КУЛЬТУРА

Нæ бæрæгбæттæ

ХУЫЦАУЫ КУВÆНДОН

 

Цины уа, зианы уа, ирон фынджы уæлхъус хистæр фыццаджыдæр ссары Хуыцауы ном.

 

Хуыцау сфæлдыста Нарты. Сфæлдыста зæхх, дон æмæ уæлдæф. Зæххыл цыдæриддæр цæуы, уыдон иууылдæр Йæ фæндæй цæуынц. Хуыцауимæ схæцын йæ ныфс никуы ничи бахаста, никуы Йыл ничи фæуæлахиз. «Батрадз зæдтæ æмæ Дауджытыл сегасыл дæр тых уыд, – загъд и Нарты кадджыты, – Хур æмæ Хуыцауæй фæстæмæ». Нæ ныл фæтых сты Нарт дæр æмæ «фыдвæды бæсты равзæрстой æвæд».

 

Хуыцауы сызгъæрин хæдзар ис уæларвы æппæты бæрзонддæр ран, сызгъæрин къæлæтджыны бады æмæ фæлгæсы дун-дунетæм. Йæ цæст дары зæхмæ, адæмы цардмæ æмæ амæндтæ уары. Хæрзиуæг ракæнын кæмæн хъæуы, уый дæр зоны. Æфхæрын кæй хъæуы, уый дæр зоны. «Хæрзгæнæг дæр Хуыцаумæ кувы æмæ фыдгæнæг дæр, хæрзгæнæг дæр йæхи Хуыцауыл фæдзæхсы æмæ фыдгæнæг дæр», – дзурынц ирон адæм æмæ Йын табу кæнынц. Хонынц æй Стыр Хуыцау, Иунæг Хуыцау, Хуыцæутты Хуыцау.

 

Хуыцауы номыл Ирыстоны бирæ кувæндæттæ ис. Сæ кадджындæртæй иу у, Мæхческы хъæуы кæрон цы кувæндон ис, уый. Хонынц ма йæ Стыр Хуыцауы бæлас дæр. Куывды бон вæййы сусæны мæйы кæрон кæнæ Майрæмты мæйы фыццаг хуыцаубоны. Куывд фæкæнынц радыгай, иу аз дæр цыппар хæдзары, иннæ аз дæр цыппар хæдзары. Йæ рад кæмæн æрхауы, уыдонæй алы хæдзар дæр Хуыцауы кувæндонмæ ратты фыс. Арахъ æмæ бæгæны скæнынц иумæйаг хорæй. Бæрæгбон алы хæдзар дæр кувæндонмæ схæссы æртæ чъирийы. Лæппу кæмæн райгуыры, кæнæ йæ фырт æфсадæй кæмæн ссæуы, уыдон уыцы бон сæрмагондæй кувæндонмæ æрбаласынц кусæрттæ, кувинæгтæ.

 

Адæм фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, цæмæй сæ Йæ хорзæх уа, баххуыс сын кæна.

 

 

АТЫНÆГ

 

Атынæг йæ рæстæджы уыд ирон адæмы уарзондæр æмæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу. Уæвгæ, абон дæр рох нæу, кæнынц æй бирæ рæтты.

 

Бæрæгбонæн ис сæрмагонд нысаниуæг: Атынæджы куывды фæстæ адæмæн сæ бон уыд хос кæрдын, уый размæ йæ цæвæгмæ ничи æвнæлдта. Хуыцау, Атынæг æмæ иннæ зæдтæм нæма скуывтам, æмæ нæм куы фæхæрам уой, сæ зæрдæ ныл куы фæхуда, дæргъвæтин къæвдатæ куы рауадзой, кæнæ хус рæстæджытæ куы скæна æмæ быдыртæ куы фесæфой, нæ сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ куы басудзой, фæззæджы хорз бæркад райсын æнхъæлæй фыдæнхъæл куы фæуæм, зæгъгæ.

 

Уыди ахæмтæ, æмæ-иу Атынæджы бæрæгбонмæ чи нæ фæлæууыд, хос кæрдын-иу раздæр чи райдыдта. Æмæ-иу æвзæр рæстæг куы хаста, уæд æй кодтой уыдоны аххос. Хастой сын карз тæрхон: æхсæнады хыгъдмæ-иу сæ райстой дыууæ галы.

 

Атынæджы куывдмæ ма-иу цалдæр боны куы баззад, уæд-иу хъæубæсты лæгтæ æрæмбырд сты, бæрæгбон куыд скæндзысты, ууыл бауынаффæ кæнынмæ. Кусарт балхæнынæн-иу мысайнаг æрæмбырд кодтой, арахъ æмæ бæгæны скæныны тыххæй-иу къусбар æрзылдысты.

 

Атынæджы куывд кодтой хуыцаубоны. Фынгтæ æрæвæрыны агъоммæ-иу кæстæртæ хъæубæстыл æрзылдысты, табуафси, саккаг кæнут куывдмæ, зæгъгæ. Адæм кувæндонмæ хастой æртыгай чъиритæ, арахъ, бæгæны, физонæг.

 

Атынæджы куывд-иу райдыдта хистæры куывдæй: «Хуыцау æмæ нæ Хуыцауы сконд зæдты хорзæх уæд! Атынæджы хорзæх нæ уæд, йæ бæрæгбоныл æнæниз, æнæфыдбылызæй куыд æмбæлæм, ахæм амонд нын саккаг кæнæд! Адæм сæ кусæнгæрзтæ, сæ цæвджытæ хорзы бон куыд райсой, хор æмæ фосæфсæстæй ныл куыд æрцæуа нæ зымæг, Атынæджы цæст нын уый бауарзæд».

 

Атынæджы бæрæгбон уыд хъæлдзæг: фæсивæд зарыдысты, кафыдысты.

 

Атынæджы фæстæ дыццæджы цыфæнды рæстæг куы уыдаид, уæддæр адæм цыдысты хос кæрдынмæ. Сихормæ-иу фæкарстой, стæй дарддæр сæ куывды кой кодтой. Уыцы бонæй фæстæмæ алкæмæн дæр бар уыд йæ уыгæрдæн кæрдын.

 

Фæлæ бæрæгбон æрмæст уымæй нæ хицæн кодта. Лæппу кæмæ уыд æмæ, йæ хъаруйы бацыд, зæгъгæ-иу æй бинонтæ ууыл куы банымадтой, уæд-иу æй Атынæджы хос кæрдынмæ акодтой. Уый æвзонг лæппуйы царды уыд стыр цау, ома слæг, хистæрты æмрæнхъ æрлæууыд. Лæппу-иу уыцы бон банкъардта царды стыр бæрн, банкъардта-иу, йæ уæхсчытыл кæй æрæнцад царды стыр уæз æмæ йæ уый хæссын кæй хъæудзæн, банкъардта-иу: абонæй фæстæмæ æрлæууыд, йæ тых, йæ хъаруйы чи у, уыцы лæгты æмрæнхъ.

 

АЛАРДЫ

 

Рыны бардуагæн йæ ном – йæ миниуджыты хуыздæр æвдисæн. Адæм æм куывтой, цæмæй сæ рынæй хъахъхъæна, æвирхъау низтæй хызт уой. Раздæрты Рыны бардуаджы бæрæгбон уыд стырдæр, ахъаззаг­дæр бæрæгбæттæй иу.

 

Аларды у ноджы карздæр бардуаг, фадынæг æмæ цæсты низты бардуаг. Уæлдай æмхицдæр у сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæм. Ирыстоны йæ номыл ис бирæ кувæндæттæ.

 

Аларды у тынг карз бардуаг. Йæ хъыджы бацыдтæ, уæд дзы дæ сывæллæтты, дæхи хъахъхъæн. Адæм æм куывтой тæрсгæ-ризгæйæ, хатыртæ кургæйæ йыл фæдзæхстой сæ сывæллæтты.

 

Хохаг хъæутæй бирæты уыди «Алардыйы хуымтæ». Уырдыгæй цы тыллæг, цы хор æмбырд кодтой, уымæй арæзтой æхсæны куывдтæ. Бæрæгбоны-иу ног чындзы ахуыдтой Алардыйы кувæндонмæ, æмæ-иу æй хистæр сылгоймæгтæ дзуарыл бафæдзæхстой, цæмæй йын, цы гуырдтæ рантыса, уыдон цæринаг уой, æнæниз, æнæфыдбылызæй рæзой.

 

Алардымæ кувгæйæ адæм ссардтой фæлмæн, уæздан, зæрдæбын ныхæстæ. Хуыдтой йæ «Рухс Аларды», «Сызгъæринбазыр Аларды», «Сызгъæрин Аларды», «Сырх Аларды» æмæ афтæ дарддæр.

 

Алардыйæн чъиритæ кодтой, зæххы хуссар хайы цы мæнæу зади, уый ссадæй. Нывонд ын кодтой урс уæрыкк. Кувгæйæ-иу дзырдтой: «Уæ, рухс Аларды, табу дæуæн! Нæ чысылтæ – де уазæг, не стыртæн цæсты рухс ратт. Уæ, Аларды, табу дæуæн! Дардæй дын кувдзыстæм, хæстæгмæ нæм ма ’рцу, куы ’рцæуай, уæд хъæлдзæгæй, фæстæмæ куы цæуай, уæд та нæ худгæйæ ныууадз».

 

Ныры рæстæджы дæр Аларды у, адæм арæхдæр кæмæн табу кæнынц, уыцы дзуæрттæй иу. Сылгоймаг кувы æмæ йын йæ ном ма ссара, йæ кæстæрты йыл ма бафæдзæхса, уый арæх нæ вæййы.

 

Алардыйы бæрæгбон иутæ кæнынц тъæнджы кæнæ æртхъирæны мæй, иннæтæ зæрдæвæрæны мæй, чи та йæ кæны сусæны, майрæмы, рухæны мæйты.

 

МАДЫ МАЙРÆМ

 

Мады Майрæм – сылгоймæгтыл æмæ, фыццаджыдæр, сылгоймаджы цот кæныны хъомысыл аудæг дзуар. Уæлдай кад ын кæнынц, цот кæныны кары чи ис, уыцы æрыгон чызджытæ æмæ сылгоймæгтæ. Мады Майрæмæн стыр аргъ кæй кодтой, ууыл дзурæг у, раздæр-иу алы ирон хъæуы дæр Мады Майрæмы номыл дзуар кæй уыдис.

 

Дзуары бынмæ-иу чындзæхсæвæй цалдæр боны фæстæ (кæнæ та чындзæхсæвы бонты) акодтой ног чындзы æмæ-иу, магион æгъдау кæнгæйæ, (зæгъæм, райхæлдтой-иу чындзы рон, йæ риуы æгънæджытæй-иу ын иу ратыдтой æмæ аф.д.). Мады Майрæмæй куырдтой, цæмæй æрыгон чындзæн ратта æнæниз нæлгоймаг цот.

 

Мады Майрæм дзуары бынмæ-иу кодтой, æрмæст чызджытæ кæмæн гуырд, ахæм устыты дæр æмæ-иу уæд дзуармæ цыдысты кувинæгтимæ, кæнæ мысайнæгтимæ.

 

МАЙРÆМТÆ

 

Майрæмтæ сты ног æмæ зæронд мæрдты кæндтытæй иу. Фылдæр хатт æрцæуы мæйы фæстаг майрæмбонмæ.

 

Стъолыл æрæвæрынц дыргътæ, халсартæ, нозт, алы хæринæгтæ, ныххæлар сæ кæнынц.

 

Фынджыдзагмæ æрхонынц сы­хæгты, хæрзхæстæджыты. Сылгоймæгтæ уæлмæрдтæм ацæуынц. Фæ­кæуынц, фæхъыг кæнынц. Цы дыргътæ, нозт, хойраг ахæссынц, уыдон ныххæлар кæнынц æмæ дзы саходынц.

 

Бæрæгбон амоны уый, æмæ мæрдтæн дæр ног дыргътæй, ног халсартæй хай ис. Æмæ уадз, уæлæуыл чи ис, уыдоны цур куыд сты, мæрдтæн дæр афтæ сæ разы уæнт.

 

ФАРС БАЦÆТТÆ КОДТА КЪУДУХТЫ МАРИНÆ


Похожие записи:

КУЛЬТУРА 12.10.2021 в 08:03

Борис Джанаев вручил государственные награды артистам Кубанского казачьего хора

В концертном зале СОГУ состоялся совместный концерт Государственного академического ансамбля

КУЛЬТУРА 30.06.2023 в 19:30

Владикавказский ансамбль «Стиль» – первый на международном конкурсе

С 22 по 25 июня в Волгодонске прошел III Международный конкурс «Жемчужина Донской волны», который собрал участников из разных уголков страны. Северную Осетию на престижном конкурсе представлял ансамбль современного танца «Стиль» центра эстетического воспитания детей «Творчество» города Владикавказа.

КУЛЬТУРА 5.03.2022 в 10:55

А судьи кто? Тоже люди

5 и 6 марта в Академическом русском театре им. Е. Вахтангова состоится премьера спектакля «Шпинат с жареной картошкой» по пьесе венгерского драматурга Золтана Эгреши. Режиссер-постановщик – заслуженный деятель искусств РСО-А Богдан Петканин (Болгария).

КУЛЬТУРА 28.09.2021 в 08:00

«Мелодия слова» Марины Санакоевой

«Достойная дочь двух Осетий», «светлый, лучезарный человек», «человек, который строит мосты»

КУЛЬТУРА 27.07.2022 в 23:05

Картинки с выставки

До конца лета у владикавказцев и гостей города есть счастливая возможность посетить выставку «Дагестанская мадонна. Пространство и традиции» на ул. Никитина, 22. Организаторы выставки – Государственный центр современного искусства (ГЦСИ, г. Владикавказ) и Национальный музей Республики Дагестан имени А. Тахо-Годи. 

КУЛЬТУРА 31.08.2021 в 10:36

«Æрфæны фæд»

Говорят, что некому писать на осетинском… Как это некому? Вот они – 20 авторов с юга и севера.

Все новости из категории: КУЛЬТУРА