Тагъд йæ бартæ райсдзæн ног, 2023 аз. Алы бинонтæ дæр фæбæллынц æнæниздзинад, бæркад, амондмæ æмæ Ног азимæ уæ хæдзæртты æрбынат кæнæнт. Рынчын кæмæ ис, уый йæ Ног азы æнæнизæй куыд фена. Бæстæ сабыр куыд уа, кæстæр хистæры куыдæмбара, нæ ирондзинад фидарæй фидардæр куыд кæна!
Уæ бæлццæттæ дæр тагъд рæстæджы зæрдæрайгæйæ, уæлахизимæ сæ хæдзæрттыл куыд сæмбæлой, ахæм арфæ уæ уæд!
Фæрнджын, бæркадджын æмæ йæ амондджын аз фæкæнæд Хуыцау Ирыстоны адæмæн! Уæ зынтæ, уæ фыдбылызтæ уын зæронд аз йемæ ахæссæд. Ног аз уын ног хæрзтæ æрхæссæд!
Ут амондджын æмæ зæрдæрухс!
Фарн æмæ амонд уæ хæдзæртты!