ОБЩЕСТВО

«МÆ ФÆНДАГ СУАДОНАУ – ÆРВИРД»

Куыд зонæм, афтæмæй Поэзийы æппæтдунеон бон æрвылаз дæр бæрæг  кæнæм 21-æм мартъийы. Адæймаджы царды поэзи у иууыл рухсдæр æмæ ахсджиагдæр æнтыстытæй сæ иу. Поэзийы дунеон боны сæйраг нысан у, нырыккон æхсæнады культурон царды литературæйæн цы стыр нысаниуæг ис, уый банысан кæнын, æппæт дунейы поэтты æрбаиу кæнын æмæ сæхи базонын кæнынæн фадат радтын. Поэзиуарзджыты та сын се сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын.

 

Уый фæдыл уæ, нæ зынаргъ газеткæсджытæ, абон зонгæ кæнæм Къудухты Маринæйы сфæлдыстадимæ.

 

Зæххыл цыдæриддæр фæндæгтæ ис, уыдонæй сфæлдыстадон фæзилæнтæй зындæр нæй.  Ирон фысджытæн сæ къахвæндæгтæ цыфæнды дæрдтыл куы æрзилынц, уæддæр æнæмæнгæй баиу вæййынц Дзæуджыхъæуы. Ам, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон факультеты, райсынц уæлдæр филологон ахуырад æмæ аныгъуылынц  сфæлдыстадон куысты мидæг. Æмæ ууыл се ’мхуызондзинад фæвæййы:  райдайы уæхскуæз куыст – сæрнывонд лæггад – дзырды æмæ дзыллæйы сæрвæлтау. Алкæмæн дæр дзы фæндагамонæг свæййы зæрдæйы цæхæр. Уый сын базонын кæны канд сæ сæйраг хæс нæ, фæлæ сæ бæллицты иудзинад дæр.

 

Къорд азы размæ Къудухты-Хъæцмæзты  Маринæйы чызгон уæхсчытыл хъысмæт сæвæрдта уæззау хæс. Уый, хордзенау, æруæз кодта сылгоймаджы æвæлтæрд буарыл. Гæнæн ис, æмæ йæ уыцы фæлварæн йæ зонгуытыл слæууын кодтаид, фæлæ чъребайаг чызг сæ лæмæгътæй нæ рауад. Æнтыстджынæй радта цард æмæ  поэзийы фæлварæн  – ахызт фæрсудзæнты сæрты ног цард, ног нысан  æмæ ног бæллицтæм. Адæймаджы хæс, царды уæз  æмæ бæллынады арвгæрон – хæдбындур поэтессæйæн банкъарын кодтой царды риссæгтæ æмæ поэзийы  диссæгтæ.

 

Къудухты Маринæ райгуырдис Хуссар Ирыстоны районы Бендеры хъæуы, куыстуарзаг бинонты æхсæн. Маринæ райдианы каст фæцис Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъола, уый фæстæ та – ЦИПУ-йы журналистикæйы факультет. Горæтгæрон районы газет «Фидиуæджы» бакуыста дæс азы (1993-2003) уацхæссæгæй. Уый фæстæ та кусынмæ бацыд «Дзæуджыхъæуы» газеты редакцимæ æмæ абоны онг фыдæбон кæны уым. Ирон фарс «Сахайраг» у йæ бар æмæ йæ тынг арæхстджынæй цæттæ кæны æлвылбон дæр. Маринæ хъомыл кæны цыппар сывæллоны: дыууæ лæппу (Къоста, Эрик) æмæ дыууæ чызджы (Анжелæ, Зæринæ). Йе ‘мдзæвгæтæ рагæй мыхуыргонд цæуынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны газеттæ æмæ журналты.

 

Маринæ сфæлдыстадон царды мидæг архайы æрдзон хуызы; хъусы йæ зæрдæйы сагъæстæм æмæ афтæмæй нывæнды йæ зондырухсы тæгтæ. Æрдзон æнкъарæнтæй гуырынц  – æрдзон фæлгонцтæ, цардхъомыс миниуджытæ æмæ удæгас æууæлтæ. Поэтессæйы æмдзæвгæтæ лæмбынæгæй чи бакæсы, уыдон уайтагъд фæзæгъынц: архайды цæхæр, мысаны цин æмæ бæллынады алæмæт сæ ирдæй зыны.  Хæдбындур автор сурæт-сурæты фæдыл иу халыл куы аласы, уæд уацмысы хъуыды, цæргæсау, йæ базыртæ æрцæгъды. Æмæ, æрфæны фæдау, уæлдæфы тыгъдады диссаджы фæд ныууадзы. Маринæйы лирикон хъайтармæ цыдæриддæр хорзæй ис (хи цæсгом, хи удыхъæд, химбарынад), уыдон иууылдæр  æрдзæй райста. Поэтессæ царды мидæг бæрæг дары йæ уæздандзинад,  йе ‘рдзон скондæй. Уый у, не ‘мдугон – æрыгон, фæлæ царды уæз чи банкъардта, ахæм адæймаг. Фæлтæрд адæймаг та царды дæр æмæ дзырдаивады дæр цæуы иу нысанæй-иннæмæ. Æмæ цас быхсондæр разыны, уыйбæрц æууæнкджындæр рауайы йæ фидæны арвгæрон. Поэтессæйы лирикон хъайтары сæйраг æууæл у уыцы нысанмæ тырнынад. Маринæ ахæм тырнынад домы чиныгкæсæгæй дæр. Æрмæст ахæм ахасты «цæхæры» райгуыры нывгæнæджы æцæг æрмдзæф æмæ йæ хъайтары бæрзонд уагæвæрд.  Æрмдзæфы фæрцы ма базонæм авторы æцæг  ахаст  йæ алыварс дунемæ. Уый хуымæтæджы «эстетикон уазнысан»  нæу: æнæ уыдон нæй æвдисæн æцæгдзинады рæстдзинад. Æнæ уыдон поэзи, хуыздæр-хуыздæр, ныппырх вæййы хицæн иппæрд рæнхъытыл.

 

Къудухты Маринæ тынг æрдзон адæймаг у: æрдзон сты йæ хидард, йе сныхас, йæ куыст, йæ цард, йе сфæлдыстад. Уымæ гæсгæ сæрмагонд ныхасы аккаг у йæ поэзийы мидæг æрдзы темæ дæр.

 

Къудухты Маринæйæн – Ирыстон æмæ фыдызæххы темæ йе сфæлдыстады райдайы мадæлон ныхасæй. Поэтессæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, йæ фыдæлтау, нæ рыййæфта, фæлæ сæ хорз æмбары: «Ирыстоны тохы судзгæ арты»  йæхи цæстытæй федта Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр. Йæ арты бацарæфтыд йæ цардæмбал æмæ йæ сабиты фыд Георги.  Æмæ кæд 20-æм æнусы уæззаудæр хæсты Уæлахизыл 75 азæй фылдæр рацыд, уæддæр, рагон ирон устытау, сидзæргæсæй баззад æмæ иунæгæй фæхъомыл кодта йе ’ртæ  сабийы. Цас æгъуыссæг æхсæвтæ арвыста, цас цæссыг фæкалдта авдæны сæрмæ, уый йæхи уд йедтæмæ ничи зоны. Фæлæ уæддæр ирон лæг быхсон у, хуыздæр фидæны бæллиц ын ныфсы хос свæййы æмæ та йе ’муд æрцæуы.

 

Æвæдза, куыд диссаг у адæймаджы цард. Цы диссаджы рæстæджы цæрæм, амондæй нæ куыд гыццыл хай хъæуы æмæ йæ ссарын куыд нæ зонæм. Нæ уарзт, нæ амонды хай ауадзæм, стæй не зæры бон куы æрцæуы, уæд та нæхи фæсмонæй фæхæрæм. Маринæ ахæм уавæр йæ дырæнхъон æмдзæвгæйы сныв кодта рæстдзæвин ныхæстæй: «Баззад хур-æртхурон хомæй. / Баззад зæрдæйы дуар гомæй». Поэтессæйы лирикон хъайтар фæсмойнаг нæ уыдзæн, уымæн æмæ тынг къæрцхъус у канд йе ’нкъарæнты змæлдмæ нæ, фæлæ, сылгоймагæн  царды йæ размæ цы сæйраг хæстæ æвæрд ис, уыдонмæ дæр:

 

 

Ирон сылгоймаг, арфæйаг дæ дугты,

 

Ды – царды цин хъæбулимæ æдзухдæр,

 

Цыма сæуæртæх дидинæджы къусчы,

 

Раст афтæ саби фидауы йæ къухты.

 

 

Маринæ гуыргæ æмæ хъомыл Хуссар Ирыстоны скодта, йæхи та базыдта (ахуыр, куыст, амонд) Цæгат Ирыстоны æмæ йын уымæ гæсгæ химбарынад айдагъ ныхас нæу. Маринæ йæ тынг арф æнкъары, æмæ йæ поэзийы дæр  ирдæй уымæн зыны:

 

 

Æз Ирыстон никуы кодтон дихтæ, –

 

Афтæ дæр æй дихгæнджытæ – бирæ.

 

Ирæттæ сты иу фаты æрттигъау,

 

Иу тигъ дæр дзы нæу уæлдайаг Ирæн.

 

 

Æмдзæвгæйы цыппар рæнхъы йедтæмæ нæй, фæлæ нæ йæ мидис стыр сагъæсты æфтауы. Фыццаг сагъæс баст у национ иудзинадимæ. Раст у, поэтессæ дихтæ чи кæны, уымæ адæмы зонд нæй, æндæр æй куыд не ’мбарынц, дихтæ чи кæны, уый нæ æдыхты фæндагмæ сайы. Дыккаг сагъæс  дзурæг у национ химбарынадыл: æнæуый дæр нæ дихгæнджытæ бирæ – нæхæдæг та ма нæхи цъысыммæ цæмæн тæрæм?.. «Ирæттæ сты иу фаты æрттигъау», – æмбарын нын кæны автор, – æмæ дзы «иу тигъ дæр нæу уæлдайаг Ирæн», æртыдзыхонæн æртæ кæроны куыд ис, раст афтæ. Поэтикон уацмысы кæронбæттæн хъуыдыйы къæсæрæй куы бахизæм, уæд Маринæйы фæстæ нæ бон зæгъын бауыдзæн: иудзинад  – нæ уарт, æмбарынад – нæ кард, ирондзинад – нæ ныфс. Йæхицæн ахæм уазнысантæ чи равзæрста, æрмæстдæр уый бон бауыдаид ныффыссын ахæм æрдхæрæн ныхæстæ:

 

 

Мæнæн мæ цъæх сæртæ – уæлæрвтæ,

 

Мæнæн мæ буц къона – мæ Ир.

 

Мæ амонд хурау у æнæрцæф,

 

Мæ фæндаг суадонау – æрвирд.

 

 

Хъыгагæн, Маринæйы къухы нæма бафтыдис йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг мыхуыры рауадзын. Фæлæ йын цы хицæн уацмысты циклтимæ базонгæ стæм, уыдон дæр цæсты ахæдынц се ’ргом æнкъарæнтæ æмæ аивадон æууæлтæй. Авторы æрмдзæф сæ баиу кодта æртæ темæйы (æрдз, уарзт æмæ фыдыуæзæг) алыварс. Æмæ куыд федтам, афтæмæй нæ иртасæн ныхас зилдух кодта уыдоны фæдыл. Мæнмæ гæсгæ, хæдбындур поэтессæйы уацмыстæ уый аккаг сты. Зын фæндæгтыл цыдис йæ чиныгкæсæджы хатдзæгмæ Алиханы чызг, фæлæ фæсмон ницæуыл кæны. Зынтæн быхсон æмæ фæразон у. Йæхи загъдау, иу хатт-ма йæ царды фæндæгтæ фæлхатт кæнын хъуы бахъуыдаид, уæд та сыл ногæй рацыдаид. Уымæн æмæ йын уыдон бахсыстой йе сфæлдыстадон уагæвæрд. Æмæ ныр, йæ астæуккаг кары куы бацыд, уæд ын ралæууыд чиныгкæсджыты раз дзуаппдæттон рæстæг. Ахæм рæстæджы фæлварæн чи нæ банкъары, уый дзырдаивады зиууæттæм ницы бар дары.

 

Маринæ нæ размæ ныры онг цы поэтикон рæнхъытæ рахаста, уыдоны ис хъуыды, мидис æмæ фæлгонцад. Æмæ нæ хонынц сагъæс, цин æмæ хъынцъым кæнынмæ. Уый та дзурæг у, йе ’мдзæвгæтæ зæрдæйы бынæй кæй гуырынц, ууыл. Зындгонд куыд у, афтæмæй аивадон сфæлдыстады ахæм фæзилæнтæ ис, æмæ сæ фæхъæуы зондæй рухс кæнын, зæрдæйæ та – хъарм. Цæмæй уыцы бæрнон æууæлтæн дзуапп дæттын фæразай, уый тыххæй автор хъуамæ бындуронæй æнкъара кар, дзыллæ æмæ аивады домæнтæ. Рæстæджы фæлтæрæнтæн хъæуы – фæлтæрд уды æмбарынад. Къудухты Маринæ уымæй хайджын кæй у, ууыл дзурæг у йæ зæрдæмæдзæугæ сфæлдыстад. Ныридæгæн уал поэтессæйы къухы бафтыд уæндон къахдзæф акæнын æххæстадмæ. Фæлæ йæм разæй æнхъæлмæ кæсынц ноджы бæрнондæр къахдзæфтæ. Æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы æвæллайгæ зæрдæйы уаг дзырдаивады раз.

 

ХОЗИТЫ Барис


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 11.05.2023 в 09:00

КЪУЫРИЙЫ БОНТЫ ХЫГЪДАМЫНД

Ирон адæмы рæсугъд æгъдæуттæ сæ мидисмæ гæсгæ царды мидæг æнгом баст уыдысты къуырийы бонтимæ. Æгъдæуттæм лæмбынæг куы ʼркæсæм, уæд дзы алкæмæ дæр къуырийы бонтæй хаудта хицæн бон. Иу бæрæгбонæй иннæмæ рæстæг нымад цыди къуыригай.

ОБЩЕСТВО 29.03.2023 в 19:43

Время созидания и перемен

Весной в Северной Осетии состоится традиционный месячник по санитарной очистке и уборке территорий, а также пройдет региональный этап Всероссийской ярмарки вакансий «Работа России. Время возможностей». Об этом стало известно на заседании правительства республики, которое провел премьер-министр Борис Джанаев.

ОБЩЕСТВО 15.12.2021 в 19:49

Объединяющая память

На мемориальном комплексе «Барбашово поле» появилось новое мозаичное панно в гранитной плите

ОБЩЕСТВО 14.03.2024 в 08:52

Поддержать, согреть, ободрить

В Штабе общественной поддержки РСО-А состоялась благотворительная акция в поддержку участников специальной военной операции. Активисты регионального волонтерского сообщества «Шьем и вяжем для наших. С любовью из Осетии» провели для школьников и студентов Владикавказа мастер-класс по изготовлению окопных свечей и плетению маскировочных сетей. В мероприятии также приняли участие представители общественной организации «Молодая гвардия» и волонтеры Победы.

ОБЩЕСТВО 1.03.2022 в 10:25

Великий служитель музыки

В Детской школе искусств г. Владикавказа состоялся концерт, посвященный Дню памяти заслуженного работника культуры РФ и РСО-А, кавалера ордена Дружбы народов, первой профессиональной пианистки-осетинки с высшим образованием Заремы Лолаевой. Ее имя навсегда вошло в историю осетинской музыкальной культуры.

ОБЩЕСТВО 8.12.2022 в 10:00

Сарæзта ирд æмæ зæрдæмæхъаргæ сурæттæ

Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон драматурги фæзынд дыууынæм азы тæккæ райдайæнты номдзыд фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Брытъиаты Елбыздыхъойы фæрцы. Æцæг уымæй размæ стыр ирон поэт Къоста ныффыста драмæ «Дуня», фæлæ уый ницыбæрæг скуыста ирон фидæны сценæйæн, уымæн æмæ фыст у уырыссагау, стæй дзырд цæуы уырыссаг цардыл.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО