ОБЩЕСТВО

Къостайы авдæны фарн

Хаттæйхатт æнæбары фыссæггæндтыл дæр исты афыссын бахъæуы, æндæр гæнæн куынæ уал вæййы, уæд

Адæймаг æйсаразы æнæбары, æфсæрмæй, фæлæ дзы æхцондзинад нæ райсы. Фæлæ стыр фыссæгыл исты фыссын æнцондæр у, зæгъгæ, мачи зæгъæд. Курдиатджын фыссæгыл бирæ дзурæн ис, хорз уацмысты та бирæ зæгъинаг ис, стæй сæ зæгъын дæр хорз, аккагæй хъæуы, уый та у, æхцондзинад дæр кæмæй исыс, ахæм фыдæбон æмæ йæм алчи йæ ныфс нæ хæссы. Курдиатджынфыссæг та хуыйны, бирæ зæгъинæгтæ кæмæ ис æмæ сын сæ радзурын дæр чи зоны, уый

Хуыгаты Сергей Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институт каст куы фæцис, уæд куыста Цæгат Ирыстоны телеуынынады, рауагъдад «Ир»-ы æмæ журнал «Мах дуг»-ы хайадты редакторæй. Йе  сфæлдыстады уацары бахаудтæн мæ сабибонтæй фæстæмæ. Раст зæгъгæйæ, йæ уацмыстæ афтæ диссаджы нуарджын æвзагæй фыст сты, мæ цæсты афтæ бæрзонд æвæрд сты æмæ дзы кæцыйыкой ракæнон, уый нæ зонын.

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Хуыгайыфырты уацмыстæ мæ сабибонтæй фæстæмæ кастæн, фæлæ йын йе сфæлдыстадмæ тынгдæр ме ‘ргом аздæхтон, нæуæдзæм азты йæ сатирикон радзырдты æмбырдгонд «Гъе, уый дын Хепа», зæгъгæ, куы рацыди, уæд. Радзырдты юмор афтæ бирæ ис æмæиу æй чи каст, уыдон–иу бирæ фæхудтысты. Зæгъæн ис, мæ кæстæртæ схъомыл сты уыцычиныджы уацмыстыл æмæ сæ ныр дæр нæ рох кæнынц. Абон уыцы чиныгæн йе ссарæн никуыуал ис.

Фæлæ кæуылты фæзынд сты ирон литературæйы йæ иннæ чингуытæ, поэзи æмæ прозаикон уацмысты æмбырдгæндтæ дæр: «Бонвæрнон», «Мæ сыхæгты номæй», «Æхсырласæг», «Хурвæндаг», «Сæнæфсиры цупæлттæ», «Зарæг баззадис мемæ», «Урс изæртæ», «Ацы хъарм хуры бын»…

Фыссæгæн йæ бæллиц рагæй уыд, нарты эпосы бындурыл ын йæ хъайтартæй цардæгас сурæттæ саразын æмæ уый йæ къухыæфтгæ дæр бакодта. Йæ роман «Нарты Фарнæг» афтæ мидисджын рауад, раст цыма автор семæ царди. Нафийы æнæмæлгæ«Сырдоны цæссыгтæ» æмæ «Нарты Фарнæг»-ы руаджы нарты эпосæй базыдтам бирæ цыдæртæ. Фæлæ, хъыгагæн, ныртæккæалцæуыл дзурыны фадат нæй.

Абон мæ ныхасы сæр у Сергейы ног чиныг «Къостайы авдæн»-ы тыххæй. Бафиппайын хъæуы уый æмæ, фыссæджысфæлдыстады стыр бынат кæй ахсы Хетæгкаты Къостайы ном. Куыд йæ поэзийы, афтæ йæ прозæйы дæр. Æрмæст йемдзæвгæтыæмбырдгонд «Хуры рæгъ»-ы йын йæ ном ссардта цалдæр уацмысæй: «Къостайы хъæдзар», «Нарон æхсæв», «Къостайы уынг», «Наронхабар», «Къоста». Уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ айста поэты райгуырд æмæ йæ мады мæлæты æвирхъау хъысмæт. Уыцы трагедийе  ‹мдзæвгæ «Нарон æхсæв»-ы афтæ бæлвырдæй равдыста, уыцы сау мылазон рæстæг цæстытыл афтæ ауайын кодта æмæ дзызæрдæ нырризы:

 

Уыцы æхсæв цæстыл уайы абонау, —

Наргомы фыддæр æхсæв нæ уыд.

Дзурынц: уæд дæлгæмттæ кодта Абана,

Поты фæзмæ лæст æмæ лæбырд

 

Хæдзæрттæ ныззылынтæ сты адæргæй,—

Мæнæ се сæфт ралæудзæн рæхджы.

Райсом бон куыддæр ысцъæх уа, ардыгæй

Ацæудзæни сауарæзт бæхджын

 

Фæлæ æппæт уацмыстæн сæрæвæрæн фæцис йæ уацау «Къостайы авдæн», мæ ныхас дæр уыдзæн ууыл. Уый у иронлитературæйы ахсджиаг фæзынд. Чиныг гуырахстджын у, ис дзы æртæ уацауы æмæ иуæндæс радзырды. Уыдонæй иу — «Къостайыавдæн». Автор йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй у æцæг хабары бындурыл амад, фæлæ йын уæддæр фаг æвдисæнтæ не ссардта. Уацауы апп у афтæ: æрыгон лæппу Хъарадзау фæтуджджын. Ацыд Къуыдаргомæй æмæ Нармæ бафтыд. Уыцы рæстæджы ХетæгкатыЛеуанæн райгуырд лæппу Къоста æмæ аргæарын йæ бинойнаг амард. Лæппу Леуанимæ базонгæ æмæ йæ базыдта, сывæллонæнавдæн кæй нæй. Хъарадзау кæд уынгæ дæр никуы фæкодта авдæн аразгæ, уæддæр чысыл Къостайæн сарæзта авдæн

Фыссæг куыд зæгъы, афтæмæй Къостайæн авдæн саразыны хабар бирæ хæттыты фехъуыста, фæлæ йа алфамблай цаутæйницæуыл фæхæст: чи уыди лæппу æмæ цæмæн фæтуджджын? Фæлæ курдиат дæр уый хуыйны æмæ исты цау парахатæй, дзаджджынæй адæмыхсæнмæ куы рахæссай.

Хуыгайыфырт йæ уацауы ирдæй равдыста Стырмæсыджы цæрджыты гæвзыкк цард, сæ цинтæ, сæ хъыгтæ, рæстдзинад æмæмæнгарддзинад, æвæрццаг æмæ æппæрццаг хъайтарты миддуне.

Хъарадзау æнæкæрон уарзтæй бауарзта сæ сыхбæстаг чызг Мартайы, уарзы йæ чызг дæр, фæлæ æвæрæз лæппу йæ ныфс нæ хæссы йæ минæвæрттæ барвитынмæ. Нæй йын, æгæрмæгуыр, йæ чысыл хæдзары хицæн къуым дæр. Фæлæ ма Мартайы тынг уарзысæхи хъæуккаг Тъотъо дæр æмæ йæ нæ уырны, йæ разæй мæгуыр Хъарадзауы равзара, уый. Фæлæ чызджы фыд Боба разындхæларзæрдæ æмæ рæстуд. Йæ чызджы фæндоны ныхмæ нæ рацыд æмæ бакодта, нæ фыдæлтæм арæх чи нæ уыд, ахæм хъуыддаг: нæсæ райста ирæд дæр, афтæмæй йæ чызджы Хъарадзауæн радта.

Фæлæ æрыгон къайы адджын цард бирæ нæ ахаста. Мæнгард Тъотъо бахъуыззыд ног чындзмæ æмæ йæ фæхудинаг кодта. Мартайæ цард рауæлдай кодта æмæ йæхи былæй аппæрста. Фæдис æрбамбырд зианджыны кæрты, устытæ марой кæнынц. Хъарадзау йæсудзгæ мастæй йæ чемы нал у, æппæт уыдæттæ йæм кæсынц фын уынæгау, кæсы адæммæ æмæ йæ йæ хъуыдытæ рахæссбахæсскæнынц алы рæтты: «Хъарадзау лæууыди рæбындæр. Йемцахъхъæн лæппутæ йыл иу цалдæрæй æрæмбырд сты æмæ йемæлæууыдыстыХъарадзау–иу йæ уæллаг дæндæгтæй йæ бинаг был нылхъывта æмæиу былы уæлæ джиппæвæрдау баззадыстыдæндæгты фæдтæ. Куы иу лæгтæм бакасти, куы-иу лæппутыл æрзылдта йæ цæстытæ, афтæ зынд: чидæр сты, зонгæ чидæр, фæлæчи, уый нал хъуыды кæны. Æмæ таиу йæ хъуыды аздæхти иннæрдæм: Афтæ унырмæ фын уыны, уæд цымæ цæмæн æрæмбырдсты æнæхъæн хъæуы лæгтæ æмæ ам цырлæууыдысты, науæд цыхуызæн лæуд у уый?!»

Уыцы цау дыууæ бинонты бындур ныззылдта, тынг фæхъыг кодтой хъæубæстæ дæр. Уæдæ аххосджыны куыд ссардæуа? Уæдызаман адæм дзуары фыдæхæй афтæ тарстысты æмæ фыдгæнæджы уымæй тæрсгæйæ йедтæмæ ницæмæй фæазымджын кодтаис. Æмæ сыхаг Исмел йæхимæ райста ахæм хæс: цыдæриддæр нæлгоймæгтæ ис хъæуы, уыдоны худтæ дзуары бынмæ ахæссын æмæ сæуым ныууадзын. Стæй алчидæр йæ худ хъуамæ рахæсса йæхæдæг. Чи йæ нæ рахæсса, фыдракæнд сарæзта уый. Сæ хъуыдымæ гæсгæ,фыдракæнд чи сарæзта, уый дзуары фыдæхæй тæрсгæйæ, йæ бынмæ нæ бацæудзæн.

«Уой, зиуы цæуынхъом чи у лæппуйæ дæр æмæ лæгæй дæр, уыдон сæ худтæ рахæссæнт!»

«Æмæ сæмбæлы мæсыджы фарсыл Исмелы хъæр, нызгъæлæнтæ вæййы, йе згъæлæнтæ уынгты апырх вæййынц… Худтæ дзуармæ хаста Исмел, уый зыдтой хъæубæсты æмæ змæлыди хъæу…»

Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй мæнгард Тъотъо йæ худ нæ рахаста дзуары бынæй, йæ ныфс нæ бахаста. Уыцы хабар уайтагъдхъусхъус хъæуыл ахъæри. Æмæ Хъарадзау бамбæрста: уый уыди, уый йæ сафæг. Бацыд æм æхсæвыгон йæ кæртмæ «Æмæ, хъамасласта Хъарадзау, афтæмæй йæхи аппæрста, талынг чердæм ивылди, уыцырдæмÆмæ цыма æрмæст Тъотъойы нæ сырдта, фæлæ,йæ разæй цы талынг уыди, уый дæр сырдтаТъотъо йæ зæрдæ дардтааирвæздзæн» Фæлæ «уыцы стыр талынгæй ратахтДжиголайы сауарæзт хъама. Рухсмæ ма иу æрттывд фæкодта, стæй Тъотъойы фæсонтæм бахаста йæ бырынкъ æмæ риуы фæйнæджыбынæй акасти. Тъотъо ма уæддæр цалдæр гæппы акодта, стæй йæхи размæ бахаста хуырджын уынгмæ æмæ йыл дæлгоммæбафæлдæхт».

Райста йæ маст Хъарадзау, йе рагъæй йæ уæззау уаргъ ахауд, фæлæ йын уым фæлæууæн нал уыд. Ныууагъта йæ мæгуыр бинонты æмæ хæхты сæрты бахызт Нармæ. Уым иу ран йæ улæфт куыд уагъта, афтæ æнæнхъæлæджы йæ цурмæ æрбацыд æнæзонгæ лæг,базонгæ сты. Уый разынд Хетæгкаты Леуан. Кæрæдзийæн сæ дудгæбæттæ радзырдтой. Куыд рабæрæг, афтæмæй Леуанæн дæр уæдрайгуырд лæппу æмæ йæ бинойнаг аргæарын амард. Чысыл Къостайы хъомыл кæнынмæ ахастой, фæлæ йын нæй авдæн. Ничи дæттыæнамонд сывæллонæн йæ авдæн.

Æмæ ныффæнд кодта Хъарадзау: авдæн сараза Къостайæн, кæд, куыд аразгæ у, уый уынгæ дæр никуы фæкодта, уæддæр æйхъуамæ сараза. Ууыл баууæндын кодта Леуаны дæр, фæцыдысты хъæдмæ æмæ лæппу сарæзта диссаджы авдæн æмæ йæ Къостакæм уыд, уырдæм, Цымимæ фæхастой Леуанимæ. «Хъуамæ авдæны мах цур бабæдтой Къостайы æмæ йæ мах цур аузой, кæддæра цыми кæнид Къоста, куы йæ узой, уæд. Хъуамæ йæ мах дæр аузæм, кæддæра дзæбæх, æнцон узæн рауади нæ авдæн», — авдæн йеккой, афтæмæй йæ бæллицтæ нывæндгæ цыдис Хъарадзау.

Афтæ Тъотъо æгады сæфт фæкодта, Хъарадзауы къухтæй арæзт авдæны та фидæны гени Къоста схъомыл.

Фæстаг рæстæг мæм ахæм миниуæг фæзынди: уацмысæн йæ сюжетмæ уыййас мæ хъус нал фæдарын, фæлæ йевзаджы гъæдмæ.Аныгъуылын уыцы алæмæтаг дунейы æмæ мæ алыварс цытæ фæцæуы, уый нал фенкъарын. Алы ныхас, алы хъуыдыйад дæр дзыныхъуырæгау фæкæнын. Сергейы хæдхуыз æвзаг, мæнмæ гæсгæ, никæимæ ис абарæн. Дыууæ хъуыдыйады дзы куы бакæсон æнæавторæй, уæддæр æй уайтагъд базондзынæн кæй фыст у, уый. Фæнды мæ Къостайы авдæн»-ы диссаджы абарстытæй иу цалдæрскъуыддзаджы æрхæссын:

«Хъæр мæсыгæн йæ фарсыл нæ сæмбæлд, фæлæ кæуылдæрты йæ хуылфы смидæг и мæсыгæн, стæй йæ сæрæй стахти æмæхæхтыл хойгæ ахаста йæхи…»

«Стæй басабыр сты, цыма хъæд фæцæйластой сыфцæй, сæ уæрдон аскъуыд æмæ, сæ хъæд цы фæкæной, ууыл хъуыды кодтой, афтæ…»

«Цæвæг садзын уæм дзыкка хафæнтæ ахæрæгау ма кæсæд, ма…»  

«Сæрдыгон дæр зæнгæйæттæ дардта, даргъ зæнгæйттæ, уæраджы сæртæй уæлдæр чи æххæссыди, ахæмтæ, фæтасæнты бынмæ баст уыдысты рæхсæн бæттæнтæй, æмæ уæраджы къоппатæ къуыпп дардтой, цыма сын сæ мидæг фæйнæ холладжы гуцъулайы атъыстæуыд, уый хуызæн…»

 «Уартæ мусы чъилыл, цыма дзы дыууæ мусы къæбæлы ныссагъдæуыд, уыйау фæрсæйфæрстæм лæууыдысты Саулох æмæ Гиго…»

Сергейы сфæлдыстады ма арæх æмбæлæм, иу ныхас дзы арæх фæлхатгонд кæм цæуы, ахæм хъуыдыйæдтыл, фæлæ йын уыдонноджы хæдхуыздæр кæнынц йе сфæлдыстад. Афтæ куынæ уаид, уæд цыма йæ уацмыстæ цыдæр хъуаг уаиккой:

«Дзæгъиан уæдæй нырмæ сабыр бадти, афтæ сабыр бадти, æмæиу æм бакасти Исмелма афынæй уа! Уæдæ уанцон сабыр бадтнæу! Æниу Хуындæгон дæр сабыр бадти, фæлæ Дзæгъианы сабыр бадт бынтон æндæргъуызон сабыр бадт уыди. Æмæ канд йæ бадтнæ уыди сабырæгасæй дæр нысабыр и…»

«Æппынæдзуххæларзæрдæ æмæ хъуыдыхуыз, дзырдхъом æмæ дзырдбарон, æвдæлон æмæ æнæвдæлон, тæригъæдгæнаг æмæфезмæлдмæ рæвдзафтæмæй базыдтой йевзонджы бонтæй фæстæмæ йæ хиуæттæ, йæ хæлæрттæ Хуыгаты Сергейы»,фыссыХъазиты Мелитон йæ чиныг «Хурмæ тырнгæйæ»-йы.

Адæймаг цас зондджындæр æмæ курдиатджындæр уа, уыййас у хуымæтæгдæр. Ахæм курдиаты хицау уæвгæйæ, никуы ничи фехъуыста Сергейæ йæхицæй раппæлгæ, йæ риу хойгæ. Æдзух у хуымæтæг, хъазæгой, хæларзæрдæÆмæ адæймагсагъæстыл фæвæййы: ахæмтæ фæсвæд цæмæн аззайынц? Диссаг куыд нæ у, уыцы кармæ фæцæргæйæ æмæ ахæм уацмыстæснывæндгæйæ, йе сфæлдыстады сæйраг темæ Къоста кæмæн у, уыцы Хуыгайыфырт нырмæ Къостайы номыл преми куыд никуырайста? Кæм ис рæстдзинад? Уæдæ йæ, генийы ном сдзурыны аккаг чи нæ у, уыдонæй йæ цал æмæ цалæй райстой.

Ныр, кæдæйуæдæй, зындгонд поэт æмæ прозаик, Ирыстоны Адæмон фыссæг, йæ диссаджы уацмыстыл цалдæр фæлтæр кæмæнсхъомыл, уыцы Хуыгаты Сергейæн йæ чиныг «Къостайы авдæн» æвдыст æрцыд, рагæй йæм чи ‘мбæлы, Къостайы номыл уыцыпремимæ. Ацы диссаджы чиныг æнæгуырысхойæ у уыцы премийы аккаг

ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

 


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 11.11.2022 в 19:55

О государственной службе и новых льготах

10 ноября на очередном заседании Совета Парламента РСО-А под председательством Таймураза Тускаева был рассмотрен большой блок вопросов. В частности, в Федеральный закон «О государственной гражданской службе РФ» предлагается внести такое понятие, как профессиональный уровень.

ОБЩЕСТВО 8.06.2022 в 21:10

Ответственность за пьяное вождение

На четыре месяца в колонию-поселение отправится водитель за повторное управление автомобилем в состоянии опьянения.

ОБЩЕСТВО 17.04.2024 в 21:38

Осторожно: мошенники!

 «Ваш родственник попал в беду!» – одна из распространенных в настоящее время мошеннических схем, жертвами которой в основном становятся пенсионеры.

ОБЩЕСТВО 24.05.2023 в 19:54

К празднику славянской письменности

ОБЩЕСТВО 16.08.2018 в 11:36

Тернистый путь к чемпионству

«Ко мне часто приходят журналисты и интересуются достижениями моих спортсменов. Да, сейчас их немало, но нельзя говорить лишь о том, что мы имеем на сегодняшний день.

ОБЩЕСТВО 21.10.2017 в 11:24

Молодежь – в авангарде

Молодежь является наиболее прогрессивной частью общества, открытая для восприятия новых идей и активно реагирующая на самые серьезные вызовы времени.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО