ОБЩЕСТВО

«ÆЗ ТЫРНЫДТОН, ЦЫ НÆ ЗЫДТОН, УЫДÆТТÆ ФЕНЫНМÆ»

Гæздæнты Гайтойы райгуырдыл сæххæст 120 азы

 

Цардтымыгъ æй фæхаста йæ райгуырæн зæххæй, цæргæ-цæрæнбонты йæм æцæгæлон бæстæйы йæ былыцъæрттæ фæхордта. Фæлæ нал сæмбæлд йæ фыды уæзæгыл.

 

Гæздæнты Гайто (йæ аргъуыды ном – Георгий) райгуырдис 1903 азы Петербурджы. Гайтойы ныййарджытæ уыдысты уæды заманы ирон интеллигенцийы минæвæрттæ. Йæ мад æмæ фыд тынг хæларæй, уарзонæй кæй цардысты, уый дæр хорзӕрдӕм фæахъаз сабийы хъомыладæн.

 

Петербургæй Гæздæнтæ ацыдысты Сыбырмæ, фæстæдæр цардысты Белоруссийы, Тверы губернийы – Бæппи-иу йæ куысты фæдыл кæдæм афтыдис, уым. Фæлæ-иу сæ сæрд æрвыстой Ирыстоны.

 

Гайтойы фыдæлтæ уыдысты Къусæгонты иу къабаз, Дзæуджыхъæумæ æрбалыгъдысты нудæсæм æнусы райдиан Урсдонæй. Ирон культурæйæн стыр хæрзты бацыдис Гæздæнты ацы хæдзарвæндаг. Цаутæй хъæздыг уыди Гайтойы фыдыфыд Сæгейы цард. Хъæбатырæй хæцыд Турчы хæсты дæр. Фæлæ йæ цоты – дыууæ чызджы æмæ цыппар фырты – сарæзта ахуыры арфæйаг фæндагыл. Гайтойы фыдыфсымæр Данел уыд ирон интеллигенцийы зынгæ минæвар, хæларæй цардис Хетæгкаты Къостаимæ, Коцойты Арсенимæ. Куыста цензорæй ирон периодикон мыхуырæн æмæ æппæт мадзæлттæй дæр архайдта, цæмæй национ мыхуыр ссæст ма цæуа. Данелы чызг Аврорæ та сси фыццаг ирон балеринæ.

 

Ирыстоны хорз зыдтой Гæздæнты Гуыргъохъы дæр – æвдайæм азты Петербурджы кавказаг народникты къорды уæнг. Фæстæдæр Дзæуджыхъæуы ахæм къорд чи сарæзта, уыдонæй иу уыд Гуыргъохъ. Уыцы къорды хъæппæрисæй Ирыхъæуы сусæгæй арæзт æрцыд скъола мæгуыр адæмы сывæллæттæн – ахуыргæнæгæй дзы куыста Гуыргъохъы бинойнаг Мелани. Ацы хæдзарвæндаджы хæрæфырт у Къубалты Алыксандр дæр.

 

Гайто та йæхæдæг куырттатаг Абациты хæрæфырт – уыдон Дзывгъисæй куы ралыгъдысты, уæд æрцардысты Хъæдгæроны. Гайтойы мад Дикæйы (йæ аргъуыды ном – Верæ) гыццыл чызгæй аластой Петербургмæ æмæ ам хъомыл кодта йæ фыдыфсымæр Абациты Мæхæмæты (Иосифы) хæдзары. Мæхæмæт рæдау фысым фæцис Къостайæн – 1881 азы поэт куыддæр Петербургмæ ссыд, афтæ бацагуырдта Абациты хæдзар. Мæхæмæт æвдайæм азты ахуыр кодта Петербурджы технологон институты, йæ революцион архайды тыххæй къорд хатты ахсты бахауди. Мæхæмæты бинойнаг Лидия Погожева дæр архайдта революцион змæлды. Кæд фæстæдæр уыцы куыстæй иуварс ацыдысты, уæддæр адæмы раз сæхи хæсджын хуыдтой. Хъæдгæройнæгтæ 1905 азы революцион змæстыты кæй архайдтой, уый тыххæй æхцайæ иваргонд фесты, æмæ, æфстæуттæ райсгæйæ, Мæхæмæт хъæуы номæй бафыста 3500 сомы сызгъæринæй. Сæ хæдзар æнусы æмбис уыд фæрныг фысым, Петербурджы-иу цы ирон фæсивæд ахуыр кодтой, уыдонæн. Æмæ Абацитæ мыггагмæ арфæйаг фесты Къостайæ Абайты Васойы онг фæлтæртæн. Ацы хæдзары схъомыл сты æмæ ахуырад райстой сæ бирæ хæрæфырттæ. Гайто та гуыргæ дæр ам ракодта æмæ йыл цалынмæ æртæ азы сæххæст, уæдмæ уыдонмæ фæцис.

 

1911 азы фæзиан Гайтойы фыд. Æнахъомæй амардысты йæ дыууæ хойы дæр. Афæдзы фæстæ Гайто бацыд Харьковы гимназмæ æмæ дзы фæахуыр кодта 1919 азмæ. Йæ ахуыры азтæ æрæййæфтой, историон цаутæ дуне иннæрдæм куы фæкодтой, уыцы рæстæджытæ: фыццаг дунеон хæст, дыууæ революцийы, мидхæст: Гайто царды цаутæм иуварсæй нæ касти. Тынг æй фæндыд, цы уыдта æмæ цы хъуыста, уыдоны сæйрагдæр мидис бамбарын. Йæ цымыдисаг хъуыдытæ, йæ тæссонд фæндтæ ныдздзæгъæлтæ кодтой, тæссармæ фæндагыл æй сæ фæдыл асайдтой.

 

Нудæсæм азы сæрды, авд къласы куыддæр фæцис, афтæ Гайто фидарæй скарста: йæ ахуыр ныууадздзæн æмæ хæстмæ ацæудзæн. Цыдис ыл æхсæрдæсæм аз. Дзæуджыхъæуы йæ хæстæджыты федта, стæй Кисловодскмæ йæ фыдыфсымæрмæ ацыд. Мæнæ куыд фыссы йæ автобиографион роман «Изæр Клэримæ»-йы: «Бархионтæ хæрд фæуыдзысты æви хæст рамбулдзысты, уый мæн никæцырдыгæй æндæвта. Мæн æрмæстдæр иу хъуыддаг фæндыд базонын: хæст циу, уый. Æз тырныдтон, цы нæ зыдтон, уыдæттæ фенынмæ. Урс æфсадмæ уый тыххæй бацыдтæн æмæ уыцы рæстæг, уыдон цы зæххытæ бацахстой, æз дæр уым уыдтæн, иннæмæй та – бирæты фæзмыдтон; фæлæ, зæгъæм, Кисловодск сырхыты къухы куы уыдаид, уæд æз дæр, æвæццæгæн, сырхыты æфсадмæ бацыдаин».

 

Гайто Кисловодскæй Харьковмæ аздæхт йæ мадæн хæрзбон зæгъынмæ. «Мæ фæнд æй зæрдæдзæф фæкодта. Æрхатыд мæм, лæгъстæ мын кодта, цæмæй ма ацæуон, уый тыххæй, фæлæ ме ʼхсæрдæс азы кар тæригъæд нæма зыдта, æндæр куыд хъуамæ фæраст уыдаин хæцынмæ, дæ мады иунæгæй ныууадз, афтæмæй – мацы дæ уырнæд, мацæмæй дæ зæрдæ райæд, æрмæст, хæсты ногæй цыдæртæ кæй фендзынæ æмæ бамбардзынæ, æмæ дæ уыдон, чи зоны, кæд иннæрдæм фæкæниккой, зæгъгæ, уый охыл».

 

Ссæдзæм азы ноябры, Врангелы дæрæн æфсæдтæй ма цы баззад, уыдон ласт цыдысты Туркмæ. Семæ Гайто дæр бафтыд Галипполийы æфсæддон лагерьмæ æмæ дзы афæдзы бæрц æрдаудта. Хицауад сæхи афтæ æвдыстой, цыма Турчы цы ныфссаст æмæ æнæхæдзар салдæттæ ис, уыдон æфсад сты — афицертæ домдтой, цæмæй сын æфсæддон кад дæттой, цæмæй тæлфын дæр ма уæндой, уый. Гайто, æнæрцæф лæппу, уæззау уавæры бахауд. Уый йæхи дæлбар нæ уагъта, уыдон та дзы коммæгæс фæсдзæуин уæвын агуырдтой. Æмæ йæм смæсты сты, карз æфхæрд дæр баййæфтаид, фæлæ йæ сæрыл, йæ фыды йын хорз чи зыдта, ахæм афицер рахæцыд, стæй йын алидзынæн дæр баххуыс кодта. Афтæмæй Гайто Стамбулмæ бафтыд æмæ ам æнæнхъæлæджы фембæлди Гæздæнты Аврорæйыл – уый уæдмæ балеринæ сси, революцийы агъоммæ ацыд Уæрæсейæ фæсарæнтæм. Аврорæ æмæ йæ лæг (уый дæр кафæг уыд) бацархайдтой, цæмæй Гайтойы уырыссаг гимназмæ ахуыр кæнынмæ райсой. Уыцы гимназ байгом дыууын дыккæгæм азы апрелы мæйы Болгарийы Шумены горæты. Афæдзы фæстæ, аттестат куы райста, уæд Гайто фæраст Парижмæ.

 

Дунейы рæсугъддæр горæт чъылдымздæхт уыд йæ хæддзу уазджытæм. Æмæ цы нæ бавзæрста ам Гайто дæр! Уæхскуæзæй алы уæргътæ хаста наулæууæны, стæй паровозтæ æхсадта, автомобильтæгæнæн заводы уыд быраузилæг, францӕгты ахуыр кодта уырыссаг æвзагыл, уырыссæгты та францагау, стæй уынджы къæйыл аззад æмæ ссис клошар – гæвзыкк æмæ æнæхæдзар. Уынджы, кæнæ-иу метройы станцæты бахсæвиуат кодта. Йæ сæрыстырдзинад æй хызта мамæлайы къæбæр курынæй, мæгуыр уæвынæй æмæ афтæ тыхамæлттæй иу зымæг арвыста, цалынмæ æхсæвкусæг таксийы шофыр не ссис, уæдмæ. Бирæ азты фæкуыста таксистæй, бындуронæй базонгæ Парижы æхсæвыгон цардимæ, амондæй хъодыгонд мæгуырты хъысмæтимæ – буржуазон æхсæнады фæскъуымтимæ.

 

Куыддæр ын гæнæн фæцис, афтæ та ахуырмæ бавнæлдта – бацыд Сорбоннæйы университетмæ æмæ дзы цыппар азы историон-филологон факультеты фæахуыр кодта литературæйы истори, социологи æмæ экономикæ.

 

Гайто фыссын райдыдта, Стамбулы ма куы уыд, уæд. Йæ уацмыстæ мыхуыры цыдысты журналты, литературон изæрты-иу каст йæ радзырдтæ æмæ эссетæ. 1930 азы Парижы рацыд Гайтойы фыццаг чиныг – роман «Изæр Клэримæ». Æмæ йын æмбойны ном скодта фæсарæйнаг уырыссаг литературæйы: Бунины зæрдæмæ дæр фæцыд, уый уæлдай тынгдæр æппæлыд æрыгон фыссæджы стилистикон дæсныйадæй.

 

Æртынæм азты Гайто архайдта, цæмæй йæ райгуырæн бæстæмæ æрбаздæха, ууыл. 1935 азы 20 июлы уый фыста Горькиймæ: «Мæн фæнды Советон Цæдисмæ аздæхын. Ды мын уыцы хъуыддаджы æххуысгæнæг куы фæуис, уæд æз минæварадмæ курдиат бадæттин æмæ мæм фынддæс азы дæргъы фыццаг хатт бахъарид, мæ цардæн дæр æмæ мæ литературон куыстæн дæр нысан кæй ис, уый, ам та Европæйы сæ дыууæ дæр нæ хъæуынц æмæ æнæпайда сты». Æрмæстдæр йæ сау къухфыст баззад, Горький Гайтойы курдиатæн цы дзуапп æрвитинаг уыд, уымæн: «Мæ зæрдæйæн хæстæг у, Дæу дæ райгуырæн бæстæмæ æрбаздæхын кæй фæнды, уый æмæ мæ бон цы уа, уымæй Дын цæттæ дæн баххуыс кæнынмæ. Ды курдиатджын адæймаг дæ æмæ ам зæрдæзæгъгæ куыст ссардзынæ, царды цин та ис æрмæстдæр уый мидæг. Салам. М. Горький».

 

Бæрæг нæу, Горькийæн хъуыддагæй исты йæ къухы бафтыд, уый: 1936 азы амардис. Гайто курдиат ныффыста советон минæварадмæ, фæлæ йын æрбаздæхыны бар лæвæрд не ʼрцыд.

 

Гайтойы мад, граждайнаг хæст куы банцад, уæд Дзæуджыхъæумæ ссыд. Ам пединституты куыста францаг æмæ немыцаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Йæ фырт æй бæргæ бирæ уарзта, фыста йæм, æрвыста йæм йæ уацмыстæ, йæ фыццаг роман дæр ын бакаст, фæлæ кæрæдзийы нал федтой: Абацион 1939 азы ахицæн.

 

Уымæй æртæ азы размæ Гайто бинонты хъуыддаг бакодта, ракуырдта Ламзаки Фаинæйы — Одессæйæ рафтгæ бердзенæгты чызджы. Советон партизантæ Францы куыд хæцыдысты, уый тыххæй Гайто чиныг ныффыста æмæ 1946 азы рацыд францаг æвзагыл. Уырыссагау къухфыстæй баззад. Чиныг хуыйны «Францы зæххыл».

 

Йæ ном куы айхъуыст, æндæр европæйаг æвзæгтæм дæр сæ куы ратæлмац кодтой, уæд – амал сын фæцис айдагъ литературон куыстæй рæстæмбис цæрынæн. Йæ ном та æцæг нымад ссис, хуыздæр фæсарæйнаг уырыссаг фысджыты æмрæнхъ æрлæууыд, стыр аргъ ын скодтой критиктæ Г. Адамович, М. Осоргин, М. Слоним, В. Вейдле, В. Ходасевич, В. Набоков, Г. Струве, З. Гиппиус, Н. Берберова…

 

Ласло Диенеш стыр иртасæн куыст ныффыста Гæздæнты Гайтойы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.

 

Ахадгæ сфæлдыстадон бынтæ ныууагъта Гæздæнты Гайто: дæс романы, дзæвгар радзырдтæ, уацтæ æмæ эссетæ. «Изæр Клэримæ»-йы фæстæ фæзындысты йæ романтæ «Иу балцы хабар» (рацыд 1938 азы); «Тахт» (1939); «Александр Вольфы æндæрг» (1947–48); «Буддæйы раздæхт» (1949–50) «Æхсæвыгон фæндæгтæ» (1952); «Пилигримтæ» (1953–54); «Райхъал» (1965–66); «Эвелинæ æмæ йæ хæлæрттæ» (1969–1971) æмæ йæ фæстаг роман, æххæст кæй нæ фæци фыст, уый – «Фæфæлдæхт»,– мыхуыры фæзынд 1972 азы.

 

Гайто амардис 1971 азы 5 декабры. Бавæрдтой йæ Парижы уырыссаг уæлмæрд Сен-Женевьев-де-Буайы.


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 21.11.2017 в 15:30

«100 лет – полет нормальный»

Изящный самолетик из газеты, устремленный ввысь, готов вот-вот оторваться от земли. Символ, как  и название специального приза «100 лет – полет нормальный»,  очень точно отражает цель деятельности всей республиканской прессы и прежде всего ее печатного флагмана – «Северной Осетии». Вот только задачи решает она очень даже земные: ведь именно крепкая связь с читателем и является […]

ОБЩЕСТВО 13.12.2023 в 19:20

В РСО-А подведены итоги ежегодного республиканского конкурса детских рисунков «Дети против коррупции»

Торжественная церемония награждения победителей состоялась в Доме Правительства. Памятные грамоты и ценные призы юным жителям республики вручил руководитель Администрации Главы РСО-А и Правительства РСО-А Ибрагим Гобеев.

ОБЩЕСТВО 23.12.2023 в 09:08

ÆГЪДАУ ХÆССЫН УÆЗЗАУ УАРГЪ У

Мах адæм рагæй æрæгмæ иугæйттæй нæ цардысты. Æхсæнадон цард та домы кæрæдзимæ æнгом лæууын, бахъуаджы сахат кæрæдзийæн æххуыс кæнын, æгъдау дæттын. Чындзæхсæвы æнцон нæу, зæгъæм, къухылхæцæг-æмдзуарджынæй, хъуыддагæн уынаффæгæнæгæй, кæнæ фынджы хистæрæй балæггад кæнын. Фæлæ-иу уыцы хæстæ кæуыл æрхаудысты, уыдон сæ сæхицæн кадыл нымадтой.

ОБЩЕСТВО 11.11.2017 в 09:00

Спорт для всех!

Во Владикавказе впервые прошли соревнования по бочче для учеников средних классов, в которых приняли участие дети с ограниченными возможностями здоровья.

ОБЩЕСТВО 12.05.2023 в 18:24

Праздник в «Моей семье»

В любой стране, даже самой развитой, к сожалению, немало детей-сирот и детей, которые по разным причинам остались без попечения родителей.

ОБЩЕСТВО 20.02.2023 в 21:00

Они освещают путь к знаниям

Подведены итоги муниципального этапа конкурсов профессионального мастерства «Учитель года» и «Педагогический дебют».

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО