Уæрæсейы историйы ахсджиаг бынат бацахста, президент Владимир Путин Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæты ссæрибар кæныны тыххæй цы сæрмагонд æфсæддон операци расидтис, уый. Дыууæ азы дæргъы дзы активонæй архайынц Ирыстоны фырттæ дæр. Сты кæддæриддæр раззаг хаххыл, æвдисынц стыр хъæбатырдзинад. Уымæн та æвдисæн, цы хорзæхты аккаг свæййынц, уыдон.
Цæгатирыстойнаг хæстон Плиты Георги (йæ фæсномыг «Доцент»), Фыдыбæстæ æмæ паддзахадон интерестæ хъахъхъæнгæйæ, хæстон æмæ æндæр операцитæ æххæст кæныны рæстæджы æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад кæй равдыста, уый тыххæй президент Владимир Путины бардзырдмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд «За храбрость»-ы II къæпхæны майданæй.
Хуссарирыстойнаг хæстон, Къуайсайы цæрæг, капитан Зассеты Сæрмæтæн сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ æхсардзинады тыххæй саккаг кодтой Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон хорзæх – 2-аг къæпхæны цирхъытимæ ордены майдан «За заслуги перед Отечеством».
Уый размæ та Сæрмæт Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы бардзырдмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд майданæй «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг» – сæрмагонд æфсæддон операцийы йе ʼфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад кæй равдыста, уый тыххæй.
Цæгат Ирыстоны Комгæроны хъæуккаг хæстон Болататы Геннади хорзæхджын æрцыд «За службу на Кавказе»-йы 2-аг къæпхæны майданæй хæстон архæйдтыты рæстæджы равдисгæ æхсардзинады тыххæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы архайы æрдæг азæй фылдæр.
Ирон хæстон Дзæгъиаты Азæмæт Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ хъæбатырдзинад æмæ расчетты дырысдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады майдан «За боевые отличия»-йæ. Стæй ма хæстон архæйдтыты рæстæджы йæ цардæн тæссаг уавæрты равдисгæ сгуыхтдзинад æмæ ныфсхастдзинады тыххæй УФ-йы президент Владимир Путины барамындæй хорзæхджын æрцыд «За спасение погибавших»-ы майданæй.
Батальон «Шторм. Осетия»-йы взводы командиры хæдивæг Гаугаты Алан (йæ фæсномыг «Марокканец») сæрмагонд æфсæддон операцийы цæрæн пункт Жеребянкийы йæ разы æрæвæргæ хæстон хæстæ намысджынæй сæххæст кæныны тыххæй хорзæхджын æрцыд УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады майданæй.
Хуссарирыстойнаг хæстон Коцты Харитон Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины бардзырдмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд «200 лет Георгиевскому кресту»-йы риуылдаргæ нысанæй. Ивгъуыд аз та йын Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы бардзырдмæ гæсгæ саккаг кодтой «Фыдыбæстæ хъахъ- хъæнæг»-ы майдан, сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ хæстон хæс æххæст кæнгæйæ æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад кæй равдыста, уый тыххæй.
РЦИ-Аланийы Заводскойы цæрæг, батальон «Шторм. Осетия»-йы хæстон Дудайты Тимур президент Владимир Путины бардзырдмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй. Уый карз тохты рæстæджы фæци уæззау цæф, æмæ куы сдзæбæх, уæд та слæууыд йæ хæстон æмбæлтты рæнхъы æмæ тох кæны нацизмы ныхмæ.
Куыдзеты Андрей сæрмагонд æфсæддон операцийы хæцы фыццаг бонтæй ирон батальон «Сæрмæт»-ы рæнхъыты. Авдеевкæйы хæстон цауты ацы батальон иста активон хайад. Андрей нымад цæуы дæсны хæстоныл, уымæн æмæ йæм ис иттæг хорз фæлтæрддзинад. Цалынмæ Донбассмæ нæ ацыд, уæдмæ службæ кодта Хуссар Ирыстоны Хъахъ-хъæнынады министрады. Ныртæккæ цы батальоны архайы, уый, æппæты зындæр хæстæ æххæст кæнын кæм фæхъæуы, уырдæм æрвитынц. Йæ къорды лæппутимæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бабырстой националистты лæууæн пункттæм, афтæмæй сæ тасы æфтауынц.
Куыдзеты Андрей хæстмæ кæй ацыд, уый йæ бинонтæ æрæгмæ базыдтой. Мад йæхицæн бынат нал ардта, хабар фехъусгæйæ. Фæлæ фыд райгонд у йæ фыртæй. Æцæг лæг, дам, хъуамæ фæраза зындзинæдтæн, райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны хæс та алкæуыл дæр ис.
Абайты Юри, 71-æм гвардион мотоæхсæг полкы командиры хæдивæг, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы ис фыццаг бонтæй фæстæмæ. Æрмæстдæр иу тохы йæ чысыл штурмон къорд амынæты ракодта 18 адæймаджы. Йæ командæкæнынадæй батальонтæ слæмæгъ кæнын нæ бантыст ныхмæлæууæгæн.
429-æм полкы 1-аг батальоны хæстон Тедеты Аслан сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстон архæйдтыты уавæры хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинад бирæ хæттыты равдыста. Уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй.
Хуссар Ирыстоны республикон бирæпрофилон медицинон центры дохтыр-хирург Мæргъиты Георги ис сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы Донбассы сабыр цæрджыты бахъахъхъæныны тыххæй.
Ацы хъæбатыр хæстонтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зындзинæдты тыххæй никуы фæдзурынц, зонынц æрмæстдæр иу хъуыддаг: хæсты быдыры удуæлдай тох чи кæны, уыдон сæрæгасæй æмæ уæлахизимæ кæй æрыздæхдзысты сæ хæдзæрттæм. Хуыцау зæгъæд!