Æмæ та мæ зæрдыл æрбалæууыдысты стыр уырыссаг фыссæг Антон Чеховы хъуыдытӕ: «Адæймаг æппæтæй дæр хъуамæ рæсугъд уа – бакастæй дæр, кондæй дæр æмæ удæй дæр». Уыдонæй, кæй зæгъын æй хъæуы, сæйрагдæр, æнæдызæрдыгæй, уды рæсугъддзинад у, уымæй хайджын дæ – уæд дæ бакаст дæр æмæ дæ дарæсы конд дæр адæммæ рæсугъдæй зындзысты.
Хуыцау уыдæттæй Кцойты Душетхан Элзарыхъойы чызджы нæ фæхъыг кодта. Радта йын аив бакаст, рæсугъд уды сконд æмæ кæй æхсæн цæры, уыцы хиуæттæ.
Куырыхон зонд, нæртон удыхъæд Иры зæххыл номхæссæнæн кæмæн баззад, уыцы номдзыд, буц хистæртæ кæнынц адæмæн кад æмæ намыс.
Уыцы фæрнджын хистæртæй иу у Душетхан дæр.
Йæ хуымæтæг зæрдæйы уагахастæн æмæ йæ уды рæстаг скондæн кæрон нæй.
Цард цард у, алы адæймагыл дæр хæс æвæрд ис, фæлæ йæ се ʼппæт æмхуызон не ʼххæст кæнынц. Адæмæн лæггад кæнгæйæ цы æвидигæ цардвæндагыл рацыд, уымæй у кæстæртæн фæзминаг. Хистæртæн æгъдаудæттæг, кæстæртыл аудæг æмæ сæ царды раст фæндагмæ здахæг, ирон æгъдауыл сæ ахуыргæнæг, рæсугъд бинонты куырыхон хистæр. Йæ цардвæндаг та – царды скъола. Йæ къæсæрæй йын куыддæр бахизай, афтæ йын банкъардзынæ йæ ирондзинад.
Хистæр фæлтæрæй алкæмæн дæр йæхи хъысмæт ис, алчидæр дзы йæхи цардвæндагыл ацыди. Гыццыл тухитæ нæ федтой, уæлдайдæр та хæсты сывæллæттæ, фæлæ уæддæр сты сæрыстыр, алчидæр сæ у рæсугъд зæрдæйы хицау.
Хорзы кой дардыл хъуысы. Кæй æхсæн фæцард, чи йæ зоны, уыдон æй се ʼппæт дæр зонынц хорздзинæдтæ тауæгæй, уæзбын хистæрæй, хорз хъомылгæнæгæй, бинонтыл аудæгæй.
Уæдæ, адæмимæ рæстæй, арфæйагæй цæрын йæ сæйраг хæс кæмæн у, рæстæджы фыдæх кæуыл нæ фæуæлахиз, йæ уды фарны хъомыс ноджы бæрзонддæр кæмæн сахадыдта, ахæм адæймæгтæй фидауы цард, уыдон сты бирæ хæрзты аккаг.
Рагзамантæй абонмæ ирон адæммæ хистæр кадджын у. Æмбисонд дæр хуымæтæджы нæ баззад: «Кæстæр арæх, хистæр буцæй уæд нæ цард!» Фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ алчидæр сæрыстыр вæййы нæ дзырддзæугæ, куырыхон адæймæгтæй. Ахæмтæ та рох нæ вæййынц æхсæнадæй. Абон Душетханæн йæ юбилейы фæдыл нæ республикæйы æмæ Дзæуджыхъæуы ветеранты советты сæрдартæ Фриаты Хъазыбег æмæ Лалыты Лев, йæ хæдивæг Зозраты Георги юбилярæн ракодтой арфæйы ныхæстæ æмæ йæ схорзæхджын кодтой майдан – «Хæсты сывæллæттæ»-й.
– Адæймаджы миддуне зонд æмæ куыстхъомдзинадыл, æгъдау æмæ æфсармыл æнцайы. Уыдон сты, нæ уд æмæ нæ зæрдæ аив цæмæй у, царды хъæр æмбарынхъом цæй фæрцы стæм, уыцы æнусон удварны хæрзтæ. Цас лæг йæ хъысмæты фурды арфдæр хизы, уыйас йæ цард дæр кæны мидисджындæр, афтæ рауад нæ абоны хъайтары хъысмæт дæр, – зæгъы Лалыты Лев.
Душетхан, дæ 95 азы сæрты акæсгæйæ, куыд цардхъом, хъæлдзæг, уæнгрог, æнæниз дæ, цард-цæрæнбонты дæр дæ афтæмæй куыд уыной, уый дын зæгъы дæ бинонты зæрдæ.
Адæмы арфæ, бинонты амонд æппæты стырдæр амонд у, æмæ фæрнæй цæр Иры дзыллæйы амондимæ! Бирæ азты уарзты хур цæуæд дæ фарсмæ, тавæд дæ йæ хъарм æмæ цинхæссæг тынтæй!
КЪУДУХТЫ Маринæ