ОБЩЕСТВО

«НÆ АХУЫРГÆНÆГ, НÆ ЗОНДАМОНÆГ, ДÆ НОМ ЦÆРДЗÆН НÆ ЗÆРДÆТЫ ÆНУСМÆ!»

«Æз цæрæнбонты табу кæнын ирон дзырдæн, уый у мæ зæды хай, уый у мæ удылхæцæг. Цы зæгъын, уый стыр ныхас нæу, уый мæ хъысмæт у… Ацы аз ирон факультетмæ æрбацыд ахуырдзаутæ, цас хъæуы, уымæй æмбис къаддæр. Ахæм цæф мыл никуыма сæмбæлд, асаст мæ астæумагъз, цуды мæ ныфсы мæсыг. Мæнгæн нæ уасыд сау халон… Мæ цард цы хъуыддагыл бахардз, уый сæфы мæ цæсты раз. Æз дæн трагикон уавæры, уæлион зындоны…».

 

Джыккайты Шамил

 

 

Къостайы фæдонтыл дзургæйæ, адæймаджы зæрдæмæ уæлдай хæстæгдæр лæууы Джыккайты Шамил. Нӕй ферохгӕнӕн, зӕрдӕйы арфы чи ‘рцард йӕ хорз хъуыддӕгтӕй, йӕ лӕггӕдтӕй Ирыстонӕн, йӕ адӕмӕн. Нӕй ферох кӕнӕн, йӕ уд йӕ адӕмы кады номыл нывондӕн чи ӕрхаста, уый.  Ирыстонӕн уыцы кады лӕг уыд  Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат, филологон наукæты кандидат, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты профессор, ахуыргæнæг æмæ зондамонæг, ирон филологийы факультеты декан Джыккайты Шамил.  Йӕ кӕддӕры ахуыргӕнинӕгтӕ-йæ фыццаг рауагъдонтæ, ӕмкусджытӕ йын Дзæуджы центрон библиотекæйы  фыццæгæм дæлхайады сæргълæууæджы хъæппæрисæй ацыд мысæн изæр  «Нæ ахуыргæнæг, нæ зондамонæг, дæ ном цæрдзæн нæ зæрдæты æнусмæ!»

 

Фембæлд байгом кодта бынæттон чиныгдоны сæргълæууæг Мысыкаты Разитæ.

 

– Рагон нæртон лæгæу зарын куы зонин,

Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт,

Дунеты се ‘ппæт мæхимæ æрхонин,

Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст. 

 

 Фæлæ дунетæм дзурын нæ бахъуыд – дунетыл фæдисы хъæрау айхъуыст Шамил æвирхъауæй кæй фæмард. Зæрдæ раст йæ æрфытæй ныхъхъæрзы, Шамилы хуызæн адæймаг, ахуыргонд, цардæй æнæнхъæлæджы кæй ацыд, уымæй. Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы 1976 азы рауагъдонтæн Шамил уæлдай хъуыдыгæнинаг у æмæ сæ хæсыл банымадтой 2023 аз Ахуыргæнæг æмæ зондамонæджы азыл нымад кæй æрцыд, уымæ гæсгæ æрхъуыды канын нæ рухстауæг Джыккайты Шамилы кадджын ном, уымæн æмæ сын абон дæр æрфæныфæдау у цардамонаг, – дзырдта Мысыкаты Разитæ. – Дыууадæс азы размæ Ирыстон фæцух поэт, патриот, зындгонд куырыхон хистæр, ирон æвзагзонынады Пехуымпар, ахуыргæнæг æмæ зондамонæгДжыккайты Шамилæй.

 

 Абон Шамилæн йа кæддæры 50 азы размæйы студенттæ, йæхи амондджын чи хуыдта, Шамилимæ сфæлдыстадон иудзинад кæмæн уыд, гъе уыцы хæлæрттæ, æмкусджытæ иумæйагæй æрымысыдысты, сæ царды сын арф фæд чи ныууагъта, йæ зонындзинæдтæ сын æнæвгъауæй чи лæвæрдта, уый тыххæй радзурын. Ныр уыдон дæр сæ кары бацыдысты. Æмæ кæд сæ къухы исты бафтыд, уæд уый дæр, æвæццæгæн, Шамилы руаджы. Алчи дæр сæ царды ссардта раст фæндаг. Шамил къухдариуæг цы къордæн кодта, уыдон саразтой абон ацы мысæн изæр.

 

Кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр сæ иу уысм дæр рох нæу, алкæддæр  æхсызгонæй æрымысынц нæ раздæры ахуыргæнæджы – Джыккайты Шамилы. Сæхи хонынц стыр амондджын, Шамилимæ сын ахам хъарм ахастдзинæдтæ кæй уыд, уый тыххай.

 

Стыр фæлтæрддзинад уыд Шамилмæ æрыгон ахуыргæнджытæ цæттæ кæныны хъуыддаджы. Рæдау хай кодта йæ арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæй, хионау сæ алкæуыл дæр узæлыдис. Шамил уыд куырыхон хистæр, рухстауæг, рæствæндаг амонæг. Уый йæ арф зонындзинæдтæ æнæвгъауæй хаста йæ армытъæпæны Ирыстоны кæстæрты размæ. Абон йæ раздæры студенттæ, аспиранттæ æнтыстджынæй кусынц куыд ЦИПУ-йы, афтæ Ирыстоны æмæ Уæрæсейы зонадон кусæндæтты.

 

«Шамил нæм фыццæг хатт куы æрбацыд нæ къордмæ къухдариуæггæнæгæй, уæдæй нырмæ рацыд 50 азæй фылдæр, фæлæ нæ мысинæгтæн абон дæр кæрон нæй. Мах арæх фембæлæм æмæ иу хæтт дæр афтæ нæ уыд æмæ Шамил нæ зæрдыл ма æрлæууæ. Абон та нын радон хатт ис хорз гæнæн æмæ йын йæ рухс ном æрхъуыды кæнæм», – мысынц мадзалархайджытæ Фæрниаты Зарæ,  Аркъауты Джульеттæ, Хъаныхъуаты Илитæ, Хацырты Ленæ, Цогойты Тамарæ, Цуциты Ритæ, Будтуты Фатимæ, Джыккайты Инессæ, Дзабайты Аллæ,  Сырхауты Алла æмæ Цалыккаты Терезæ.

 

Уæлдæр ма куыд загътон, афтæмæй Шамилæн йæ бирæ зондамындтытæ, йæ цæстуарзон ахаст тынг ахадгæ уыд рæзгæ фæлтæры хъомыладыл, фидæны ахуыргæнджытыл, сæ дарддæры цардыл. Мæнæ куыд зæгъы уый тыххай педагогон наукаты кандидат Мысыкаты Белæ:

 

– Мæхи стыр амондджын хонын, Шамил разамонæг цы факультеты уыд, уым æз дæр йе ‘мкусæг кæй уыдтæн, уымæй. Шамил нын уыд стыр ныфс нæ куысты мидæг. Цыфæнды сахат дар-иу æм дуар куы байгом кодтаис, цыфæнды сахат-иу æм куы бацыдаис, уæддæр-иу йæ куыстытæ аиуварс кодта , бæстон-иу байхъуыста æмæ дын-иу дæ хъуыддаг сарæзтаид. Факультетыл тынг аудыдта. Шамилы руаджы факультеты байгом сты педагогон, стæй ирон-фæсарæйнаг хайæдтæ. Студенттимæ уыд тынг æнгом баст. Зыдта сын сæ тыхст дæр æмæ сæ ахуыры къуылымпыдзинæдтæ дæр.

 

Æппынæдзухдæр æй фенæн уыд студентты ‘хсæн. Уæлдай тынгдæр йæ хъус дардта сфæлдыстадон куыст чи кодта, уыцы студенттæм. Лæмæгъ студентты зæрдæты та ныфс уагъта ахуырмæ. Уæдæ, хъомыладон куыст та Шамил æвæрдта æппæты бæрзонддæр бынаты. Æгъдау æмæ æфсарм домдта алы студентæй дæр. Уымæй-иу йæ зæрдæмæ исты куынæ фæцыд, уæддæр дзы хъæр ныхæс никуы ничи фехъуыстаид. Сабырæй алы фарста дæр лыг кодта. Зыдта алы студентæн дæр йæ хæдзары уавæр, цæмæй тыхсы, кæм ын феххуыс хъæуы.

 

Бирæ цымыдисаг хабæрттæ радзырдтой фембæлды сæ уарзон ахуыргæнæджы тыххæй уазджытæ, алчидæр сæ архайдта дзырдаивады хуыздæр æмæ нуарджындæр дзырдбæстытæ ссарын, цæмæй Шамилы рухс фæлгонц ирддæрæй слæууа цæстыты раз æмæ сæ къухы æфтгæ дæр бакодта.

 

Иуныхасæй, бæрæгбон кæд æнкъард æнкъарæнтимæ ацыд, уæддæр рауад мидисджын.

 

Куыд зонæм, афтæмæй 2012 азы 29 майы ЦИПУ-йы байгом кодтой Джыккайты Шамилы номыл аудитори. Уым фыссæн фæйнæджы сæрмæ Хетæгкаты Къоста æмæ Абайты Васойы хуызистыты ’хсæн кадджын бынат бацахста Шамилы портрет дæр.

 

Æцæг поэт, æцæг адæймаг намысимæ куы цæуа литературæйы сыгъдæг галуанмæ, уæд уый стыр фарны хабар у. Ахæм адæймаг уыдис зындгонд ирон драматург, поэт, фыссæг Джыккайты Шамил. Фыссæгæн йæ хъуыдытæ уыдысты йæ уарзон адæмыл, нæ мадæлон æвзагыл, ирон культурæ æмæ фыдæлты намысыл.

 

Джыккайты Шамилы цард аскъуыд фыдгæнæджы къухæй 26-æм майы 2011 азы. Фæлæ цæрæнбонты цæрдзæн нæ зæрдæты, æмæ йæхи ирон чи хоны, уый хъуамæ æнæмæнг зона Шамилы сфæлдыстад, уымæн æмæ йæ уацмысты ирдæй зыныц нæ истори, нæ фыдæлты цард, нæ æгъдæуттæ, нæ фарн.


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 19.10.2022 в 20:10

Владикавказ – Пятигорск: по следам Коста…

Город Пятигорск, гордо раскинувшийся под Бештау и Машуком, главными из пяти гор, опоясывающих его вокруг, – прекрасная обитель муз и Пушкина, и Лермонтова, и Толстого, и нашего Коста…

ОБЩЕСТВО 23.04.2019 в 10:24

Квартира в подарок

Сотрудник ВМБУ «Специализированный экологический сервис» – организации, которая днем и ночью заботится

ОБЩЕСТВО 2.03.2024 в 09:12

СÆ НÆМТТÆ ЦÆРДЗЫСТЫ ÆНУСТÆМ

Ехх, æвæдза, куыд раст у мæнæ ацы хатдзæг: «Фыдыбæстæ уæ дзырды сæр куы уа, уæд-иу фыццаг ныхасы бар æдзард хæстонтæн раттут!»

ОБЩЕСТВО 4.03.2023 в 09:58

Создадим книгу памяти «Новое поколение героев Осетии»

Совет ветеранов РСО-А собирает сведения о погибших участниках специальной военной операции.

ОБЩЕСТВО 9.11.2019 в 10:38

Он один такой

По крайне мере, в акционерном обществе «Радуга». И стаж у него эксклюзивный – почти 44 года на станке.

ОБЩЕСТВО 10.03.2023 в 19:09

Сергей Меняйло вручил участнику СВО Илье Кокаеву награду

Глава РСО-А Сергей Меняйло встретился с участником специальной военной операции на Украине, бывшим заложником захваченной террористами школы №1 г. Беслана Ильей Кокаевым.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО