«Ирон æвзаг ахуыр кæныны уавæр скъолаты» – æрæджы Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы ахæм темæйыл арæзт æрцыд уæрæх æмбырд. Архайдтой дзы Уататы Зелим, Дзæгъойты Вячеслав, Туаты Руслан, Дзекъойты Юри, Цыбырты Людвиг, Дзасохты Музафер, Торчынты Хъазыбег, Къусраты Анатолий, Æлборты Иван, Хæдарцаты Аслæнбег, Бургалаты Заремæ, Бигъуылаты Людмилæ, Битарты Маринæ æмæ Хетæгкаты Оксанæ.
Æмбырды цы ахсджиаг фарстатыл цыд ныхас, уыдонæй иу уыд ирон æвзаг ахуыр кæныны уавæр скъолаты. Ирон æвзаг махæн у сæйраг æвдисæндар нæ царды. Нырыккон скъолайы сæйрагдæр домæнтæй та иу у мадæлон æвзаг æмæ литературæ, адæмы истори æмæ æгъдæуттæ бæстон, арф сахуыр кæнын. Цæмæй скъоладзау суанг йæ сабийы бонтæй фæстæмæ бауарза йæ фыдыуæзæг, йæ мадæлон æвзаг, æмæ райрæза йæ национ хиæмбарынад.
Хетæгкаты Къостайы номыл националон наукон-культурон центр, ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас» æмæ РЦИ-Аланийы ахуырады министрад, иумæйаг куыст бакæнгæйæ, скъолаты ауагътой мониторинг, ахуырдзаутæ ирон æвзаг куыд зонынц, уый фæдыл. Йæ хатдзæгтæ кæнгæйæ, Æлборты Иван фембæлды радзырдта йæ хъуыдытæ.
– Мониторинг куыд равдыста, афтæмæй скъолаты ис æппæт уавæртæ, цæмæй мадæлон æвзаг, куыд æмбæлы, афтæ ахуыргонд цæуа. Ахуыргæнджытæ сты стыр профессионалон зонындзинæдтимæ, методикæйы домæнтæ иууылдæр æххæст кæнынц. Фæлæ практикæ куыд æвдисы, уымæ гæсгæ сывæллæттæ мадæлон æвзагæй уæддæр иуварс цæуынц, – загъта Æлборы Иван.
Æмбырды скъолаты сæргълæуджытæн æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн лæвæрд æрыди рекомендацитæ, цæмæй сæ куысты ахадындзинад егъаудæр кæна, уый тыххæй.
Дыккаг фарст уыд, ахуыргæнджыты бартæ æмæ сæ мызд бæрзонддæр кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй. Уыцы фарсты фæдыл Уататы Зелим загъта:
– Ахуыргæнджытæ æнахуыр уавæры сты абон: нал сын ис бар скъоладзаутæн бауайдзæф кæнын. Сывæллон ахуыргæнæгмæ фæстæмæ куы сдзура, уæд ын ничи ницы зæгъдзæни. Фæлæ йын ахуыргæнæг куы бауайдзæф кæна, уæд æй бафхæрынц. Уый хорз нæу. Стæй лæмбынæгæй æркæсын хъæуы нæ ахуыргæнджыты мыздмæ. Уыцы фарст та хæсдзыстæм хицауады размæ.
Фембæлды ныхас цыд ирон чиныджы хъысмæтыл дæр. Дзасохты Музафер банысан кодта:
– Ныртæккæ рауагъдад «Ир» нал мыхуыр кæны ирон æвзагыл фыст чингуытæ. Уымæн æмæ сæ чи кæса, уый нæм нал ис. Иронау куы нæуал кæсæм, уæд не ‘взаг куыд хъуамæ фæхъæздыгдæр уа? Æвзаг та хъæздыгдæр кæны, ног аивадон литературон уацмыстæ йыл фыст куы цæуа, уæд. Фæлæ сæ чи кæса, уый нæй, æмæ уæд нæ фысджытæ кæмæн фыссой?
Æмткæй райсгæйæ, æмбырд рауад мидисджын. Бирæ хорз хъуыдытæ дзы загъд æрцыди. Кæронбæттæны тымбыл фынджы архайджытæ фидарæй зæрдæ бæвæрдтой, æппæт уыцы хъуыдытæ сабыргай арæзт кæй цæудзысты, мадæлон æвзаджы уавæр фæхуыздæр кæныныл удуæлдай куыст кæй кæндзысты. Уый æнæмæнг дæр афтæ хъуамæ уа. Уæд æнустæм цæхæртæ калдзæн Ирыстон.
Ирон æвзаджы хъысмæт аразгæ у не ’ппæтæй дæр, æмæ йыл хъуамæ иумæ зæрдиагæй кусæм.
КЪУДУХТЫ Маринæ