мæлæты фæстæ, йæ фыртты ‘хсæн тох куы райдыдта, уæд уыцы æвзисты гуырæны куыст æрлæууыд. Рагзаманты нæм æвзист æмæ здыйы гуырæнтæ кæй уыд, ууыл дзурæг сты, Ирыстоны хæхты цы шахтæтæ баззад,уыдон. Сæ койыл арæх æмбæлæм нæ ивгъуыд иртасджыты куыстыты æмæ æддагбæстæйаг бæлццæтты фыстыты. Стæй нæ материалон культурæмæ цы дзаумæттæ хауы, уыдон дæр дзурæг сты ууыл – ирон адæм рагæй кодтой зæххы, фосдарды куыст, æмæ сæйраг хъæууонхæдзарадон кусæнгæрзты фæзындæн ахæссæн ис аланты заманмæ, кæмдæрты ма ис ноджы раздæры дуджы кой дæр.  Ирон адæмы рагзаманты куыстытæй ахсджиагдæр уыд цуаны цæуын. Уыимæ баст у канд зынгæхсæн хæцæнгарзы фæзынд нæ, фæлæ топпыхос æмæ здыйæ нæмгуытæ аразыны хъуыддаг дæр. Хæстон (тохы) мæсгуыты сисдзæфты конструкцитæм гæсгæ зæгъæн ис, æмæ ирон адæммæ зынгæхсæн хæцæнгарз уыд суанг XIV æнусы. 

 

ЕРЦЪОЙЫ ЦАДЫ СУСÆГ ХИЦАУ

 

Хуссар Ирыстоны æрдзон рæсугъддзинæдтæй сæ иу Ерцъойы цады тыххæй бирæ легендæтæ баззад, дзæвгар азты йын иртæстой йæ сусæгдзинæдтæ алы æмæ алы бæстæты ахуыргæндтæ. Цæвиттон ацы цадæн 5-6 азы иу хатт йæ дон кæдæмдæр ахъуызы æмæ басур вæййы. Иуæй-иутæ йæ æмбарын кæнынц, цыма цады бын ис лæгæттæ, æндæртæ йæ бæттынц æндæрпланетæйон архайдимæ. Фæлæ ирон адæм уæддæр æууæндынц рагон легендæйыл. Уыцы легендæмæ гæсгæ Ерцъойы цады цур кæддæр цард хъæздыг æмæ тыхджын уæйыг. Уый тыхæй иста адæмы фæллой, цæрын сæ нæ уагъта. Уæд зæххкусæг адæм бавдæлдысты æмæ йæ цады ныппæрстой. Уæйыгæн йæ мæрдон буар нал разынд, фæлæ, дам, уæдæй фæстæмæ кæддæр иу хатт йæ уд райгас вæййы æмæ йæ дойны иу саст бакæны — цады дон баназы иууылдæр. 

 

УАСТЫРДЖИЙЫ ЛÆВÆРТТÆ

 

Иу хатт Уастырджи сфæнд кодта мæгуыр лæджы хуызы адæммæ фæцæуын, адæм зæххыл куыд цæрынц, уый йæхи цæстæй фенын. Фембæлдысты йыл æртæ æфсымæры æмæ сæм уазæгуаты бацыд. Æфсымæртæ цардысты тынг мæгуыр, фæлæ уазæджы райстой зæрдиагæй. Уастырджи сæ райгондæй баззад æмæ сын уымæ гæсгæ сæххæст кодта сæ бæллицтæ: хистæрæн радта бирæ хор, астæуккагæн – бæхы рæгъæуттæ, ставдкъах æмæ лыстæгкъах фос, кæстæрæн та – хорз æфсин. Æфсымæртæ цæмæ бæллыдысты, уыдон сæ къухы куы бафтыдысты, уæд цæрынтæ райдыдтой амондджын æмæ зæрдæрухсæй. Афæдзы фæстæ та Уастырджи сфæнд кодта æртæ æфсымæрмæ мæгуыр лæджы хуызы фæцæуын. Дыууæ хистæры афтæ схъал сты æмæ уазæгыл сæхи атигъ кодтой. Кæстæр æфсымæр хæдзары нæ разынд, фæлæ йе ‘фсин хæдзары уыд æмæ уый мæгуыр лæджы хæдзармæ бахуыдта, гогыз ын аргæвста æмæ уазæджы хорз райста. Цæмæй уазæджы зæрдæ ма фæрыстаид, уый тыххæй æфсин не схъæр кодта, уазæджы ‘рбацыды размæ йæ кæстæр хъæбул кæй амард, уый. Уастырджийы зæрдæ барухс, куыд æй райстой, уымæй, райгас сын кодта сæ сывæллоны æмæ сæ алы хорздзинад æмæ бæркады бын фæкодта. Хистæр æфсымæрты та ралгъыста æмæ сын афæдзы размæ цы балæвар кодта, уыдон дæр байста.

 

Æрмæг бацæттæ кодта КЪУДУХТЫ  Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 12.08.2023 в 08:05

Нарты на польском

На страницах газеты «Владикавказ» от 26 января 2021 года мы рассказывали нашим читателям об ученом – иранисте и арменологе из Польши Анджее Писовиче.

ОБЩЕСТВО 19.08.2022 в 22:27

Казбек Мамаев: «Человек должен постоянно развиваться, двигаться вперед»

Казбек Мамаев – заместитель главы Администрации местного самоуправления города Владикавказа. На эту должность он вступил почти год назад и курирует несколько важных направлений деятельности городской АМС

ОБЩЕСТВО 14.02.2024 в 21:04

Борис Джанаев провел заседание правительства Северной Осетии

Председатель Правительства РСО-А Борис Джанаев провел заседание кабинета министров. На повестке – вопросы социально-экономического развития, направленные на повышение благосостояния и уровня жизни жителей республики, содействие развитию бизнеса и туризма.

ОБЩЕСТВО 30.03.2023 в 08:32

В России напишут юбилейный «Диктант Победы»

Международная акция состоится 27 апреля.

ОБЩЕСТВО 2.12.2017 в 09:48

В Осетии хотят развивать гастрономический туризм

Во Владикавказе прошел межрегиональный туристский форум «Открой вкус Северного Кавказа».

ОБЩЕСТВО 14.01.2023 в 08:25

Угарный газ: как работает «Молчаливый убийца»

Где бы мы ни находились – в гараже, бане, доме с печкой, на автостраде, – нас подстерегает очень коварный и незаметный враг – угарный газ.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО