ОБЩЕСТВО

Царды æгъдæуттæ фæзминаг хистæртæй цæуынц

Отставкæйы булкъон Мурацты Мæбеджы мысгæйæ.

 

Ирон царды скъолайы æгъдау куырыхон хистæрæй цæуы. Искæйы мыггагæй сылыстæг йæ ног бинонтæм фарны къах куы ’рбавæры, арффæд куы ауадзы мыггаджы мидæг, уæд ма уымæй амондджындæр цы хъуамæ уа! Ахæм хистæр та Ирыхъæуы нæргæ Мурацты къонайыуыд Софкæ-Берион. Софкæ Джиуæрджиимæ йæ цард куы баиу кодта, уæд сæ цинæн кæрон кæм уыд дыууæ æрыгон удæн. Сæ уарзтыахстоны равзæрдысты æртæ фырыхъулы хуызæн лæппуйы: Кола, Нане, Алыкка æмæ дыууæ цыкурайы фæрдыджы хуызæн чызджы Надаæмæ Олычкæ. Алчидæр сæ царды фæндагыл фидар къахдзæфтæ кæнгæйæ сæ амонд ссардта.

 

Чызджытæ æркуывтой Кокайты æмæ Гизойты мыггæгтæм. Мадымайрæмы фæдзæхстæй хорз цот скодтой æмæ сæ мыггæгты фарнкадимæ хастой фæзминагæй сæ уæздандзинад æмæ ирон æгъдауæй. Джиуæрджи æмæ Софкæйы къонайы фарн дæр æртывæрæйæххæст æрцыд Стыр Хуыцауы фæндæй. Кола æмæ Нане цардæмбæлттæн равзæрстой Ирыстоны кадджын мыггæгты хæрзаивчызджытæй Кучион Фузæ æмæ Куыдзион Цацкæйы.

 

Алыкка та хæсты бонты базонгæ немыцаг эвакуацигонд чызджытæй Маргаритæимæ (мыггаджы ’хсæн баззад Немкæйæ). Файнустытæ хотау кæрæдзи бауарзтой æмæ Софкæйы къухбариуæгæй æмхуызонæй бирæ азты дæргъы æнгом бинонтæйфæцардысты иу цары бын хæлар æмæ амондджынæй, кад æмæ радимæ. Уыдысты фæзминаг бинонтæ æгас Ирыхъæуы.

 

Сæ хъæбулты дæр хъомыл кодтой уыцы уагыл, фыдæлты традицитæ æмæ æгъдауыл. Джиуæрджи куы ахицæн йæ цардæй, уæддæр куырыхон Берион нæ бауагъта йæ къонайы фарн фæцудын æмæ сыл цард царвы ’вдылдау ныйичъи, сæ амонды зæд сылæдзух узæлыд. Сæ алыварс цæрджытæ се ’нгом хæлар цардмæ æдзух кодтой тæхуды æмæ сæ фæзмынæн хастой Ирыхъæуырайдайгæ бинонтæн.

 

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, Софкæ йе ’ртæ хъæбулæй Сау гæххæттытæ куы райста, уæд нæ басаст, нæ баууæндыд, фыдохы уæззау цалх ын йæ гуыппырсар хæстон-хъæбулты цардбæллон зæрдæты уидæгтæ аскъуыдта, ууыл. Мады зæрдæ зонаг у, фæзæгъынц. Уырныдта йæ, йæ хъæбултæ цардæгас кæй сты, уый æмæ æхсæвæй-бонæй æнхъæлмæ каст сæ фæзындмæ.

 

Алы бон дæр-иу хæдзары тигъмæ рацыд, мыййаг, йæ зæрдæйы уидæгтæ куы фæзыной æмæ сæ йæ разæй исчи фыццаг куы фена, зæгъгæ. Æмæ, æцæгæйдæр, фæсхæсты азты фæстæ, уæлахизы салдæттæй иу иннæйы фæдыл здæхтысты райгуырæн къонамæ Беппайы фырттæ (хæдзарвæндагæй сæ афтæ хуыдтой). Цины куывдтæ, стæй – нæртон чындзæхсæвты зард æмæ фæндырдзагъдзæлыдысты Джиуæрджийы кæртæй. Æртæ файнусты, уæлдæр куыд загътон, æртæ хойы цард фæкодтой, дæу у мæн у, ахæм ныхас се’хсæн никуы рауад куырыхон Софкæйы амындмæ гæсгæ. Уыцы фарн райстой сæ уæздан хистæрæй æмæ сæ кæстæртæн дæр сæ фæдзæхст æдзух уыд: «Æнгомæй, уарзонæй, ирон æгъдау æмæ хистæрты фарн кæстæртыл таугæйæ цæрут», – зæгъгæ. Æмæ Джиуæры царды уидæг арф айтыгъта йæхи æмæ йæ кæртæй рацыд фæрнджын фæзминаг кæстæртæ.

 

Мæ ныхас сæ уыдзæн Колайы фырттæй Константиныл (Мæбег æй хуыдтой буцæн). Мæбеджы хуызæн хистæртæ мыггаджы æмæ кæстæрты фарнæн хъуамæ бирæ цæриккой. Фæлæ… Стыр хъыгагæн, йæ тæккæ лæджы кары куы бацыд, уæд æнæнхъæлæджы йæ зæрдæйы уидаг аскъуыд. Æрмæст бинонтæ æмæ мыггаг нæ, фæлæ зонгæтæ, йе ’рдхæрдтæ, Ирыхъæуы адæм ферхуым сты сæ уарзонМæбеджы æнæнхъæлæджы мардæй. Йæ хорздзинад йæ разæй цыд æмæ йын ном дæр уый скодта. Цард адæмы хорзæхæн æмæ адæмы фарнæй уыд хорзæхджын. Хистæртæн уыд цæрдæг кæстæр, кæстæртæн зондамонæг хистæр, æмгæрттæн – æнæзæрдæхудт, уарзон хæлар.

 

1952 азы каст фæцис Дзæуджыхъæуы 13-æм скъола æмæ дарддæр ахуырмæ бацыд горæт Тамбовы Сырхтырысаджын(Краснознаменное) æфсæддон училищæмæ. Диплом куы райста, уæд йæ службæ хаста Воронежы Æфсæддон зылды. Хæрзæгъдау афицер Мурацы-фырт йæ дæлбар æфсæддонтæн кæдфæндыдæр уыд фæзминаг алы хъуыддаджы дæр, зондамонæг сæ ахуыры æмæ æхсæнадон царды.

 

Мæбег цардимæ кодта æмдзу, æдзух йæ зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæныныл архайдта. Бирæ уарзта спорт. Йе ’рыгон бонтæйфæстæмæ рæвдз уыд волейбол, футбол æмæ æндæр спортивон хуызтæй хъæзтытæм. Уæлдай зынаргъдæр ын уыд уæгъдибархъæбысхæст. Æдзух архайдта алыхуызон спортивон ерысты. Уæлдайдæр хъæбысхæстыты ерысты-иу уыд уæлахиздзау йе ’мгæртты’хсæн. Цыбыр рæстæгмæ сæххæст кодта уæгъдибар хъæбысхæсты нормативтæ дæр.

 

Спорты хуызтæй йын уæлдай адджын хъæбысхæст кæй уыд, уымæ гæсгæ сфæнд кодта йæ цард дарддæр спортимæ бабæттын. 1957 азы бацыдис Ленинграды Ленины номыл Æфсæддон-физкультурон институтмæ. Институты ахуыры рæстæг дæр, ныфсхаст æмæ йæ размæ æвæрд нысанмæ тырнагæй иузæрдионæй æнтыстджын архайд кодта йæ ахуыры æмæ спортивон ерысты дæр.

 

Цыбыр рæстæгмæ ссис Советон Цæдисы спорты мастер классикон хъæбысхæстæй. Мæбег æнтыстджынæй каст фæци институт æмæ æрвыст æрцыд горæт Батумы горæтмæ. Ам дæр йæ ирондзинад, фыдæлты æгъдау, йæ лæгдзинады миниуджытæ цыдысты йæ разæй, хистæртæн кад æмæ радимæ кодта лæггад, хъомыладон куыст та æфсæддонтимæ (бирæ дзы уыд ирон лæппутæ).

 

Хъысмæты цалх йæ зылд кодта æмæ Мæбег йæ дзæбæх бинонтимæ 1963 азæй 1987 азмæ бæрнонæй фæкуыста Бакуйы Уæлдæр æппæтæфсæддон командæгæнæг училищæйы физкультурæ æмæ спорты кафедрæйы сæргълæууæгæй. Йæ фидар зонд, ныфсæвæрæн ныхас, йе ’фсарм, йæ ирон æгъдау, патриотон хъуыдытæ уæрста æмæ узæлыд йæ курсанттыл. Бацæттæ кодта цалдæр фæлтæры æнæниз, хъайтар æфсæддон афицертæ. Уыдоны ’хсæн йæ хъæбул Мурацты Валодя (Вовæ), йæ хæрæфырт Гизойты Хазби, дзауыхъæуккаг сидзæр лæппу Нанитæй, Цыганков Сашæ (булкъон, Георгиевскийы военкомы хицау, хъыгагæн, афæдзы размæ йæ цардæй ахицæн) æмæ ма бирæ бирæ лæппутæ.

 

Йæ иузæрдион æмæ бæрнон куыстæн фæсивæды хъомылады йын уæлдæр хицауад снысан кодтой Азербайджаны Цæдисы сгуыхт ахуыргæнæджы ном æмæ бирæ Кады гæх­хæттытæ.

 

Мæбег йæ царды фæндæгтыл, Ирыстоны хæхтæй иппæрдæй, æцæгæлон адæмты ’хсæн цæргæйæ, йæ ирон лæджы ном фæхаста фæзминагæй, схызт булкъоны цинмæ. Куысты уыд раззагдæртимæ, кæстæртæн – фæзминаг хистæр йе ’гъдау æмæ æфсармæй дæр.

 

Хорзæхджын æрцыд бирæ Кады гæххæттытæ æмæ майдантæй: «За боевые заслуги», «За безупречную службу» (æртæ къæпхæны)… Ссис Советон Цæдисы Гæрзифтонг тыхты ветеран.

 

Мæбег йæ царды мæсыг самадта урс дуртæй. Йæ уарзон цардæмбал Нанион Зинæимæ схъомыл кодтой фæзминаг кæстæртæ. Вовæ, кæд афицеры цины онг схызт, уæддæр ма райста æндæр дæсныйад. Маринæ сси дохтыр. Ис сын сæ хистæрты аккаг рæсугъд фæзминаг кæстæртæ.

 

Мæбег кæмдæриддæр цард æмæ куыста, æдзух зæрдæйæ уыд Ирыстонимæ. Уымæн æмæ æгæрон уарзтæй уарзта райгуырæн къона, йæ цъæхсæр хæхтæ, цъитиджын дæтты сыр-сыр, йæ уарзон Ирыхъæуы.

 

Отставкæйы куы рацыд, уæд сыздæхт Ирыстонмæ, уæд æнгом куыст райдыдта Ирыхъæуы Ныхасы уæнгтимæ кæстæрты раст хъомылады. Уæдæ Ирыстоныл фыдохы бон куы скодта Хуссары, уæд Сабырдзинадтауæг къордимæ балæууыд Чъребайы æмæ ирон лæппутимæ хæцыд гуырдзиаг æрбабырсджыты ныхмæ.

 

1992 азы нæм куы æрбалæбурдтой, уæддæр та Мæбег йæхи иуварс нæ бамбæхста. Ирыхъæуы фæсивæды æрбамбырд кодтой йе ’мцæдисонтимæ æмæ йæхимæ райста ныббырсты ныхмæ тохы штабы разамынд. Йæ куырыхон зонд æмæ æфсады афицеры арф зонындзинæдтæ пайдахæссæг уыдысты уыцы уæззау рæстæджы фарстатæ растдæр лыгкæныны хъуыддаджы.

 

Цардбæллон адæймаг, фæзминаг хистæр, уарзон фыд æмæ цардæмбал, æхсæнадон активон архайæг, мыггаджы кад æмæ рады лæг Мурацты Константин-Мæбеджы фæлгонц зæрдæты ныууагъта ирд фæд. Йæ фыдæлты фарн бæрзонд систа йæ царды цыды æмæ йæ рухс ном æрттивгæйæ цæрдзæн æнусты.

 

ДЗУГАТЫ-МУРАСТЫ Риммæ,
Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг,
УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 10.02.2018 в 09:55

«Эта память важна для живых»

8 февраля на ул. Иристонской, 29 состоялся митинг, посвященный памяти воина-интернационалиста Георгия Мкртычана,

ОБЩЕСТВО 19.10.2021 в 08:01

Æнусты æрфыты минæвар

Ирон адæмон сфæлдыстад æвæджиауы хъæздыг у Нарты кадджытæ, Даредзанты таурæгътæ æмæ Царциаты диссæгтæй.

ОБЩЕСТВО 8.06.2022 в 21:16

Стартовал прием заявок на получение просветительской премии «Знание»

Российское общество «Знание» объявило о начале приема просветительских проектов для участия в просветительской премии «Знание» на сайте. Заявки принимаются до 17 июля включительно.

ОБЩЕСТВО 13.02.2024 в 08:15

ИЛАС ÆРНИГОНЫ МЫСÆН ИЗÆР

Абон Илас Æрнигоны кой куы ракæнæм, уæд  нæ зæрдыл æрбалæууынц йæ уацмыстæ: «Челе», «Уайсадæг чындз», «Хæрзбон» æмæ æндæртæ. Илас Æрнигон (Тогуыз­ты Газакк) уыд стыр ахуыргонд адæймаг. Зыдта кита­йаг, япойнаг æмæ корейаг æвзæгтæ, уыдис дæсны лингвист.  Йе сфæлдыстадыл бирæ дзурæн ис. Фыссæджы курдиатæн бирæ табугæнджытæ кæй ис, уый рабæрæг знон йæ мысæн изæры.

ОБЩЕСТВО 29.07.2021 в 07:30

С заботой о ветеранах

В городском Совете ветеранов подводят итоги первых месяцев года

ОБЩЕСТВО 16.03.2022 в 18:29

Будьте достойны героев!

На Аллее Славы прошла церемония возложения цветов к памятнику Героя России Юрия Нестеренко.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО