Уалдзæджы фыццаг бæрæгбон æмæ ацы рæсугъд уалдзыгон бон – 8-æм Мартъийы фæдыл айсут нæ зæрдиаг арфæтæ!
Бæрæгбоны къæсæрыл æппæт сылгоймæгты дæр йæ хорзæх уæд! Нæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, уарзондзинад, бинонты фарн. Уæ фæндтæ æмæ бæллицтæ сæххæст уæнт! Уарзты æрвон зынг судзæд уæ зæрдæты, афтæмæй æвидигæ уæд уæ амонд!
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, нæ зынаргъ Ирыстоны сылгоймæгтæ
Æнæ уалдзæг æмæ æнæ сылгоймаг нæй цард. Царды уидæгтæ чи уадзы, æппæт хорздзинæдтæ зæххыл чи тауы æмæ хъахъхъæны, уый у мад – æппæт хæрзты райдайæн. Ацы фæлмæн, алæмæттаг дзырд фехъусгæйæ, алы кары адæймаджы цæстытыл ауайы йæхи ныййарæг, йæ уарзон схъомылгæнæг. Мад-сылгоймаджы фæлгонц у æвидигæ, æнусон.
Уалдзæджы райдайæны, 8-æм Мартъийы, бирæ бæстæты бæрæг кæнынц Сылгоймæгты æппæтдунеон бон. Бæрæгбон нымад цæуы уалдзæджы, сылгоймаджы рæсугъддзинады, уæздандзинады, куырыхондзинады боныл. Цытджын æгъдауæй йæ банысан кæнынц Ирыстоны дæр – уæлдай хъусдард æрцæуы æхсæнады рæсугъддæр æмбисы минæвæрттæм.
Цард æппæты фыццаг сылгоймаджы зæрдæйы райгуырд. Сылгоймаджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у дунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхахст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны сабыр æмæ фæлмæн зарæг, нæлгоймаджы кадавар цæссыгтæ, хæстоны нæргæ кад æмæ хъарæджы уæззау рыст. Æрмæстдæр Сылгоймаджы зæрдæйы уыдис уыдонæн райгуырæн.
Ирон æмбисонд афтæ зæгъы: «Æфсины армæй сой тæдзы». Сылгоймаг цард рæсугъдгæнæг, къонайы фарн тауæг у, æрмæст йæ иу фезмæлд æмæ мидбылхудт дæр адæймагæн ныфс æмæ хъару дæттынц цыфæнды зын рæстæджы дæр. Ирон æхсæнады сылгоймагæн уыд стыр кад æмæ намыс. Сылгоймаджы бафхæрын нæ фыдæлтæм нымад уыд стыр фыдракæндыл, æмæ йын хастой карз тæрхон. Уый дзурæг у, стыр аргъ æмæ йын æгъдау кæй кодтой, ууыл.
Тынг бирæ рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ ныхæстæ ис сылгоймаджы тыххæй. Уый у къонайы фарн æмæ царддæттæг. Йæ рæсугъддзинад æмæ аивдзинадæн абарæн ис æрмæстдæр уалдзæгимæ, хуримæ. Æнæ уалдзæг æмæ æнæ сылгоймаг нæй цард, нæй рæсугъд фидæн нæдæр æрдзæн, нæдæр æрдзы фидауц –адæймагæн. Сылгоймаг у бинонты бындур, хъомыл кæны цот, уымæй фидауы хæдзар.
Хъыгагæн, абон зæххыл цы хæстытæ, алыхуызон фыдбылызтæ цæуы, уыдоны азарæй дудынц сæ хъæдгæмттæ, нæ сур кæнынц сæ цæссыгтæ. Неонацисттимæ тохы Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау кадимæ бирæ ирон фæсивæд радтой сæ рæзгæ удтæ, бирæ мадæлтæн та фемæхстысты сæ судзæггаг цæссыгтæ. Стыр хъæбатырдзинад æмæ æгъдау æвдисы йæ хъæбултау ам дæр ирон Мад!
Зындгонд уырыссаг фыссæг М. Горький фыста: «Æнæ сылгоймаг нæдæр хъæбатыр ис, нæдæр поэт!» Хуыцау æй, æвæццæгæн, хуымæтæджы не схайджын кодта æмбисонды хорз миниуджытæй.
Зынаргь сылгоймæгтæ, уалдзыгон хурау тæмæнтæ калут кæддæриддæр! Царды цы хорздзинæдтæ ис, уыдонæй хайджын ут!
КЪУДУХТЫ Маринæ