ОБЩЕСТВО

АЛЫ САБИЙÆН ДÆР ИС РÆСУГЪД МИДДУНЕ

Зæххы къорийы алы къуымы дæр æппæты зынаргъдæр æмæ уарзондæр у сывæллон. Æрдзæй нын афтæ лæвæрд у, æмæ хъæбулыл хъуамæ аудæм. Йæ фæстæ фæд ныууадзын кæмæн бантысы йæ цоты хуызы, уый фæсмойнаг нæ вæййы йæ царды.

 

«Фыдвæды бæсты æвæд хуыздæр у», – афтæ амоны рагон нæртон æмбисонд: ома, дын цæйнæфæлтау æвзæр, ницæйаг кæстæртæ уа, фæлтау сæ æгасæй дæр æнæхай у цæрæнбонты. Æмæ кæд нæ фыдæлты фарн æмæ куырыхондзинад гуырысхойаг не сты, уæддæр абон ацы æмбисондимæ бирæтæ не сразы уыдзысты. Цæвиттон, кæд алчи куырыхон ахуыргæнæг æмæ фæлтæрд психолог нæу, уæддæр фидар лæуд у иу хъуыдыйыл: сывæллон æмбæлон хъомылад кæй нæ райсы, æвзæр хъуыддæгтыл, æнæуаг митыл кæй фæцайдагъ вæййы, уый у æрмæстдæр ныййарджыты аххос.  Уыдон æм æмбæлон хъусдард не здæхтой, йæхи бар æй ауагътой æмæ фæиппæрд, æхсæнад æппæтвæрсонæй дæр цæуыл æнцой кæны, царды уыцы хæрзиуджытæй.

 

Алы сабийæн дæр ис йæхи рæсугъд миддуне. Уыцы миддунейы ис бирæ сæрибар бынæттæ. Уыцы уæрæх, сыгъдæг æмæ райдзаст бынæтты хъæуы самайын хуызджын ахорæнтæй нывæзт хъуыддæгтæн фидар бындур; байтауын дзы царды рæсугъддзинад, фарн æмæ райзæрдæйы уаг, фидар æмæ раст фæткæвæрды талатæ, саразын дзы сыгъдæг хъуыдыты уылæнты ауæдз. Уый фæстæ уыцы æвæлтæрд æмæ хом мидзæрдæйы уаг хъæуы сифтонг кæнын амондджын фидæнмæ тырнынады тыххæй, цæмæй стæй, уыцы саби йæ кары куы бацæуа, уæд, æппæт уыцы алæмæтон уидæгтыл бындуриуæггæнгæйæ, араза йæ дарддæры цард.

 

Уыцы вазыгджын, фæлæ ахсджиаг æмæ уаз хъуыддæгтæ баст сты æгæрон бæрнондзинадимæ. Сæ биноныг кæныны сæраппонд стыр фыдæбон æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ хъæуы æрвитын, уымæн æмæ комкоммæ дæр æнцой кæнынц ныййарджытæ, хъомылгæнджытæ æмæ  ахуыргæнджыты фæлтæрд уæхсчытыл.

 

Иуæй-иу ныййарæг æй хатгæ дæр нæ фæкæны, кæд аирвæзт къухæй йæ уарзон хъæбул æмæ кæй аххосæй фæцайдагъ æнæуаг митыл. Ныййарджытæй бирæтæн ис ахæм концепци: нæ хъæуы сабийы къуындæг фæлгæтты æмæ тызмæг фæткæвæрдмæ гæсгæ хъомыл кæнын, – куы фембаргæ уа, уæд æппæт дæр йæхæдæг бамбардзæн, сраст кæндзæн йæ рæдыдтытæ. Æмæ æвæлтæрд адæймаджы æгъдау, хорз æмæ раст хъуыддæгтыл чысылæй куынæ фæцайдагъ кæнай, куынæ йын бацамонай царды æвæрццаг æмæ хъомысджын фæзилæнтæ, уæд ма сæ кæд базондзæн. Иууыл ын йæ мад йæ къухыл кæм хæцдзæн æмæ йæ размæ кæм кæндзæн. Ахæм ныййарæг йæ хъæбулæн хорзæй æппындæр ницы аразы.

 

Аннæтæ та хæст сты ахæм фæткыл: сабийы ныййарджытæй æвзæрдзинад, æнæуаг ми сæрмæ никуы ничи схаста, æмæ нæ цот дæр разагътайы хъæбултæ уыдзысты æнæ уæлдай фыдæбонæй дæр, гентæ де ‘нгуылдзыты ‘хсæн нæ ныцъцъист кæндзынæ, зæгъгæ. Уый та у бынтон æдылы цæстæнгас. Сывæллоны йæхи бар куы ауадзай, уæд бæстæ рафæлдахдзæн. «Гæнæн ис» æмæ «нæй гæнæн» – ацы из дыууæ æууæлы саби хъуамæ кæрæдзийæ цæхгæр хицæн кæна æмæ йын сæ йæ ныййарæгæй хуыздæр та ничи бацамондзæн. Алы ныййарæг дæр йæ хъæбулы æгæрон уарзтæй уарзы, фæлæ йын æнæмæнг хъæуы æмбарын кæнын, æмбæлон уагахаст, хæрзæгъдау, хорз ахуыр æмæ рæстдзинад йæ цардвæндагыл сæйраг æвдисæндартæ кæй сты.

 

10-12 аздзыдтæй ныридæгæн йæ цард айфонтæй чи бары æмæ йæ бæллиц кæмæн у, уый йæ дарддæры та цæмæ тырндзæн. Буц хъомыл дæр хорз у… Чысылæй фæстæмæ йæ сывæллон куы зона, кæй йæ уарзынц, йæ алы фæндон дæр æвæстиатæй æххæст цæуы, фæлæ дарддæр та цы уыдзæн? Алцæмæн дæр хъуамæ уа бæрц. Бирæйæ бирæгъ дæр не ‘фсæды, зæгъы ирон æмбисонд.

 

Ныртæккæ ахæм рæстæг æрлæууыд, æмæ адæймаг, раздæрау, йæхи уадиссаг нæ тыхсын кæны. Нæ фыдæлтæн сæ цард æмбаст уыд тыллæджы æрзадимæ, сæ мæт æрдзы, боныхъæды æнамонддзинæдтимæ. Уыдон стыр аргъ кодтой, туг æмæ хид æмхæццæ фыдæбонæй цы кæрдзыны къæбæр амал кодтой, уымæн, фæлæ уыдысты махæй куырыхондæр. Ныр техникæ дард акъахдзæф кодта: цай рахсидын, гæрзтæ, мигæнæнтæ ныхсын, дунейы хабæрттæ базоныны тыххæй æрмæстдæр хъæуы амонæн æнгуылдзæй кънопкæйыл æрхæцын; фæлмæн дзул фынгыл æрæвæрыны тыххæй – дыууæ къахдзæфы дуканимæ бауайын. Æмæ зивæг адæймагы азмæлын нал фæфæнды уæлдай хатт. Уый та комкоммæ дæр æндавы адæймаджы удыхъæдыл, æнкъарынадыл, йæ физикон рæзтыл, æмткæй йæ уагахастыл.

 

Хистæртæн аргъ кæнын, хистæрмæ хъусын, коммæ кæсын махæн баззад нæ рагфыдæлтæй. Хистæр куырыхон хъуамæ уа. Дыууæ æмбарынады «хистæр-кæстæр» рагзаманты æмдзыд кодтой. Цæвиттон, кæстæр-иу куы фæрæдыд, уæд ын хистæр комкоммæ уайдзæф нæ кодта, нæ йæ дæлдзиныг кодта иннæты цур. Иуварс-иу æй акодта æмæ йын-иу бамбарын кодта, раст кæй нæ бакодта, уый. Кæд цалдæрæй уыдысты, уæд-иу «афтæ аив, хорз нæу» алкæмæн дæр уыд зонд зонынæн. Хатт та-иу арфæйы хуызы уайдзæф – «ау, дæ фыдæлтæ нымад, уæздан, фидар фæткæвæрд æмæ æгъдауыл хæст куы уыдысты…» сæмбæлд йæ тæккæ ран – нырыккон психологийы цæстæнгасæй стыр эффективон метод.

 

Кæстæр цыфæнды фыдракæнд ма сарæзтаид, уæддæр хистæр йæ маст фидис, æнæуаг ныхасæй не ‘вдыста, уый дæр кæстæртæн цæвиттонæн хъуамæ уыдаид: рæстдзинады сæрыл дзурын, хиуыл хæцын, намысджынæй æмæ бæрнонæй уайдзæф кæнын.

 

Хъыгагæн, ныртæккæйы рæзгæ фæлтæры минæвæртты куы бафæрсай, «куы байрæзай, уæд дæ кæй хуызæн фæнды суæвын?», уæд сæ дзуаппытæ, цыма æмдзырд бакодтой, уыйау вæййынц: «Полина Гагаринайы», «Дима Биланы», «Эндшпилы», «Миаги»-йы къорды æмæ шоу-бизнесы бирæ æндæрты «хуызæн». Æцæг дзы вæййы Ирыстоны номдзыд богалтæй кæйдæрты нæмттæ дæр (сывæллон спорты искæцы хуызы куы архайы, уæд). Куы сæ фæрсай, ирон адæм сæрбæрзонд кæмæй сты, уæд, стæмтæй дарддæр, цыма æндæр планетæйæ æртахт адæймаг, афтæ дæм æдзынæгæй кæсдзысты.

 

Куы ахъуыды кæнæм, уæд амонд, фарн æмæ æнцойады ратæдзæнтæ сты нæ кæстæртимæ баст. Уымæй хуыздæр цы ис: дæ кæстæр хæрзæгъдау, ахуыры цæвиттойнаг, хъуыддаджы фердæхтджын, æмгæртты ‘хсæн намысджын, адæмы хорзæхæй хайджын.

 

Æппæт дæр ис нæхи къухы, алцы дæр у нæхицæй аразгæ æмæ спайда кæнæм нæ рæстæгæй абон… Цæмæй нæ сабитæ цæрой амондджынæй, цæмæй фидæны фæсмонгонд ма уæм, цæмæй рæзгæ фæлтæр сомбон æдыхст уой.

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 23.04.2021 в 15:05

Вице-премьер Чернышенко: до 2024 года планируется проведение более 100 хакатонов по ИИ среди разработчиков

До 2024 года в России планируется проведение более 100 хакатонов

ОБЩЕСТВО 22.09.2022 в 10:01

Владикавказ: прошлое и настоящее

Михаил Ткаченко – выпускник СК ГМИ (ГТУ), инженер-механик, но широкой публике он известен своим блогом «Старый Владикавказ» в «Живом Журнале», а также публикациями в социальных сетях, посвященными городской жизни. В преддверии празднования Дня города журналист нашего издания побеседовала с известным краеведом.

ОБЩЕСТВО 8.06.2022 в 21:16

Стартовал прием заявок на получение просветительской премии «Знание»

Российское общество «Знание» объявило о начале приема просветительских проектов для участия в просветительской премии «Знание» на сайте. Заявки принимаются до 17 июля включительно.

ОБЩЕСТВО 2.04.2024 в 09:11

Владикавказский трамвай вдохновляет

120 лет владикавказскому трамваю исполняется в этом году. К этой знаменательной дате Республиканский центр детского и юношеского туризма и экскурсий разработал и отпечатал тематический альбом-раскраску.

ОБЩЕСТВО 15.12.2021 в 19:49

Объединяющая память

На мемориальном комплексе «Барбашово поле» появилось новое мозаичное панно в гранитной плите

ОБЩЕСТВО 22.08.2023 в 08:18

ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАРТÆ

Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци цæуы, уым фыццаг бонтæй фæстæмæ Ирыстоны лæппутæ тох кæнынц сæ бæстæйы сæрибардзинадыл, хъахъхъæнынц сабыр цæрджыты неофашисттæй.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО