ОБЩЕСТВО

ЛЫСТÆГ КАСТИС ЦАРДЫ ÆГЪДÆУТТÆМ, АДÆЙМАДЖЫ АРХАЙД ÆМÆ ЙÆ УДЫ КОНДМÆ

Зындгонд ирон фыссӕг Коцойты Бибойы фырт Арсены райгуырдыл сӕххӕст 151 аз

 

«Коцойты Арсены сфӕлдыстад у ирон литературӕйӕн йӕ райдайӕн стыр къабузтӕй, йӕ кад ӕмӕ йӕ сӕрыстырдзинад. Арсен ирон культурӕйы историмӕ бацыд аив дзырд ӕмӕ реалистон радзырды зӕрингуырдӕй. Уый лӕмбынӕг ӕмӕ хъуыдыджынӕй ӕркаст адӕмы цардмӕ, мӕгуыр адӕймаджы хъуӕгтӕ ӕмӕ тырнындзинӕдтӕм, йӕ уды конд ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕм, акаст ын йе ʼхсӕнадон уавӕртӕм ӕмӕ сӕ нывӕфтыд кодта йӕ уацмысты. Арсен ахӕм цардӕгас фӕлгонцтӕ, ахӕм хуызджын характертӕ сфӕлдыста йӕ заманы ӕрмӕгӕй, ӕмӕ ӕнӕ уыдон ирон литературӕ нӕ уаид ӕнӕкъахыр. Арсены рӕдау ахорӕнтӕ, йе сфӕлдыстадон фӕрӕзтӕ ӕмӕ йӕ хъӕздыг традицитӕ уыдысты зынгӕ ӕмӕ ӕнӕмӕнг хъӕугӕ фӕзынд нӕ аивады историйы».

 

Джыккайты Шамил

 

Коцойты Арсен райгуырдис 16 январы 1872 азы Джызӕлы. Нымад у ирон аив прозӕйы бындурӕвӕрджытӕй иуыл. Фараст азы йыл куы цыди, уӕд ӕй радтой хъӕуы райдайӕн скъоламӕ. Ам разынд хорз чиныгдон, ӕмӕ лӕппу фӕцахуыр ис чингуытӕ кӕсыныл. Скъола каст куы фӕци, уӕд бацыдис Ӕрыдоны семинармӕ, ам тынгдӕр айста йӕ зӕрдӕмӕ литературӕ, уӕлдайдӕр Къостайы зарджытӕ. Баззад ахӕм хабар дӕр: фараст ӕмбалимӕ иуахӕмы Арсен фистӕгӕй фӕцыд Дзӕуджыхъӕумӕ Къостайы уынынмӕ. 1899 азы ахуыргӕнджыты съезды 2-аг хатт сӕмбӕлд Къостайыл. Стыр поэты ныхас ног хъуыдытыл бафтыдта Коцойы-фырты.

 

Зын фӕндӕгтыл цыдис Арсен революцийы размӕ. Скъолайы кусгӕйӕ, йӕхи иуварс ласта аргъуанӕй, кувынмӕ нӕ разӕнгард кодта ахуырдзауты дӕр. Уыйадыл ӕй систой йӕ куыстӕй. Мӕгуыр ӕмӕ йыл рынчынӕй ивгъуыдтой иунӕджы ӕрхӕндӕг бонтӕ. 1902 азы Джызӕлы уыд зӕхкусджыты сыстад. Сыстад ӕрцыд саст. Хицауад Арсены фӕдыл бафтыд, зылынджын ӕй кодтой амидингӕнӕгӕй. Цӕрыны бар ын нал уыд Цӕгат Ирыстоны. Афтыд Хуссармӕ. Уым ирон скъолаты цыппар азы фӕкуыста ахуыргӕнӕгӕй. Фыста радзырдтӕ, ӕрвыста уацхъуыдтӕ Фӕскавказы газеттӕм, ӕвӕрдта сӕ, йӕхи ныхӕстӕм гӕсгӕ, «рӕстӕджы риссаг фæрстытӕ», ӕвдыста сӕ прогрессивон хъуыдытӕ, хурмӕ хаста бынӕттон хицауад ӕмӕ дины кусджыты худинаджы митӕ, дзырдта адӕмы хъуӕгтӕ ӕмӕ сӕ тыхстытыл.

 

Дыууиссӕдз азӕй фылдӕр Арсены уацмыстӕ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттӕ ӕмӕ журналты Тбилисы, «Терские ведомости», «Казбек» ӕмӕ ӕндӕртӕм. Бетъырбухы, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны, стӕй ӕндӕр рӕтты дӕр, уыимӕ арӕх зындысты фӕсномыгӕй (зындгонд сты Арсены фӕсномыгтӕ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунӕг, Габойты Габо, Ар.).

 

1910 азы Арсен ирон ӕвзагыл Тбилисы уагъта ӕрвылкъуырион журнал «Ӕфсир», кӕцы сси дыккаг ирон журнал. Кӕд уымӕй рацыд ӕрмӕст 14 номыры, уӕддӕр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературӕйы рӕзтӕн. «Ӕфсиры» фыццаг хатт фӕзындысты Арсены радзырдтӕ ирон ӕвзагыл. Журнал «Ӕфсир» мыхуыр кодта Коцойты Арсены, Хъороты Дауыты, Тменаты Елбыздыхъойы, Тлатты Хохы, Гулиты Ефимы, Рӕмонты Тӕтӕйы, Гаглойты Рутены, Тыбылты Алыксандры, Хъоцты Бидзинайы, Цӕголты Георгийы ӕмӕ ӕндӕрты уацмыстӕ, стӕй ирон ӕвзагмӕ тӕлмацгонд уацмыстӕ дӕр.

 

«Ӕфсир» ӕхгӕд куы ӕрцыдис, уӕд Арсен абалц кодта Бетъырбухмӕ. Куыста дзы Ленины газет «Прав­да»-йы корректорӕй (ома, уырыссаг ӕвзаг афтӕ хорз зыдта). «Авзарон, загътон, мӕ тыхтӕ, цард фыццаг кӕны, уым», – фыста фӕстӕдӕр. 1912 азы куыста корректорӕй Ленины «Правда»-йы, мыхуыры дзы рауагъта йӕхи тӕлмацӕй дыууӕ радзырды – «Цуанонтӕ» ӕмӕ «Хӕлӕрттӕ».

 

Бирӕ рахау-бахау ма бахъуыд Арсены революцийы агъоммӕ, бирӕ зынтӕ федта «царды зилдухӕнты». Советон дуджы кодта ахсджиаг ӕхсӕнадон-рухсадон куыст. Бирӕ хъару радта Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны советон мыхуыры хъуыддаг нывыл саразынӕн. Газет «Хурзӕрин» ӕмӕ журнал «Фидиуӕджы» куысты уыди разамынддӕттӕг. Афтӕ цардагур ӕмӕ фӕндон куыстагур йӕхи раппар-баппар кодта иу ранӕй иннӕмӕ. Уымӕй кӕд йӕ тых саст, уӕддӕр ын фадат уыд дуне йӕ алы хуызты фенынӕн – уый та у хъӕздыг ӕрмӕг сфӕлдыстадӕн.

 

Стыр горӕты йӕ фӕндтӕ нӕ ацыдысты ӕмӕ Калакмӕ ӕрыздӕхт. Ног та ралӕууыдысты уӕззау куысты бонтӕ, газетты хицӕутты ныхмӕ тохы бонтӕ. «Ӕз афтӕ нымайын, ӕмӕ журналисты хӕс у ӕхсӕнады алы фыддзинады тыххӕй хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кӕнын», – фыста Арсен.

 

Кӕд йӕ радзырдты тыххӕй сси номдзыд, уӕддӕр фыста ӕндӕр литературон къабӕзты дӕр. Ныффыста иу уацау – «Джанаспи» ӕмӕ роман «Кӕфхъуындар» (ӕххӕстӕй мыхуыргонд никуы ӕрцыд) ӕмӕ цалдӕр пьесӕйы.

 

Арсены цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй бирӕ фыст ис ирон литературӕзонӕн ахуырады, уыдоны ис арф ӕмӕ раст хатдзӕгтӕ, ис сӕ бирӕ къуыхцытӕ дӕр. Фӕлӕ ам ӕнӕ зӕгъгӕ нӕй фыссӕджы сфӕлдыстады сӕйраг миниуджыты тыххӕй.

 

Арсен уыд царды трагизмы нывгӕнӕг, йӕ радзырдтӕн куыд се ʼрмӕг, афтӕ сӕ сюжетон арӕзт ӕмӕ сӕ архайджыты хъысмӕттӕ дӕр нывӕст цӕуынц трагедийы ахорӕнтӕй. Уыцы хъуыддаг, иуӕй, цыдис, фыссӕг цы цард ӕвдыста, уый ӕцӕгдзинадӕй, уый ӕхсӕнад ӕмӕ социалон уавӕртӕй, иннӕмӕй та, цыдис Арсены сфӕлдыстады хиадӕй.

 

Арсен лыстӕг каст царды ӕгъдӕуттӕм ӕмӕ фӕзындтытӕм, адӕймаджы архайд ӕмӕ йӕ уды кондмӕ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ уацмысты ӕрмӕг вӕййы бӕлвырд ӕмӕ ӕцӕгдзинад, йӕ хъайтарты зӕрдӕйы уаг ӕвдыст фӕцӕуы парахатӕй, реализмы фӕрӕзтӕй, йӕ фӕлгонцты миниуджытӕн сӕ равзӕрӕн вӕййы ӕхсӕнадон уагӕвӕрдӕй. Тугисыны ӕгъдау уыд ӕппӕт адӕмты царды дӕр бӕлвырд историон къӕпхӕнтыл. Уымӕй ӕнусондӕр та у маст исыны хъуыддаг. Фӕлӕ уыдӕттӕ Арсен ӕвдисы национ царды хуызты, йӕ архайджыты хи сӕрмагонд удыхъӕдмӕ гӕсгӕ.

 

Арсены ӕхсӕнадон-рухсадон ӕмӕ сфӕлдыстадон куыстӕн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссӕг 1939 азы хорзӕхджын ӕрцыд орден «Кады нысанӕй». Йӕ ном хӕссынц Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Беслӕны уынгтӕ. Цытджын ӕгъдауӕй йӕ бавӕрдтой Къостайы музейы кӕрты.

 

Арсены ӕхсӕнадон-рухсадон ӕмӕ сфӕлдыстадон куыстӕн абон дӕр стыр аргъ кӕнынц нӕ интеллигенцийы минӕвӕрттӕ. Уымӕн ӕвдисӕн йӕ 151 азы фӕдыл цы мадзӕлттӕ арӕзт цӕуынц нӕ республикӕйы, уыдон.

 

Æрæджы дæр та Цæгат Ирыстоны адæймаджы бартæм сæйраг цæстдарæг Цгъойты Тамерлан æмæ йе ʼмкусджытæ, нæ республикæйы Парламенты депутаттæ бабæрæг кодтой Коцойы-фырты ингæн, ныссыгъдæг æй кодтой æмæ йыл сæвæрдтой дидинджытæ.

 

Ӕмӕ та нӕ кӕронбӕттӕн балхынцъ кӕнӕм Джыккайты Шамилы хатдзӕгӕй: «Арсены уацмысты йӕ рӕстӕджы цард йӕ бирӕ хуызты ӕвдыст ӕрцыд бӕрзонд, реалистон аивады фӕрӕзтӕй, йе сфӕлдыстад у мидисджын ӕмӕ фидауцджын, йӕ фӕлгонцтӕ не сты историон цыртдзӕвӕнтӕ, фӕлӕ – удӕгас, афтӕ сты йӕ традицитӕ дӕр. Уый мидӕг ис йӕ курдиаты нысаниуӕг нӕ культурӕйӕн йӕ ивгъуыд, йӕ абон ӕмӕ йӕ фидӕны рӕзты».

 

ФАРС БАЦÆТТÆ КОДТА КЪУДУХТЫ МАРИНÆ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 20.12.2018 в 10:33

Опасные забавы

До наступления любимого с детства праздника – Нового года – остались считаные дни.

ОБЩЕСТВО 9.09.2022 в 20:32

Уголовная ответственность за уклонение от прохождениявоенной и альтернативной гражданской службы

За уклонение от призыва на военную службу предусмотрена уголовная ответственность для лиц мужского пола в возрасте от 18 лет до 27 лет.

ОБЩЕСТВО 11.01.2022 в 10:29

Что изменится в жизни россиян в 2022 году?

Традиционно в январе в России вступил в силу ряд законов, регулирующих различные сферы жизни россиян

ОБЩЕСТВО 15.03.2018 в 11:29

По мотивам Доклада-послания

Доклад-послание Главы РСО-А Вячеслава Битарова – это не только отчет по всем направлениям работы, проделанной в 2017 году,

ОБЩЕСТВО 15.10.2022 в 07:00

НÆ ЦÆУГÆ МÆСЫГ

Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл сæххæст 163 азы.

ОБЩЕСТВО 6.09.2022 в 11:55

«И голоса незримых прозвучат…»

Сан-Марино – самая маленькая  республика в мире. В 2006 году на одной из центральных улиц ее одноименной столицы итальянский скульптор Ренцо Венди воздвиг из бронзы памятник детям Беслана. В Осетии он хорошо известен по документальному фильму «Беслан. Память».

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО