Куыд зонæм, афтæмæй йæ æппæт дунейы адæмыхæттытæ æрæджы сбæрæг кодтой сæ мадæлон æвзаджы бон. 1999 азы 17-æм ноябры ЮНЕСКО-йы Генералон конференци расидт, цæмæй 21-æм февраль нымад æрцæуа Мадӕлон æвзаджы дунеон боныл. Бæрæгбон сфидар кæныны нысан уыд дунейы æвзæгты, культурон алыхуызондзинад æмæ бирæвзагондзинад бахъахъхъæнын.
Специалисттæ куыд нысан кæнынц, уымæ гæсгæ æвзаг у иу кæнæ иннæ адæмы материалон æмæ монон бынтæ бахъахъхъæныны æмæ рæзты иууыл егъаудæр инструмент. Цæгат Ирыстоны цæрынц сæдæйæ фылдæр адæмыхатты минæвæрттæ. Алы æвзаг дæр у хæдбындур æмæ æвдисы адæмы менталитет æмæ æгъдæуттæ. Ацы бæрæгбонмæ нæ республикæйы ахуыргæнæндæтты фæцæуы алыхуызон мадзæлттæ. Афтæ та рауад ацы аз дæр.
Зæгъæм, педагогон колледжы сарæзтой поэтикон изæр «Мадæлон æвзаг – адæмы хæзна». Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ сæйраг нысан уыд, цæмæй фæсивæд сæ фыдæлты истори æмæ культурæ зоной, уарзой се ʼвзаг.
Фембæлды уазджытæ бакастысты бæрæгбоны тыххæй кинонывмæ. Зæлыдысты æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ дыууын æвзагыл. Мадзал бацæттæ кодта Адæмты хæлардзинады республикон хæдзар Цæгат Ирыстоны педагогон колледжимæ иумæ. Бацархайдтой дзы национ-культурон æхсæнæдты минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ, сфæлдыстадон къордтæ.
КЪУДУХТЫ Маринæ