ОБЩЕСТВО

БРЫТЪИАТЫ ЗАРИФÆЙЫ ХЪÆЗДЫГ СФÆЛДЫСТАДОН ФÆНДАГ

Ацы бонты мысæм Цæгат Ирыстоны фыццаг сылгоймаг-режиссер, УСФСР-ы адæмон артисткæ, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Брытъиаты Зарифæйы рухс ном. Йæ райгуырдыл сæххæст ис 105 азы.

 

Кæд искуы ирон театралон режиссурæйы тыххæй иртасæн куыст фæзына, уæд дзы фыццаг ирон сылгоймаг-режиссеры бынат æрхаудзæн Брытъиаты Елбыздыхъойы чызг Зарифæмæ. Уый райгуырд 13 январы 1919 азы Цæгат Ирыстоны, Дзуарыхъæуы. Йæ сабийы бонтæй фæстæмæ Зарифæ тынг бæллыд ахуырмæ. Уæлдай зæрдæргъæвддæр уыд ирон литературæмæ. 1938 фæлварæнтæ радта Мæскуыйы театралон аивæдты паддзахадон институтмæ, ахуыр кодта иттæг хорз, иста Сталины стипенди.

 

Зарифæ бæллыд йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæнын æмæ Ирыстонмæ сыздæхын, театры кусынмæ, цæмæй йæ бирæ зонындзинæдтæ сфæлвара сценæйыл. Фæлæ йын Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ бæллицтæ сæххæсты æмгъуыд ныддаргъ кодта. 1941 азы июлæй августмæ иннæ студенттимæ къуыригæйтты къахтой æгæрон хъахъхъæнæн дзыхъхъытæ Мæскуы æмæ Смоленскы бынмæ. Уый тыххæй Зарифæ хорзæхджын æрцыд майданæй «За оборону Москвы»-йæ. 1941 азы сентябры сыздæхт Ирыстонмæ, уымæн æмæ Театралон аивæдты паддзахадон институт эвакуацигонд æрцыд. Кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры. Ирыстоны уæвгæйæ дæр та Зарифæ хъахъхъæнæн дзыхъхъытæ къахта Дзæуджыхъæуы бынмæ. Уæд райста йæ майдан «За оборону Кавказа» дæр. Фæндыд æй Уæлахизы бæллиццаг бон фæхæстæгдæр кæнын. Радистты скъоламæ дæр уымæн бацыд, цæмæй йæ иуафон хæсты цæхæрмæ баппарой, фæлæ Зарифæ балæууыд Тбилисы, стæй – Дзæуджыхъæуы, ныр йæхæдæг иннæты ахуыр кодта бастдзинады аппаратурæимæ архайыныл. Фæлæ йын хъысмæтæй нысангонд уыд сфæлдыстадон фæндаг æмæ уæлахизтæ.

 

1945 азы та бацыд Мæскуыйы Театралон аивæдты паддзахадон институтмæ æмæ йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта. Кусынмæ сыздæхт йæ райгуырæн зæхмæ. Æрыгон Ирон театры йыл стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты йæ фыццаг фæлтæры æрттивгæ фæсивæд: Тæутиаты Соломон, Тæбæхсæуты Бало, Икъаты Серафин, Баллаты Валодя æмæ иннæтæ.

 

1945 азы Зарифæ сæвæрдта йæ фыццаг спектакль «Талынджы фембæлд» – йæ фыццаг æнтыст. Спектаклæн бæрзонд аргъ скодтой куыд йе ‘мкусджытæ, афтæ театралон критиктæ дæр.

 

Æртын азæй фылдæр Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театрæн æнæвгъауæй балæвар кодта Брытъиаты Зарифæ. «Фидар удыхъæдимæ режиссер» – афтæ йæ хуыдтой, йемæ бакусын кæмæн бантыст, уыцы сфæлдыстадон адæм. Зарифæ уыд рæдаузæрдæ, адæмуарзаг, уыимæ, кæм хъæуа, уым та карз æмæ домаг.

 

Отеллойы ролы зындгонд Тæбæхсæуты Бало. Ирдæй дзы зыны, æнцой чи нæ зоны, уыцы карз æмæ риссаг миддуне. Спектаклы режиссер Брытъиаты Зарифæ. Афтæмæй уыдта Отеллойы. Ахсджиаг ын уыди йæ хуыздæр миниуджытæ равдисын. Йæ тых, йæ хъару, йæ ныфс, фæлæ уыимæ – йæ уды тухæнтæ дæр. Æххуыс та уыдысты ирд декорацитæ æмæ уыцы рæстæджы тæваг.

 

Карз æмæ домаг режиссер, уыимæ йæ адæймаджы миниуджытæм та иу аипп дæр æрхæссæн нæ уыди. Алы премьерæйы, алы репетицийы дæр артисттæй домдта æцæг курдиат, æцæг æнкъарæнтæ. Уымæн æмæ Зарифæмæ уыд йæхи хицæн цæстæнгас алы æвæрд спектклмæ æмæ сценæмæ дæр. Æппæтцæдисон театралон аивады цæгатирыстойнаг хайады сæрдары бынаты куы æрлæууыд, уæд та, зæгъæн ис, æмæ Брытъиаты Зарифæ кусын райдыдта адæймаджы миддуне хъомыл кæныныл æмæ театралон аивады рухс тауыныл.

 

Зындгонд режиссеры хъомылгæнинæгтæ арæх куыд æрымысынц, афтæмæй Зарифæйæ исын хъуыди дæнцæг. Кæд æмæ йын зын хъысмæт рауад, уæддæр йæ хуыздæр миниуджытæ сæфт нæ уыдысты. Уыд адæмуарзон æмæ хæларзæрдæ сылгоймаг.

 

Театралон аивады паддзахадон институты режиссерты факультетмæ йæ гæххæттытæ балæвæрдта дыууæ хатты, æмæ йын бантыст дыккаг аз зындгонд режиссер Алексей Поповы курсмæ бацæуын. Уый фæрцы бауарзта режиссурæ. «Уый уыд хъысмæты мидбылхудт», – дзырдта Зарифæ йæхæдæг.

 

Уый райгуырд аивад йæ царды сæйрагдæр бынат кæмæн ахста, ахæм бинонты ‘хсæн. Йæ фыд – алчидæр æй зоны, ирон драматургийы бындурæвæрæг – Брытъиаты Елбыздыхъо. Йæхи тыххæй Зарифæ дзурын нæ уарзта. Æрмæстдæр – театр. Чи ма йæ хъуыды кæны, уыдон ныр дæр дис кæнынц, куыд ын рауад, сылгоймаг уæвгæйæ, ахæм куыст кæнын.

 

1971 азы Брытъиаты Зарифæ сси Æппæтцæдисон Театралон Æхсæнады реагионалон хайады сæргълæууæг. Уæд йæ хæлæггæнджытæ дæр сæ цæсгæмттæ равдыстой. Иу уысммæ Уæрæсейы адæмон артисткæ, Фæллойы Сырх Тырысайы ордены æмæ Хетæгкаты Къостайы паддзахадон премийы лауреат сси закъонхалæг. Æваст райдыдтой финансон басгæрстытæ. Дзуапп бадомдтой Зарифæйæ. Социалистон исбонад хардзы тыххæй йæ æрцахстой. Брытъиаты Зарифæйы дыууадæс азмæ ахæстоны куы сбадын кодтой, удхарæй йæ марын дæр уæд райдыдтой. Леонид Брежневмæ бирæ фыстæджытæ фыст æрцыд. Куырдтой, цæмæй Зарифæйы суæгъд кæна, фæлæ дзы ницы уад.

 

Фыстæджытæ Брытъиаты Зарифæ фыста йæхæдæг дæр. Иу арвыста йæ хæлар Расул Гамзатовмæ. Уæд фыссæг загъта ахæм ныхæстæ: «Худинаг хъуамæ уа Ирыстоны адæмæн, ахæм сылгоймаджы ахæстоны бадын кæй бауагътой». Уый руаджы Брытъиаты Зарифæйы рауагътой цыппар азы фæстæ. Фæлæ рухсы цъыртт афтæ дæр нал федта. Фæстаг азты йе ‘нæниздзинад тынг фæцудыдта. Цæстæй дæр нал уыдта. Уыди хæрам йæ райгуырæн бæстæмæ, Ирыстонмæ, ахæм фыдæвзарæн митæ йыл кæй æрцыд, уый тыххæй. 2001 азы Брытъиаты Зарифæ йæ цардæй ахицæн…

 

Йе сфæлдыстадон фæндаг уыд цымыдисаг æмæ хъæздыг, йæ хъысмæт та уæззау. Йæ фыд, Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæтæ уыдысты йæ фыццаг фæлварæнтæ. Зындгонд ирон сылгоймаг, режиссер Брытъиаты Зарифæ йæ фæстаг интервьюйы куыд мысы, уымæ гæсгæ сывæллонæй райдыдта спектакльтæ æвæрын. Актеры дæсныйад æм зын каст æмæ равзæрста театралон аивады паддзахадон институты режиссурæйы факультет. Йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ та йын амыдта Советон Цæдисы адæмон артист Алексей Попов. Уыцы рæстæг сылгоймæгтæй режиссеры дæсныйад райсын æрмæст тыхджын, уды хъæдæй фидар адæймаг сразы уыдаид. Зарифæ та уыд ахæм.

 

Мæнæ дзы цы дзырдта РЦИ – Аланийы адæмон артист, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист, дзæнæтыбадинаг Бытъæты Роберт: «Бирæтæ афтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, режиссурæ сылгоймаджы дæсныйад нæу, фæлæ Брытъиаты Зарифæ цы курдиатджын режиссер уыд, уый чи зоны, уый афтæ никуы зæгъдзæн. Уый уыд æцæг режиссер. Уый актеры зæрдæмæ дæгъæлтæ ссарын куыд зыдта, уый бирæ нæлгоймаг-режиссерты къуыхы не ‘фты. Куыд актер, афтæ мæ фыццаг куыст уыд йемæ æмæ дзы æз стыр бузныг дæн. Уый мыл баууæндыд фыццаг хатт, куыд актер æмæ уымæн рохгæнæн нæй. Хъæддых уыд, æвæццæгæн, режиссер хъуамæ ахæм уа. Æмæ йæ кæддæр иу ран федтон дидинджытæ, гыццыл быдырон дидинджытæ тонгæйæ, æмæ мæм диссаг фæкаст, ахæм хъæддых сылгоймаг… Æмæ йæ уæд бамбæрстон, йæ зæрдæ та уыд фæлмæн».

 

1945 азы режиссеры дæсныйад райсгæйæ ссыд йæ райгуырæн зæхмæ. Куыста Вахтанговы номыл Уырыссаг театры сæйраг режиссерæй, уый фæстæ та Ирон драмон театры. Сæвæрдта спектакльтæ «Чермен», «Отелло», «Фатимæ», «Тартюф», «Ромео æмæ Джульетта», «Арвнæрды размæ», «Дыууæ хойы», «Дыууадæсæм æхсæв», «Без вины виноватые», «Горячее сердце» æмæ æндæр зындгонд спектакльтæ. Се ‘ппæт дæр сты национ театралон аивады хæзнатыл нымад.

 

Брытъиаты Зарифæ уыд стыр курдиаты хицау, аивады руаджы-иу адæмы зæрдæты райхæлдта арф æнкъарæнтæ. Фæлæ куысты рæстæг та уыд хъæддых æмæ домаг. Зарифæйы хорз чи зыдта, уыдон зæгъынц, уый йæхи æрмæст æвдисгæ кодта ахæмæй, фæлæ йæ зæрдæ та уыд тынг фæлмæн.

 

Зарифæйæн йæ цардвæндаг уыд хъæздыг, цымыдисаг æмæ гуыргъахъхъ. Ирон æмбисонд куыд зæгъы, афтæмæй йæ сæрыл куыройы фыд нæ разылд, æндæр ыл цы нæ бавзæрста, ахæм нæй. Фæлæ сылгоймаг адæмы æгъатырдзинадæй тыхджындæр разынд. Нæ бакуымдта сæттын, уыйхыгъд йæ курдиаты, йæ æнæмæлгæ спектакльтæй йæхицæн скодта æнусон кад.


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 20.02.2023 в 20:35

НÆ ДУДЖЫ ХЪÆБАТЫРТÆ

Куыд æхцон вæййы зæрдæйæн, не ʼмтуг ирон адæймæгты сгуыхтдзинæдты тыххæй нæм куы æрыхъуысы, кæнæ та сын се ʼнтыстытæн  нæхи цæстæй æвдисæн куы фæвæййæм, уæд. Ахæм рæстæджыты нæ зæрдæтæ цины малы аныгъуылынц, сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй байдзаг вæййынц.

ОБЩЕСТВО 11.03.2023 в 08:39

На страже интересов людей и родины

Исай Исаев отметил 75-летний юбилей

ОБЩЕСТВО 15.11.2022 в 07:46

Помощь каждого бесценна

Осени уже почти не осталось в скверах и парках Владикавказа. Деревья скинули свои пестрые наряды и стоят неприкрыто оголенные, а земля покрыта цветным ковром из опавших листьев. Работники Затеречной префектуры Владикавказа вышли на субботник. Обширная территория, которую они решили привести в порядок, располагается в центре города.

ОБЩЕСТВО 30.07.2021 в 21:17

Сослан Цаллагов о природе смешного

Архитектор, краевед Сослан Цаллагов подготовил к изданию книгу своих юмористических высказываний «Аферизмы Цаллагова». 

ОБРАЗОВАНИЕ 23.09.2023 в 08:29

Главная задача – раскрыть потенциал

На коллегии, посвященной итогам работы Министерства просвещения РФ в 2022 году и задачам на 2023 год, министр Сергей Кравцов отметил, что Россия превысила показатель по плану вхождения в десятку лучших стран мира по качеству образования.

ОБЩЕСТВО 1.03.2024 в 19:48

Межнациональный мир как залог успешного будущего

В Академическом русском театре им. Евгения Вахтангова состоялся вечер, организованный депутатом Собрания представителей г. Владикавказа Суреном Манукянц, на тему «Межнациональный мир и согласие в РСО-А».

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО