ОБЩЕСТВО

«ХЪОБАН: ЦАРДИВÆН» – МЫСИНÆГТЫ КЪУЫБЫЛОЙ

Мысинæгтæ, мысинæгтæ… Царды азфыст, æвæццæгæн, мысинæгты бæхыл бады, æмæ йæ сурын хъæуы. Тæхудиаг, йæ мысинæгты къæбицы дуармæ сираг бæхыл чи балæууы æмæ уыцы дуар кæй размæ фегом вæййы, цыхцырæгау йæ алыварс цæрæг адæмы хæрзты кой йæ бон кæмæн свæййы адæмы размæ рахæссын.

 

Царды цыды бирæ аххосæгтæ фæзыны, æмæ дзы æмбæхстæй фæлæууынц нæ рагфыдæлты сфæлдыстадон хæзнатæ, нæ разагъды лæгты цымыдисаг царды æвдисæндартæ, нæ рагбонты хъуыдытæ, бæллицтæ… Æмæ уыдоны раргом кæнын та бафты æрмæст иуæй-иуты къухы.

 

Кокайты Тотрадзы ном Ирыстоны хъуыстгонд у, сæйрагдæр, куыд поэт, зарджыты текстты автор. Фæстаг азты ма йæ поэтикон æмбырдгæндты æмрæнхъ фæзынд æндæр чингуытæ. Тотрадз разынд арæхстджын чиныгаразæг дæр. Дыууæ мæйы нæма рацыд, ирон адæмы зындгонд æдзард поэт Токаты Алиханы поэтикон бынтыл æртæ азы дæргъы цы иузæрдион иртасæн куыст фæкодта, уымæн æвдисæнæн кæй сарæзта чиныг Токаты Алихан. «Цыкурайы фæрдыг». Чиныгмæ Кокайы-фырт бахаста, æнусæй фылдæр æмбæхстæй Алиханæн цы поэтикон хæзнатæ фæлæууыд кæйдæр пъолы бын, уыдонæй 30 ног æмдзæвгæйæ фылдæр.

 

Курдиатджын адæймаг, дам, курдиатджын вæййы алы хъуыддаджы дæр. Кокайты Тотрадз нывгæныны æмæ черченийы ахуыргæнæджы дæсныйад йе ’рыгон бонты Цæгат Ирыстоны педагогон училищæйы кæй райста, сахуыры фæстæ та йæ хъысмæты базыртæ кусынмæ Хъобангоммæ кæй бахастой, уый нæ зыдтон æмæ ныр йæ царды фыстæй кæцыдæр хай мын райхæлд йæ ног чиныджы фæрцы. Ам, Хъобангомы, райдыдтой æрыгон лæппуйæн йæ царды фæндæгтæ аивады æмæ литературæйы къæпхæнтæм. Фæлæ уый тыххæй æндæр хатт.

 

Æхсызгон уылæнты ахæсты бахаудтæн, цалдæр боны размæ мæ къухтæм радон хатт Тотрадзы ног чиныг «Хъобан: Цардивæн» куы райстон, стæй, æнæнхъæлæджы мæхæдæг йæ фыццаг кæсæг кæй сдæн авторы æмæ редакторы фæстæ. Цымыдисы æфтауы чиныг æддаг бакастæй, йæ аив дизайнерон фæлыстæй. Хъобангомы хæхтæ æмæ къуылдымтæ сæ зын къахвæндæгтимæ авторы нывæфтыдæй чиныгкæсæджы йæхимæ æлвасынц йæ къæсæрыл бахизынмæ, иу сыф иннæйы фæстæ фæлдахынмæ. Бакастæй куыд цымыдисаг у, æвæццæгæн, йæ апп дæр афтæ уыдзæн… Æмæ мæнæ фыццаг фембæлд – форзацыл разынд къамы бæсты кърандасæй йæхи конд шарж йæ къухфыстимæ. Ис дзы авторы фыст Разныхас. Рацыд чиныгуадзæн «Проект-Пресс»-ы – йæ разамонæг Кодзырты Жаннæ. Тотрадз йæ чиныгæй ары хъобайнаг кадджын сылгоймаг Дзуццаты-Хуыдиаты Лизæйы ном. Лизæ бирæ азты фæкуыста ахуыргæнæгæй Хъобангомы. Уыд фæлтæрдджын ахуыргæнæг, куырыхон хистæр, ирон æгъдау, нæ фыдæлты традицитыл ахуыр кодта рæзгæ фæсивæды. Тотрадз æмæ кæстæр кары ахуыргæнджытæн дæр бирæ хæрзты бацыд, семæ хъомыладон куыст кодта, амыдта сын йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Ацы чиныг чи бакæса, уый, æнæмæнгæй, банкъардзæн, авторы æрыгон бонты миддунейы ахаст йæ алыварс цæрæг адæммæ сæ хорз æмæ æппæрццæг фæзилæнтæм, æрдзмæ, нæ рагфыдæлты культурæмæ, Ирыстоны кæмтты æртæ хъæуы Четырс, Дзуарыхъæу æмæ Хъобанæн йæ «риуы арфы сыгъдæгзæрдæйæ цæмæн хæссы сæ аив сурæттæ удрæвдаугæ куывдау». Æмæ йæ Тотрадз йæхæдæг цадæггай æвдисы каубыд уисгай халæгау: «Тырсыгомы, мæ райгуырæн хъæу Четырсы мын мæ ныййарæг мадимæ, фыццагдæр, Терчы дон кодта авдæны зарджытæ. Уыцы зарджыты азæлд цæргæбонты рухс кæны æмæ кæндзæн мæ цардвæндаг.

 

Терчы гуырæн баззади дзæгъæлæй,

 

Зилгæ хох йæ бындурæй ныззылд.

 

Райгуырæн къуым а зæххыл кæмæн нæй,

 

Уый, мæнау, нæ уыдзæни рæвдыд.

 

Ме ’взонджы бонтæ мæ цæрынмæ æрхуыдтой Куырттаты коммæ бахизæны – Дзуарыхъæумæ. Дзуарыхъæу – дзуæртты бадæн – ссис мæ дыккаг райгуырæн хъæу. Ам-иу фæсурокты, доны был Къостайы чиныджы кæсгæйæ, хъуыстон Фыййагдоны цины зарджытæм. Уæд мæхæдæг дæр райдыдтон зарджытæ фыссын:

 

Ногæй та дæ донбылмæ æрцыдтæн, –

 

Цыма дардæй зæрватыкк æртахт.

 

Уылæн мæнæ уылæны æрсырдта,

 

Уылæн мыл æрбаппæрста æртах.

 

Уылæнимæ баиу ис мæ цинад,

 

Уылæнимæ баиу ис мæ зард.

 

Уылæнтæ мын радтой ныфс, лæгдзинад,

 

Уылæнтау – æнæрынцой мæ цард.

 

Четырсы хъæу – мæ сабийы бонты авдæн, Дзуарыхъæу – ме ’взонджы бонты хъæу. Мæ цардивæн азты мæ мæ хъысмæт бахаста Хъобангоммæ. Хъобан мын ссис уæлдай уарзондæр хъæу. Кусын дзы райдыдтон ахуыргæнæгæй, хъæубæстимæ цæрын, адæмы рæгъы цæуын. Хъобаны культурæйы кой кæй руаджы айхъуыст дунейыл, уыцы Джызæлдон йæ зардæй фидардæр кæны мæ зарæджы зæлтæ:

 

Æз хурмæ сæумæрайсом сисын мæ къухтæ,

 

Сывæллонау цин кæнын боныл.

 

Мæ сæрмæ фæзилы кæмфæнды æдзухдæр, –

 

Æз, хурау, фæллайын нæ зонын.

 

Нæ хъуыдытæ иу ысты хуримæ махæн.

 

Уый тауы йæ тынтæ, æз тауын мæ фæндтæ.

 

Йæ тынтæ хур адæммæ худгæ ыздахы,

 

Æз адæммæ здахын мæ зæрдæйы тæгтæ».

 

Æмæ чиныджы дарддæр михтыл уистæ радыгай бийгæ, иу сыф иннæйы фæдыл фæлдахгæ цæуæм йæ фæлгæты æмæ кæсæм авторы «зæрдæйы зæгъинæгтæ». Уыцы зæгъинæгтæ фыст сты хуымæтæг æнцонæмбарæн æвзагæй æмæ нæ ахæссынц Хъобангомы къуылдымтæм, йæ хохрæбынтæм.

 

Автор нæ йæ уацмысты балæууын кæны хосгæрдæнты, йæ доны былты, æнæхъæн дунейыл чи айхъуыст, уыцы Мæрдты горæты, атезгъо кæнæм йæ уынгты, уазæгуаты бауайæм алы хæдзармæ, фæминас кæнæм, сæ циныл цин кæнæм, сæ хъыгыл – хъыг, сæ тыхстыл та тыхсгæ кæнæм. Тотрадз йæ цардивæн азты фондз азы дæргъы Хъобаны дыууæ скъолайы кусгæйæ, цы хорз адæмтимæ æмбæлд, куыд цард æмæ куыста, цы уыдта æмæ базыдта, уыдонимæ зонгæ кæны чиныгкæсæджы. Чи йæ кæса, уый дзы, æнæмæнг, базондзæн, кæм йæ зонгæты, кæм йæ хæстæджы, кæм та – Ирыстоны кад æмæ намысы лæгты æмæ æвæсмонæй баззайдзæн, йæ зонындзинæдты къæбиц та дзæвгар фæхъæздыгдæр уыдзæн.

 

Бацæуæн райдыдта Хъобайнаг культурæйæ. Тотрадз æм бахаста йе ’рыгон бонты цардвæндаджы хабæрттæ, йæ алыварс чи цард, цы алӕмӕттаг бынæттæ уыдта æмæ цымыдисагдæр хабæрттæ-таурæгътæ-мысинæгтæ хъуыста, уыдон. Рахызт таурæгътæм æмæ дзы иу кадæг иннæйы ивы, иу цау иннæйы суры. Йæ алы фæзынд æмæ йæ алы хъайтар дæр у цардæй ист. Кæд сæ кой раздæр дæр фехъуыстам, уæд нын Тотрадз сæ фæлгонцтæ ноджы цымыдисагдæрæй нæ разы слæууын кодта, сæ хъæбатырдзинад, сæ мæгуыр царды тухитæ…

 

Хъобан, ардыгæй рацыдысты Тлаттаты Чермен, Бæтæйы фырттæ, ам райгуырдысты Хъаныхъуаты Бола-«Хъазыбеджы хох» æмæ Алыккаты Хазби, фысджытæ Санаты Уари, Сланты хотæ – Дауырæ æмæ Эллæ, кадæггæнæг Сланты Гаха (йæ фыртимæ фæстаг азты ам æрцардис), кадæггæнæг æмæ нывгæнæг Хъаныхъуаты Умар, Дзуццаты дыууæ Викторы æмæ æндæртæ. Чиныджы дзы алкæуыл дæр ис сæрмагонд уац, таурæгъ, кадæг æмæ радзырдтæ. Хъобаны зарæггæнджытæ, фысджытæ æмæ культурæйы архайджытæ Ирыстоны кад бæрзонд систой. Таурæгътæ «Уарзæтты мæсыг», «Æмбалты Хъауырбег», «Чызджыты хох» æмæ иннæтæ стыр дисы æфтауынц хъусджыты. Тотрадз Хъобаны цæрджытæй фехъуыста цалдæр кадæджы. Æнцойад нал ардта, йæ хъуыдыты æдзух зилдух кодтой æмæ райгуырдысты поэтикон рæнхъыты хуызы «Гуыдалæ» æмæ «Уарзæтты мæсыг»:

 

Зæронд мæсыг нындæгъдис фахсыл,

 

Цыма зæрватыччы хæдзар?

 

Цæст æй фыццаг кастæй нæ ахсы, –

 

Къæдзæх – йæ сис, къæдзæх – йæ цар.

 

«Рæсугъд, сыгъдæг уарзты цæхæрæн

 

Кæй нæ ис дурты ’хсæн мæлæн.

 

Æз дзурын амондджын фæлтæртæн:

 

«Ис уарзтæн дурты ‘хсæн цæрæн!»

 

Фæлæ ныр а дуджы фæлтæры

 

Нæ хъæуы сау дурты æххуыс,

 

Сæ зарæг арф кæмтты ныннæры, –

 

Нывыл – сæ уарзт, нывыл – сæ куыст…

 

… Æмæ ныхъхъус вæййы уæд мæсыг,

 

Æркæлы кæрдæгыл йæ цæссыг, –

 

Йæ цæссыг рухс амонд æвдисы,

 

Мæ дæрзæг къухмæ йæ æз исын…

 

 «Уарзæтты мæсыг»

 

Чиныджы ис «Авд æфсымæры кадæг» Гæздæнты æфсымæртыл. 1963–1964 азты фыст æрцыд, мыхуыры та рацыд 1965 азы 31 январы Горæтгæрон районы газет «Ленины тырыса»-йы, Ирыстоны зындгонд фыссæг Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъайы» Гæздæнты æфсымæртыл рацыд фæстæдæр 1965 азы журнал «Мах дуг»-ы 9-æм номыры. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Тотрадзы кадæг кæд фыст æмæ мыхуыргонд æрцыд раздæр, уæддæр рохуаты аззад æмæ ныр ацы чиныджы фæрцы ирон чиныгкæсæг хуыздæр базонгæ уыдзæн Кокайы-фырты кадæгимæ. Радзырдтæ: «Дынджыр тебæйы – бур-бурид тымбылæгтæ», «Зарæг абадгæ чызджытыл», «Сын­дзы кæрчытæ æмæ Марусяйы бабызтæ», «Минæвар», «Уыппæйы цæст», «Паддзах куыд æвзæрстой» дзаг сты юморæй, æмæ сæ адæймаг кæсы мидбылхудгæйæ. «Хъобан: Цардивæн»-ы алы радзырд, алы таурæгъ, алы кадæг дæр у цымыдисаг, мидисджын æвзагæй фыст, у аив фæлыст дзырдаивады фæзилæнтæй, поэтикон нуарджын хъуыдытæй æмæ рæствæндаг уæд, ирон дзырдаивадæн аргъ чи кæны, уыцы чиныгкæсæджы зæрдæмæ.

 

Кокайты Тотрадз та цæуы йæ цардвæндагыл дард­дæр, йæхи загъдау, фæстæмæ куы акæсы, «… уæд Хуыцауы æртæ цæссыгæй Иры зæххыл æртæ кувæндоны кæй равзæрд – Таранджелоз, Реком æмæ Мыкалгабыр, уый зæрдылдаргæйæ, æз дæр Хуыцауы рухс, æртæ цæссыгау, мæ риуы арфы ардыгæй фæстæмæ хæсдзынæн раст уыцы æртæ дзуары номау мæ уарзон, мæ зæрдæйæн уæлдай адджын æртæ хъæуы номы: Четырс, Дзуарыхъæу æмæ Хъобан».

 

Тотрадз ацы хъæутæн фыртау лæггад кæны æмæ уал йæ уарзон Хъобаны ном цæрæццаг скодта йæ чиныг «Хъобан: Цардивæн»-æй. Тагъд рæстæджы Четырсы æмæ Дзуарыхъæуыл дæр ма йæ къухы куыд бафта ахæм чингуытæ ныффыссын, уый йын Стыр Хуыцауы цæст бауарзæд. Чиныг «Хъобан: Цардивæн» та рухс федта Дзуццаты Таймураз æмæ Игоры æххуысæй, æмæ сæ кæстæртимæ ирон дзырдаивады фарнæй сæ тъымы-тъыматæм хайджын уæнт.

 

Дзугаты-Мурасты Риммæ,Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг,

Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 22.10.2022 в 07:21

«Большой этнографический диктант»

С 3 по 8 ноября 2022 года в рамках программы РФ «Реализация государственной национальной политики» Федеральное агентство по делам национальностей проводит VII Международную просветительскую акцию «Большой этнографический диктант».

ОБЩЕСТВО 23.09.2021 в 08:02

Вячеслав Гобозов: «Ангелы политикой не занимаются» (часть 1)

Вячеслав Гобозов – известный политолог, опытный переговорщик, политик, депутат Парламента Южной Осетии первых трех созывов, востребованный журналист как на Юге, так и на Севере Алании, один из составителей Коституции РЮО и многих важных законов страны, государственный и общественный деятель… О нем можно сказать, что он с легкостью ориентируется в самых сложных ситуациях в стране, высказывает […]

ОБЩЕСТВО 2.04.2024 в 09:05

Образ волка в осетинской мифологии

В обиходе осетин староосетинское название волка «уæрхæг» заменено словом «бирæгъ». Согласно сказаниям, родоначальника нартов звали Уархаг. У него было два сына-близнеца Ахсар и Ахсартаг, которые, охраняя чудесную яблоню нартов, ранили голубку, похитительницу плодов с этого дерева. Преследуя птицу, Ахсартаг оказался в подводном царстве.

ОБЩЕСТВО 2.02.2024 в 19:31

«Асгард» воспитывает чемпионов

Юная воспитанница отделения тенниса «Асгард» Владикавказской академии спорта Полина Конева стала мастером спорта и вошла в юношескую сборную России.

ОБЩЕСТВО 8.05.2018 в 11:26

С заботой о ветеранах

Ко Дню Победы Левобережная администрация традиционно подготовила комплекс мероприятий.

ОБЩЕСТВО 11.04.2019 в 10:58

Папа, мама, я – приемная семья

Путь постижения, осознанности и приятия.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО