Адæймаг цы къуымы райгуыры, йæ фыццаг къахдзæфтæ цы зæххыл акæны, уый ад ын цæрæнбонты ницы скæны, уым æм сæвзæры Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Рагæй фæстæмæ дæр Райгуырæн бæстæйы ном бæрзонд чи хаста, уыдон уæлдай кадджындæр уыдысты адæмы ʼхсæн. Бирæ сты, дунейыл Ирыстоны ном кæй фæрцы айхъуыст, уыдон.
Куыд зонæм, афтæмæй алы адæймагæн дæр ис нысан йæ царды. Хъуамæ алчидæр тырна уымæ, цæмæй йын адæмы ʼхсæн уа кад, аргъ ын кæной, йæ алыварс чи ис, уыдон. Уый та аразгæ у адæймагæн йæхицæй. Æгъдауджын, цæстуарзон куы уай, адæмимæ хæларæй куы цæрай, царды исты хорздзинад ныууадзынмæ куы тырнай, уæд, зæгъæн ис, дзæгъæлы нæ райгуырдтæ. Ахæм æвæрццæг миниуджытæй Хуыцау кæй фæхайджын кодта, уыдоны номхыгъдмæ хауы Тыбылты Харитоны фырт Леонид дæр. Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, хорзы ном хæссыныл бирæ фыдæбон ис. Фæлæ Тыбылты Леонид ацы хæс æххæст кæны цæсгомджынæй.
Арт кæм судзы, фарн дæр уым ис. Фæлæ рухс æмæ тавс – цæй фæрцы? Раст зонды – уый рахизы лæггадмæ, рæсугъд хъуыддæгтæм. Æмæ куыннæ хъуамæ кæнæм арфæ абон йæ райгуырæн боны фæдыл Тыбылты Леонидæн! Уый цæры Ирыстоны цæрайæ, Хуссар Ирыстоны президент уæвгæйæ, æвæллайгæйæ лæггад кодта йæ адæмæн, республикæйæн.
Уыцы фӕлдурӕджджын дуджы, бæгуыдæр, æнцон нæ уыд республикæйы сæргъы лæууын. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, бон цæуы æмæ фарн хæссы ахæм адæймæгты фæрцы. Йæ къухы цы хорздзинæдтæ аразын бафтыд, уыдон тынг бирæ сты, фæлæ сæ сæйрагдæр – Хуссар Ирыстонæн йæ фæрцы кæй раздæхтой авдсæдæ азы фæстæ йæ ном – Паддзахад Алани.
Кад æмæ дам цард æмбæлццæттæ сты, æмæ дæ, Леонид, уымæн ис адæмы хорзæх. Хуыцау æмæ дын бæстыфарн фылдæр кæнæнт дæ цардхъомыс, афтæмæй дæ фæндтæ нæртон æфсир æфтауæнт, дæ къухы бафтæнт ноджы стырдæр æнтыстытæ! А дунейы цы хорздзинæдтæ ис, уыдонæй хайджын у!