ОБЩЕСТВО

НÆ ЦЫРАГЪДАР – СÆДÆАЗДЗЫД

100 азы сæххæст фыццаг ирон советон газет «Хурзæрин»-ы рацыдыл

 

Цард вазыгджын у, уымæн æмæ дзы гуыры ног, мæлы зæронд, рæстæг ивы рæстæджы, æгъдау – æгъдауы. Уыцы стыр ивындзинæдтæн бамбарæн ис æрмæстдæр периодикон мыхуыры руаджы, мадæлон æвзаджы руаджы. Цыбыр дзырдæй, царды хорз æмæ æвзæрæй цы ис, уыдоны цæмæй адæммæ фæхæццæ кæнай, уый тыххæй хъæуы периодикон мыхуыр.

 

100 азы æххæст кæны Ирыстоны фидауц, нæ цырагъдар, нæ зæринбазыр уадфидиуæг газет «Хурзæрин»-ыл.

 

Æнус хуымæтæг хъуыддаг нæу, нæдæр 100 боны. Уал азы нæ «Хурзæрин» фарны хъæлæсæй ныхас кæны йæ адæмимæ. Кæм худгæ æмæ хъазгæ, фылдæр уæздан æмæ хъавгæйæ, рæстæггай мæстджын æмæ цæссыгкалгæйæ – цард ын цы фæрæзтæ дæтты, уымæ гæсгæ.

 

Абон хъæуы газет «Хурзæрин»-ы æнтыстытыл дзурын, йæ лæггæдтæ нымайын, фæлæ нæ рох ма хъуа­мæ уа, ирон периодикон мыхуыр кæй фæзынд 1906 азы.

 

Фыццæгæм январы 1924 азы стыр бæрæгбон уыд Хуссар Ирыстоны. Адæмæн сæххæст сæ рагон бæллиц: ныр сын уыдзæн бындурон, æнæфæцудгæ газет сæ мадæлон æвзагыл.

 

Уæд райгуырд фыццаг газет ацы номимæ. Йæ хæдфæстæ – «Ног цард» (1907), уый фæстæ – «Хабар» (1909). Фæзындысты журналтæ: «Æфсир» (1910), «Зонд» (1907), «Чырыстон цард» (1911), «Хуры тын» (1912).

 

Ацы газеттæ æмæ журналтæн карз дуджы уавæрты дæргъвæтин цæрæнбон нæ уыд, фæлæ адæмы цæсты сахадыдтой, адæм бамбæрстой æвзаджы ад, йæ тых, йæ рæсугъддзинад, фыстæй йæ куы федтой, уæд.

 

Дзырд дæр ыл нæй, газет «Хурзæрин»-ы райгуырд стыр бæрæгбон кæй у нæ адæмæн. Кæд йæ ном ивгæ цыдис («Коммунист», «Советон Ирыстон», «Хуссар Ирыстон»), уæддæр йæ тых æмæ йæ ном дæлæмæ никуы æруагъта.

 

«Хурзæрин» нымад æрцыд фыццаг ирон советон газетыл. Нæ интеллигенцийы минæвæрттæ Плиты Арон, Коцойты Арсен, Гасситы Никъала, Санахъоты Георги, Гаглойты Мухтар æмæ æндæртæ стыр куыст бакодтой, цæмæй 1924 азы 1 январы ирон адæм сæ къухмæ райсой, цæргæ-цæрæнбонты цы газетмæ æнхъæлмæ кастысты, уый. Ранымад адæймæгтæ, алы æмæ алы рæтты кусгæйæ, ссисты ацы газеты фыццаг редакцион коллегийы уæнгтæ, æрцыдысты нымад ног периодикон мыхуырæн бындурæвæрджытыл.

 

Газет «Хурзæрин» афæдз куы бакуыста, уæд сæрыстырæй фыста: «Хуссар Ирыстоны нал баззад иунæг ахæм талынг къуым дæр, нæ газет кæдæм нæ хæццæ кæны, кæм æй нæ исынц». Фæстæдæр газеты уацхæсджытæй иу фыста: «Нæ зынаргъ «Хурзæрин», дæ фæрцы райхъал сты фæллойгæнджытæ, кæсынц дæ æмæ дæ кæсынæй не ʼфсæдынц. Æгæрыстæмæй ас адæм дæр. Раздæр кæсын æмæ фыссын чи нæ зыдта, уыдон дæр зæрдиагæй æрæвнæлдтой дамгъуат ахуыр кæнынмæ».

 

Ралæууыд ног дуг, нæ адæм революцийы агъом­мæйы газеттæ, журналтæ æмæ чингуытæй бамбæрстой мадæлон æвзаджы ад, ирон ныхасы зæлы аив здæхт. Къостайы, Секъайы, Къубалты Алыксандры, Гуырдзыбеты Бласкайы, Коцойты Арсены æмæ æндæрты диссаджы хъуыдытæ, адæм сæ сомбоны тыххæй цы дзырдтой, цы фыстой, уыдæттæ кастысты сæ мадæлон æвзагыл.

 

Йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ «Хурзæрин» стыр куыстмæ бавнæлдта, – загъта зынгæ поэт Козаты Исидор:

 

Сæрд, къæвда уа, æви хъызт, –

Нæ хæхбæсты хæдзари-хæдзар зилыс.

Ирыстоны дæ кады ном у хъуыст,

Дæ фарны дзыхæй фарны хабар сидыс.

 

Йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ «Хурзæрин» тауын райдыдта адæмыл ног дуджы хæрзиуджытæ, сæ уæнгты сын бауагъта ныфс, хъару. Йæ фæзынды бонæй фæстæмæ йæхи тынг бауарзын кодта адæмæн.

 

Газет арæхстджынæй æвдыста ног дуджы размæцыды фæндæгтæ, рæстæджы фидар къахдзæфтæ, ног хицауады стыр хæрзиуджытæ, тыдта хæлардзинад, æфсымæрдзинад, сыхагдзинады хорз фæндæгтæ, цард цы стыр къахдзæфтæй райдыдта цæуын размæ, æппæт уыдæттæ.

 

Егъау сты «Хурзæрин»-ы лæггæдтæ ахуырдзинад æмæ культурæйы рæзты, ног интеллигенци схъомыл кæныны хъуыддаджы. Абоны бон дæр Ирыстон буц у газет «Хурзæрин»-ы хуыздæр зиууæттæй. Уыдон та уыдысты æмæ сты нæ интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæ, нæ куырыхон фысджытæ, зынгæ æхсæнадон кусджытæ.

 

1924 азы 1-æм январы газет йæ раззаг уацы фыста: «Абон Хуссар Ирыстоны райгуырд æмæ дунемæ йæхи равдыста ирон газет «Хурзæрин». «Хурзæрин»-ы рухсæй хъуамæ куырмытæ сæ цæстæй ракæсой, хъуамæ феной æмæ бамбарой – талынг, æнахуыр адæймаг ног царды цæрынæн нал бæззы». Фыста ма ноджы: «Алы ирон хæдзары дæр хъуамæ уа нæ уарзон газет, мæгуыр адæмæн йæхи чи снывонд кодта, мæгуыр адæмы тыххæй йæ цæрæнбон тохæн чи схæлар кодта».

 

Иры дзыллæ «Хурзæрин»-ы руаджы карз тох самадтой ирон талынг æгъдæутты, стæй ног царды размæцыдæн цæлхдур чи уыд, уыцы фæзындты ныхмæ. Газет кæддæриддæр уыд æмæ у нæ адæмы æхсæн рухсдзинад парахатгæнæг, фæллойгæнæг адæмы дуджы раззагон хъуыдытыл хъомылгæнæг, интернационализм æмæ патриотизмы зондахастыл æфтауæг.

 

«Хурзæрин», фæстæдæр «Коммунист», стыр куыст бакодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты. Кæд йæ хуыздæр зиууæттæ хæсты быдырмæ фæцыдысты, уæддæр газет йæ æппæт тыхтæ лæвæрдта, цæмæй фашистон Герман пырх æмæ дæрæнгонд æрцæуа. Реалон нывты æвдыста нæ газет советон салдаты удыхъæд, йæ иузæрдион тохы фæндæгтæ. Иры хъæбатыр фыртты кой айхъуыст Советон Цæдисы æппæт фронттыл, дзырд «ирон» уарзон уыд алы нацийæн, алы хæстонæн дæр. Дуджы уæззау уавæр, нæ фæсивæды хъæбатырдзинæдтæ раст æмæ цæстуарзонæй æвдыста «Хурзæрин».

 

Фæцис Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Адæм бавнæлдтой сæ хæлд хæдзарад сæндидзын кæнынмæ. Ацы хъуыддаджы дæр «Хурзæрин» кæддæриддæр уыдис йæ адæмимæ æмæ йын цæстуарзонæй æвдыста йæ цардыуаг æмæ йæ æнæхин куысты фæстиуджытæ. Дзырдта ууыл, æмæ фыдлæг, фыдбон æмæ фыдрæстæгæн цæрæнбон даргъ никуы вæййы, царды цалхæн та бауромæн нæй.

 

Цард мæнгард у, тæбæгъы донау кæд фæкъул уыдзæн, уый ничи зоны. Чи уыд æнхъæл æмæ хъуыды дæр чи акодтаид, кæй фехæлдзæн сæрибары Стыр Цæдис? Чи уыд æнхъæл, рацарæзт, демократи æмæ æргом ныхас адæмы кæрæдзийы туджы сæвдулын кæндзысты? Чи ма уыд æнхъæл, нæ æнæрæгъыдзыд сыхæгтæ махæн ног геноцид сараздзысты? Чи уыд æнхъæл ирæттæй, Гуырдзыйы лæгхортæ мах удæгасæй ныгæндзысты, тхæтæлты хуылфы нæ æнда­дздзысты, торнеты нæ фыцдзысты, нæ рихитæ нын хæрын кæндзысты, ихджын доны скъæргæйæ, ли­дзæг сабиты, зæрæдты, сылгоймæгты Зары фæндагыл цæгъддзысты, ирон тугæй рæгъытæ кæндзысты? Æппæт дæр федта, æппæт хъуыддæгтæ æвдисынмæ йæ тыхтæ радта æмæ абоны бон дæр йæ гæрзтæ не ʼрæвæрдта «Хурзæрин».

 

Хуссар Ир дзæвгар азты уыд фыдгул сыхæгты æрхъулайы, фæлæ нæ асаст, нæ фæцудыдта, йæхи банымадта хæдбар Республикæйыл. Фæзынд нын уæндон æмæ хъæбатыр раздзæуджытæ, йæ адæмы сомбоныл чи хъуыды кæны æмæ йæ рæсугъд фæндагмæ чи кæны, ахæмтæ.

 

Абон «Хурзæрин» нæртонæй æвдисы нæ республикæйы размæцыды фæндæгтæ, цы стыр ивын­дзинæдтæ цæуы хорзӕрдӕм, æппæт уыдæттæ. Рæзы нæ уарзон сахар, æгас кæнынц йæ уæззау хъæдгæмттæ. Августы тохты нæм кæд сæрибардзинад æрхаудта, кæд нæ адæм цæргæ-цæрæнбонты цæмæ бæллыдысты, уый сæ къухты бафтыд, уæддæр федтой, цы стыр зиæнттæ ныл æрцыд. Газет «Хурзæрин»-ы авналæнтæ кæд скъуындæг сты, уæддæр цырддзаст у, ницы йын ирвæзы, æвдисы реалонæй, цы хабæрттæ ныл æрцыд, æппæт уыдæттæ.

 

Газет абон дæр стыр куыст кæны иу ахсджиаг хъуыддагыл – адæм хъуамæ ныфсджын уой, сæ фидæнмæ цæуой фидар къахдзæфтæй, сæ зæрдæйæ макуы сцух уой Къостайы ныхæстæ:

 

Цæйнæфæлтау, сæрибар адæм,

Цагъарæй туг калæм знагæн,

Фæлтау нын амæлæт хуыздæр!

 

Афтæ кæй у, уый равдыстой нæ сагсур лæппутæ Украинæйы зæххыл. Бирæ куыст, бирæ фыдæбæттæ ис нæ уарзон газетæн. Йæ удæй арт цæгъды, цæмæй дуджы домæнтæн æххæстæй дзуапп дæтта. Коллектив, кусы, бафæрæзта зындзинæдтæн. Ирыстоны ногæй цы æрцыд арæзт – фæндагæй, бæстыхайæ, – уыдоныл цæстуарзонæй дзуры газет «Хурзæрин».

 

Абоны уавæрыл куы дзурæм, уæд, зæгъæн ис, газет «Хурзæрин» æмбæлы зындзинæдтыл дæр. Фылдæр хъуаг сты йæ кæсджытæ цæмæдæр гæсгæ, чидæртæ уæлæхох кæнын дæр байдыдтой «Хурзæрин»-ыл.

 

Мæ бæллиц у, цæмæй «Хурзæрин» ахиза Хуссар Иры арæнтæй, алы ирон хæдзар дæр иса æмæ кæса ирон газет. Наци йе ‘взаг æмæ йе ‘гъдæуттæй наци у.

 

Арфæйаг ут, «Хурзæрин»-ы коллектив. Тых, куыстуарзондзинад уæнт уе уæнгты. Рухсы цы­рагъ хæссут адæммæ æмæ дзы макуы бафæллайут. Уæ зæрдæйæ макуы сцух уæнт Дзесты Куыдзæджы ныхæстæ: «Æнусмæ арфæйаг фæцис «Хурзæрин». Фæрнджын уæд, газетæн уыцы цæхæркалгæ бæллиццаг ном чи радта, уый дæр. «Хурзæрин» æцæг дык­каг хуры тын у Ирыстонæн».

 

Йæ рæстæджы газетæн зæрдиаг арфæ ракодта Козаты Исидор, нæ курдиатджын поэт, мæрдты дзæнæты бадæд. Афтæ фыста:

 

Ды амайыс фæллойы кады цырт,

Ирыстонæн йæ азфыссæг дæ абон.

Æмæ нæры дæ тохмæсидæг дзырд,

Нæ хæхты тауыс цинуац æмæ амонд.

 

Нæ «Хурзæрин»-ы коллектив! Ссистæм бархи, нымадгонд республикæ, æмæ йыл зарут уæндонæй, ныфсджынæй, зæрдæхъæлдзæгæй, кæддæр Боциты Барон сæрыстырæй куыд зарыд йе ʼмдзæвгæ «Республикæ»-йы, афтæ.

 

Фыдыбæстæ, йе ʼвзаг æмæ йе ʼгъдæуттыл чи хъуы­ды кæны, уый кæддæриддæр «Хурзæрин» кæс­дзæн æмæ зæгъдзæн:

 

Æрвылбон дæр нæртон лæгмæ хуынд дæ,

Æмæ нын у нæртон зæрдæйау растдзур.

Ды уал азы цыты газет уыдтæ,

Æнустæм дын кæндзыстæм мах «æгас цу!»

 

ПЛИТЫ Гацыр, профессор


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 22.11.2023 в 17:52

Сергей Меняйло вручил награды бойцам батальонов на передовой

Глава РСО-А Сергей Меняйло наградил военнослужащих батальона «Шторм. Осетия» медалями «Во славу Осетии». Руководитель региона приехал на передовую к бойцам и лично вручил им награды, также проверил, как они подготовились к зиме, и поздравил с праздником Джеоргуыба.

ОБЩЕСТВО 13.05.2022 в 20:48

Ирон æвзаджы хъысмæт аразгæ у не ’ппæтæй дæр

Хъæздыг æмæ рæсугъд у нæ мадæлон æвзаг. Æхцон æмæ æввахс у махæй алкæй зæрдæмæ дæр йæ зæлынад. Фидар æмæ æнæаскъуыйгæ тæгтæй баст у алы ирон адæймаджы удварн æмæ миддунеимæ, сæйраджы та – нæ историимæ.

ОБЩЕСТВО 14.09.2023 в 08:56

ЗОНАДЫ БÆРЗÆНДТÆМ – ДÆРЗÆГ ФÆНДÆГТЫЛ

Номдзыд ахуыргонд Уанеты Захары райгуырдыл сæххæст 135 азы

ОБЩЕСТВО 7.09.2021 в 10:18

В Северной Осетии пройдет перепись населения

С 15 октября по 14 ноября 2021 года пройдет двенадцатая в истории России перепись населения в принципиально новом цифровом формате.

ОБЩЕСТВО 30.09.2022 в 21:22

«Воссоединение с Донбассом – историческая справедливость»

Андрей ПОПОВ, член Общественной палаты РСО-А:

ОБЩЕСТВО 22.04.2022 в 11:05

«Гаражная амнистия» в действии

С 1 сентября 2021 года в России действует «гаражная амнистия», которая позволяет оформить в собственность гаражи и земельные участки под ними бесплатно по упрощенной схеме.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО