Куыд зонæм, афтæмæй ирон номдзыд адæмон поэт, ирон аив литературæйы æмæ æвзаджы бындурæвæрæг, фыццаг ирон профессионалон нывгæнæг, зынгæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл 15-æм октябры æххæст кæны 165 азы. Æмæ та йæ бирæвæрсыг сфæлдыстады алыварс æрбамбырд кæндзæн, æнæкæрон уарзтæй кæй уарзта, уыцы адæмы.
Зынаргъ газеткæсджытæ, цы ног рубрикæ фæзынд – «Къостайы райгуырды 165 азы бонмæ», зæгъгæ, уым та уын уæ размæ хæссæм, поэтимӕ баст чи у, ахæм хъуыдытӕ.
Къостайы хъуыстгонддæр ацы къам систа Леонтий Рогозинский – революцийы агъоммæ Дзæуджыхъæуы хуыздæр хуызисæг. Ныры дугмæ нæм Къостайы къамтæй цы æрхæццæ, уыдонæн сæ фылдæр систой Дзанайты-Хетæгкаты Садуллæ æмæ Леонтий Рогозинский.
Революцийы агъоммæ Дзæуджыхъæуы æртын къамисæгæй фылдæр куыста. Сæ зындгонддæртæ уыдысты Оже, Квитон, Бититы Иван, Дзанайты-Хетæгкаты Садуллæ æмæ Леонтий Рогозинский.
Леонтий Рогозинский йæ рæстæджы хъуыстгонд къамисæг уыдис. Иста горæты хуызтæ, зылдис Арвы комы фæндагыл æмæ иста рæсугъд нывтæ. 1900 азы та рацыд Кавказы хуызистыты фыццаг æмбырдгонд. Бакуыста йыл Леонтий. Йæ ателье уыдис Ремесленнаяйы уынджы. Дæсны къамисæг систа 30 000 хуызистæй фылдæр, йæ павильоны та æдзух бирæ адæм уыдис. Аив æмæ рæсугъд, сыгъдæг æмæ хъæздыг арæзт бæстыхæйттæ алкæй зæрдæмæ дæр цыдысты. Бирæтæ йæ нæ зонынц, фæлæ павильонтæй иуы къултæ йæ нывтæй Къоста саив кодта. Уæвгæ, Леуаны фырт æмæ Леонтий лымæн цард кодтой.
Ныры фæлтæртæм æрхæццæ Леонтий Рогозинскийы ист Къостайы къам. Се ʼппæтæн дæр зонгæ у: урс басылыхъхъы æмæ тар нымæты, иу къах –иннæуыл. Бирæтæ Къостайы ацы къам нымайынц хуыздæрыл.
Къоста Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæд ыл æртын азмæ ʼввахс йеддæмæ нæ цыдис. Алцæмæй дæр уыди æххæст – бакастæй, зондæй, хъаруйæ, ахуырдзинадæй, стыр поэт æмæ нывгæнæджы курдиатæй. Уыд æгъдауджын, дзырдарæхст, фæлмæнзæрдæ. Уымæ гæсгæ йæ адæм бирæ уарзтой, кодтой йын стыр аргъ.
Академи фæуыны тыххæй йæм гӕххӕтт кæй нæ уыдис, уый тыххæй йæ куыстмæ никуыдæм истой. Афтæмæй та уыцы рæстæджы канд Ирыстоны нæ, фæлæ æгас Кавказы Къостайæ стырдæр æмæ дæсныдæр нывгæнæг нæ уыдис.
1885 азæй 1891 азмæ Къостайæн зын рæстæг уыдис. Цардис, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу цы чысыл куыстытæ ссардта, уыцы мыздæй. Арæзта декорацитæ, портреттæ æмæ æндæр лыстæг куыстытæ.
1888–1889 азты цардис Алагиры. Бынæттон аргъуаны къултыл кодта дзуæртты нывтæ, уæгъд рæстæг та йæхи нывтыл куыста. Адæм æй бирæ уарзтой, сывæллæттæм та раст зæды хуызæн кастис, æмæ-иу куы куыста, уæд-иу æм арæх æрбатахтысты. Сабиты ауынгæйæ-иу Къоста кæддæриддæр йæ куыст ныууагъта, дæлæмæ-иу сæм æрхызт æмæ семæ зæрдиагæй ныхас кодта.
КЪУДУХТЫ Маринæ