ОБЩЕСТВО

Цæсгомджынæй хæссы ахуыргæнæджы æцæг ном

Алы адæймагмæ дæр цавæрдæр бæллиц, цавæрдæр нысан ис йæ царды.

Æмæ цæмæй йæ къухты бафта, уый тыххæй цыдæсныйад равзары, уымæй хъуамæ иса æхцондзинад, пайда хæсса æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфæмблайы цы адæм ис, уыдонæн дæр.

Алы куыст дæр хорз у, æцæг зæрдæйæ йæ куы равзарæй, уæд. Фæлæ уæддæр стыр кадджын уыд ахуыргæнæджы фæллой махмæ, ирон адæммæ, уæлдайдæриу ацы дæсныйад æвзонг чызг куы равзæрста, уæд. Æхсæнадынымад, ахуыргæнинæгтæнцæвиттойнаг, ахуыргæнæг æппынæдзух архайдта, цæмæй йыл макуы макæй зæрдæ бахуда, цæмæй йæхиуыл куса, йæ зонындзинæдтæ хъæздыгæйхъæздыгдæр кæной.

Ахуыргæнæг у уый, Райгуырæн бæстæмæ, æхсæнадмæ, алфæмблаймæ уарзондзинад чи банкъарын кæны, рæзгæ фæлтæры растфæндагыл чи фæцайдагъ кæны, йæ зонындзинæдтæ чи невгъау кæны.

Уæлдæр цы миниуджытæ ранымадтам, уыдонæй сеппæтæй дæр хайджын у Дзæуджыхъæуы 38-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзагæмæ литературæйы ахуыргæнæг Кцойты Ибрагимы чызг Зæлинæ. Ахуыргæнæджы зын, фæлæ кадджын дæсныйад равзæрста сабийææмæ йыл æнувыд у абоны онгУый йæ ахуырдзауты канд мадæлон æвзаг базоныны сусæгдзинæдтыл нæ ахуыр кæны, фæлæрæстзæрдæ, æргом, рæстзонд уæвыныл, цæмæй цыфæнды цæлхдурты сæрты ахизын дæр фæразой. Æмæ уый, æцæгæйдæр, амонд уахæм ахуыргæнæгыл фембæлын.

Кцойты Зæлинæ райгуырд Хæтæлдоны хъæуы, хъомыл кодта бирæсывæллонджын бинонтыхсæн. Бынæттон скъола каст фæуыныфæстæ, бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ, филологон факультеты ирон хайадмæ. Университет каст куы фæцис, уæдкусын райдыдта Дзæуджыхъæуы 41-æм астæуккаг скъолайы. Уым ын стыр æххуыс кодта курдиатджын æмæ фæлтæрдджынахуыргæнæг Багаты Заретæ. Ноджы тынгдæр ын бауарзын кодта йæ равзæрст дæсныйад, амыдта йын, мадæлон æвзаджы фæрцыскъоладзауты зæрдæтæм фæндаг куыд ссарын хъæуы, уыцы сусæгдзинæдтæ.

2002 азæй абоны онг кусы 38-æм скъолайы.

«Ирон æвзаг ахуыр кæныны фæндагыл æз мæ размæ æвæрын ахæм хæс: ахуырдзаутæн раттын арф зонындзинæдтæ,  хъомыл сæ кæнын раст зондахастыл, хотыхджын сæ кæнын зонындзинæдтæй. Аразын сæ раст фæндагыл, цæмæй сæ нæ Фыдыбæстæйæн аккаг гуырдтæ рауайа, нæ хорз æгъдæуттæн, мадæлон æвзагæн аккаг аргъ куыд кæной», – зæгъы Кцойты чызг.

Хорз ахуыргæнæгæн, дам, йæ бон у дуне хуыздæрæрдæм аивын. Ахуыргæнæг, дам, бæлас у, сывæллæттæ та – йæ дыргътæ. Æмæ ма бирæ æндæр хъуыдытæ ис æрхæссæн ахуыргæнæджы тыххæй. Уыдон бæрзонд ныхæстæ не сты, уымæн æмæ  Кцойты Зæлинæйы, ирон  æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы тыххæй, афтæ хъуыды кæнат, уый аккаг у. Абон цæсгомджынæй хæссы ахуыргæнæджы æцæг ном. Йæ уарзон дæсныйадыл нæ ивы йæ зæрдæ. Куыд æрыгонæй, афтæ ныртæккæ дæр, Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы кусгæйæ, у домаг куыд йæхицæй, афтæ йæ ахуырдзаутæй дæр.  Уымæн вæййынц уæлдай æфсармджын æмæ хиуылхæцгæ йæ хъомылгæнинæгтæ.

– Зæлинæ, цы хъуыды кæныс ирон æвзаджы фидæны тыххæй? Стæй йæ куыд ис бахъахъхъæнæн нæ фидæны фæлтæртæн?

– Мæн зæгъын фæнды æмæ адæймаг хъуамæ зæрдæйæ æмбара, æвзагæй вазыгджындæр кæй ницы ис, уый. Не ‘ппæт дæр æй зонæм, нæхи æвзагыл куы нæ дзурæм, уæд сæфгæ кæны. Уыимæ сæфы не ‘гъдау æмæ не ‘фсарм дæр. Сывæллон фыццаг ныхæстæ хъуамæ йæ мадæлон æвзагыл фехъуса. Ирон мад йæ сабийы йæ мадæлон æвзагыл хъуамæ рæвдауа æмæ йыл узæла. Йе ‘нкъарæнтæ æрмæст йæ мадæлон æвзагыл хъуамæ дзура. Афтæ йæ хъуыдытæ, йæ фæндтæ æмæ йæ бæллицтæ дæр хъуамæ фæлындза йæ мадæлон æвзагыл, уæд æвзаг уыдзæн удæгас дадзинау æмæ удварн хæсдзæн чи йыл дзура, уыцы адæймæгтæн.

– Ирон номдзыд ахуыргонд Абайты Васо фыста: «Ирон æвзаг у, хъуыдыйы æмæ æнкъарæнты тæккæ лыстæгдæр æмæ уæздандæр фæзилæнтæ равдисынмæ чи арæхсы, ахæм æнæаипп рæвдз æмæ коммæгæс хотых». Цавæр æнкъарæнтæ дæм сæвзæры ацы ныхæсты фæстæ?

– «Истинная любовь к своей стране немыслимо без любви к своему языку…Человек равнодушный к родному языку – дикарь», – фыста иннæ номдзыд ахуыргонд К. Паустовский дæр. Ацы ныхæстæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнмæ раст кæсынц, æмæ куыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, æз мæ ахуырдзаутæн æмбарын кæнын уыдон. Æвзаг адæймагæн у йæ цард, йæ зæхх, йæ Ирыстон. Абон радиойы æмæ телеуынынады фæфылдæр кæнын хъæуы ирон æвзагыл радиобакастытæ æмæ телеравдыстытæ.

Нæ фæсивæд абон нæ зоны нæ ирон хъæбатырты, сгуыхт лæгты, нæ историйы ахсджиагдæр цауты. Æмæ ууыл мах кусæм, фæлæ ацы лыггæнинаг фарстайыл хъуамæ кусой нæ хистæртæ æмæ нæ ахуырады минæвæрттæ дæр. Мадæлон æвзагæн лæггад кæнын æз нымайын стыр æмæ бæрнон куыстыл. Уый фæдыл архайæм фæсурокты мадæлон æвзаджы рæзты фæдыл алыгъуызон мадзæлттæ аразыныл.

Скъола, бинонтæ æмæ хъомылады тыххæй фыст æрцыд бирæ уацтæ æмæ алыгъуызон методикон амындтæ. Фæлæ уæддæр уыцы фарстайы фæдыл нырма бирæ дзырдæуы. Æмткæй райсгæйæ, ахуырады системæйы фæстаг азты цавæр ивддзинæдтæ цæуы?

– Нæ царды цы социалон-экономикон рацарæзтытæ уынæм, уыдон фæзындысты ахуырады системæйыл дæр, домынц, цæмæй ивддзинæдтæ æрцæуа ахуырадон-хъомыладон процессы дæр. Хъуамæ ногдзинæдтæ хаст æрцæуа ахуыргæнджыты æмæ хъомылгæнджыты куыстмæ. Нырыккон дуне адæймаджы раз цы домæнтæ æвæры, уыдон æххæстгæнæн ис, æрмæст активонæй æмæ арæхстджынæй пайдагæнгæйæ ног технологитæй, интернетæй, телеуынынадæй, мыхуырæй.

Цæмæй царды цыфæнды къабазы дæр адæймаг æнтыстджынæй архайа, уый тыххæй хъуамæ скъолайæ рахæсса хъуыды кæнын, дзурын, йæхи дарын.

– Ныртæккæ уыл цавæр хæстæ æвæрд ис? Урок цавæр технологитæм гæсгæ хъуамæ уа арæзт?

– Дзырд дæр ыл нæй, кæй зæгъын æй хъæуы, мах, ирон æвзаджы ахуыргæнджытыл, рæстæджы домæнтæм гæсгæ стыр хæстæ æвæрд ис: фыдыбæстæ уарзын, царды фæзилæнтыл ахуыр кæнын, сабиты раст зондыл æфтауын, хорз – æвзæр, раст – зылын, уарзт – фыдæх, кæрæдзийæ иртасын. Ног ахуырадон технологитæм гæсгæ арæзт урок хъуамæ дзуапп дæтта бæлвырд домæнтæн. Уыдонæн, мæнмæ гæсгæ, сæ сæйрагдæртæ сты – наукæйы ног æнтыстытæй пайда кæнгæйæ, урок бæлвырд ахуырадон-хъомыладон бындурыл аразын. Скъоладзаутæн саразын бæлвырд уавæртæ сæ курдиат æххæстæй равдисынæн, сæ хъуыдыкæнынад рæзынæн, æрмæг базонынмæ сæ разæнгард кæнын. Урочы æндæр предметтимæ баст æрмæгæй пайда кæнын. Ног темæ амонгæйæ æнцой кæнын рацыд æрмæгыл. Урок методикон æмæ логикон æгъдауæй раст аразын. Сæйраг дæр та, урочы æрмæг хъуамæ дзуапп дæтта, царды цы ногдзинæдтæ æмæ ивддзинæдтæ цæуы, уыдонæн. Ног рæстæг нæ домы куысты ног хуызтæ, цæмæй ахуырдзаутæ фылдæр æмæ хуыздæр архайой. Ног ахуырдон стандартмæ гæсгæ, урокты рæстæг пайда кæнын хъæуы ног технологийæ. Нæ куысты хуызтæ сты парахат, хъæздыг. Сывæллæтты зæрдæмæ цæуынц сфæлдыстадон куыстытæ: æрфыстытæ, нывæцæнтæ, нывтимæ куыст.

– Зæлинæ, стыр æмæ бæрнон хъуыддагыл лæуд у ахуыргæнæг, уымæн æмæ уый бацæуы ныры сывæллæтты – фидæны æхсæнады бæрны. Ахуыргæнæгыл баст у суинаг фæлтæр. Педагогикæйы историйыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд æй бæлвырдæй фендзыстæм, æнусты дæргъы куыд æмæ цал хатты аивта ахуырады хъуыддаг, цал æмæ цал реформæйы амæттаг баци, фæлæ уæддæр ахуыргæнæджы сæйраг хæс – сабитæн амонын, фаг зонындзинæдтæй сæ сифтонг кæнын, æхсæнадæн аккаг фæлтæр схъомыл кæнын кæддæриддæр ис йæ тыхы.

Бузныг дын дæ курдиаты, дæ зонды, дæ уæлмонц куысты, дæ дæсныйадыл æнувыддзинады тыххæй. Дæ хуызæн ахуыргæнджыты фæрцы, уæ дæсныйад кæны кадджындæр, кæнынц ын стыр аргъ.

Нæ зæрдæ дын зæгъы быхсондзинад æмæ арфæйаг ахуырдзаутæ.

Къудухты МАРИНÆ


Похожие записи:

COVID-19 8.07.2022 в 23:35

Об особых правах детей медицинских работников

7 июля на Совете Парламента РСО-А депутаты поддержали федеральную инициативу о внесении изменений и дополнений в ФЗ «Об образовании в Российской Федерации», касающихся особых прав детей медицинских работников, погибших в результате инфицирования новой коронавирусной инфекцией (CОVID-19) при исполнении ими трудовых обязанностей.

ОБЩЕСТВО 16.10.2021 в 08:00

Йæ уды фарн баззад уæлæуыл цæргæйæ

Ацы фæззыгон зæринхуыз бонтæй иуы, 10 октябры, Ирыстоны адæмон артист Дзытиаты Лактемырыл хъуамæсæххæст уыдаид 70 азы

ОБЩЕСТВО 14.08.2023 в 19:30

Мурат Агузаров принял участие в церемонии открытия форума «Машук-2023»

В Пятигорске стартовал Всероссийский молодежный форум «Машук-2023». Северную Осетию в этом году представят 60 человек.

КУЛЬТУРА 6.06.2023 в 08:12

Герои Пушкина без Пушкина

Для нас давно привычной стала мысль о воздействии Александра Сергеевича Пушкина на творчество многих авторов.

ОБЩЕСТВО 11.05.2022 в 20:36

«Юнармия» в строю

9 Мая на площади Свободы в военном параде в честь празднования 77-й годовщины Победы в Великой Отечественной войне приняли участие и юнармейцы.

ОБЩЕСТВО 6.02.2023 в 18:55

«Золотые руки ангела»

Помочь сохранить жизнь ценой малых усилий и передать частичку тепла солдатам, находящимся в зоне проведения специальной военной операции, – во Владикавказе женщины объединились ради помощи фронту.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО