Харебаты Тимурыл сæххæст 75 азы
Афтæ куы зæгъон, алчидæр нæ ирон зарæг бирæ уарзы, зæгъгæ, уæд, æвæццæгæн, нæ фæрæдидзынæн. Æнусон сты нæ адæм йæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй цы сфæлдыста, уыцы фæрныг æгъдæуттæ, кадджытæ,зарджытæ, таурæгътæ. Зарæгæн стыр кад уыдис нæ рагон фыдæлтæм дæр. Уый афтæ куы нæ уыдаид, уæд, цæмæй зыдтаиккам, Нартмæ диссаджы зарæггæнæгæмæ уадындзыл цæгъдæг Ацæмæз кæй уыдис, уый.
Бирæвæрсон у, абон арфæйы ныхæстæ цы курдиатджын адæймаг исы, уый сфæлдыстад. Йæ зарджыты ирдæй зыны адæймаджы цард, ирон адæймаджы миддунейы хъæздыгдзинад, æмткæй райсгæйæ, иумæйаг Ирыстонмæ уарзт.
Уæдæ, йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ радтæг адæмæн цæстуарзон лæггад чи бакодта æмæ кæны, йæ диссаджы курдиат æмæ зæрдæйы рæсугъддзинады фæрцы ирон аивад æмæ культурæ фæхъæздыгдæр кæныныл æвæллайгæйæ чи архайы, уыдонæй сæ иу у нæ адæмы уарзон композитор, курдиатджын зарæггæнæг, РХИ-йы адæмон артист, РЦИ-Аланийы адæмон артист, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг, РХИ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, Хæлардзинады ордены кавалер, «Во имя жизни»-йы майданы кавалер, Уæрæсейы æмæ РЦИ-Аланийы Композиторты цæдисты уæнг, æппæтцæдисон æмæ дунеон конкурсты лауреат æмæ дипломант, РХИ-йы æнæофициалон гимн – Ирыстоны тыххæй культон зарæг «Мæ Ирыстон»-ы автор, эстрадон зарæджы бындурæвæрæг Харебаты Тимур. Уымæн, фидарæй зæгъæн ис, йæ бон ссис ирдæй музыкæйы мидис равдисын. Йæ зарджытæй бирæтæ систы «хиттæ», адæм сæ уарзынц, хъусынц сæм зæрдиагæй.
Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ конд зарджытæ иухуызон не сты æмæ иу зæрдæйы уагæй нæ дзурынц. Алкæмæндæр сæ ис йæхи хъысмæт, йæхи базыртæ тæхынмæ, адæмы зæрдæ ссарынмæ. Диссаг та уый у, æмæ йæ алы æрмдзæф, йæ алы зарæг дæр йæхи ‘рдыгонау у аив. Йе сфæлдыстады йæ уацмыстæн алкæмæндæр ис йæхи истори, йæхи цæрæнбон. Цæуынц йæ зæрдæйы арфæй, куы сæм хъусай, уæд адæймаджы æфтауынц сагъæстæ æмæ хъуыдытыл. Уыдон адæймаджы удыхъæд кæнынц сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр.
Æмæ зарæггæнæгæн, стæй композиторæн та уый у йæ сæйрагдæр рахæцæн: зарæг куы фæрæстмæ вæййы æмæ зæрдæтæм фæндаг куы ссары, йæ алæмæтон зæлтæй зæрдæйы дуæрттæ куы байгом кæны. Гъе, ахæм зарджытæ свæййынц адæмон дæр.
Ацы æвæрццаг æууæлтæй æнæмæнг хайджын у Харебаты Тимур. Ныр цалдæр боны нæ иумæйаг Ирыстоны йæ аивадуарзджытæй исы арфæйы ныхæстæ йæ 75 азы юбилейы фæдыл æмæ йыл рæсугъдæй æрцæуæнт.
Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан йын ракодта зæрдæбын арфæтæ.
Йæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад, цæмæй æнтыстытæ æмæ уæлтæмæнад уой царды йæ æнувыд æмбæлццæттæ!
Арфæйы фыстæг æм лæвæрттимæ та фæхæццæ кодта Хуссар Ирыстоны Президенты уынаффæгæнæг Гобозты Вячеслав.
Ноджы фылдæр ма дын бантысæд, Тимур, бирæ цы Ирыстоны уарзыс, уый хæрзæбонæн.
Хуыцау нын ахæм арфæ ракæнæд, æмæ алкæй райсомы бон дæр рæсугъд куыд уа, алкæй зæрдæ дæр нæ зарын куыд агура! Ирон зарæг та Иры дзыллæйыл æнустæм куыд хъуыса!
КЪУДУХТЫ Маринæ