Ирон адæмы рæсугъд æгъдæуттæ сæ мидисмæ гæсгæ царды мидæг æнгом баст уыдысты къуырийы бонтимæ. Æгъдæуттæм лæмбынæг куы ʼркæсæм, уæд дзы алкæмæ дæр къуырийы бонтæй хаудта хицæн бон. Иу бæрæгбонæй иннæмæ рæстæг нымад цыди къуыригай.
Уыцы нымад æппæт Ирыстонæн дæр уыди иумæйаг æмæ бонтæ хæццæ нæ кодтой. Фæлæ сæ фæстагмæ чырыстон динимæ барынвæнд куы скодтой, уæд суйтæ кæнын райдыдтой.
Ныр абон æркæс цардмæ, уæд адæм нал фæзонынц, кæцы бæрæгбон цы бон кæнгæ у, уый, æмæ сæ чи къуыри раздæр кæны, чи фæстæдæр.
Уæдæ цы амыдтой нæ фыдæлты нымадмæ гæсгæ къуырийы бонтæ?
КЪУЫРИСÆР
– Барысчъиаг бон (нæфæтчиаг бон), уыцы бон ахсджиаг хъуыддæгтæ кæнæн нæй.
ДЫЦЦÆГ
– Уастырджийы бон. Цы фæнды хъуыддаг дæр Уастырджийы фæдзæхстæй рæстмæ кæны.
ÆРТЫЦЦÆГ
– Хæйрæджыты бон. Сæ ном сын æргомæй дзурæн кæй нæ уыди, уымæ гæсгæ-иу дзырдтой «рæстмæгæнджыты бон». Уыцы бон-иу таурæгътæм гæсгæ, хæйрæджытæ адæммæ хорз цæстæй кастысты, фыдбылыз нæ хастой.
ЦЫППÆРÆМ
– Зæдтæ æмæ дзуæртты ном арæн бон.
МАЙРÆМБОН
– Мæрдты бон.
САБАТ
– Мæрдты бон. Ирон æгъдаумæ гæсгæ ацы дыууæ боны кодтой мæрдты кæндтæ.
ХУЫЦАУБОН
– Йæ ном – йæ уæлæ, Хуыцаумæ кувæн бон.
Ирон нымадмæ гæсгæ къуырийы дæргъы ис æртæ кувæн боны: дыццæг, цыппæрæм æмæ Хуыцаубон.
Майрæмбоны-иу хур куы аныгуылди, уæд-иу æй хуыдтой сабатизæр – мæрдты кæндтытæн кæнæн уыд.
Сабаты фæссихор та хуыдтой Хуыцауæхсæв æмæ Хуыцауы ном арын æмбæлди.