Зæххыл хæстытæ бирæ æрцыд, фæлæ дзы Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй тугкалæндæр нæ уыд. Райгуырæн бæстæйы арæнтыл немыцаг фашисттæ арт куы бандзæрстой, уæд сæ къухмæ хæцæнгарз райстой ирон лæппутæ æмæ чызджытæ дæр. Хистæрты фæдзæхст зæрдыл даргæйæ, хъазуатонæй дæрæн кодтой знаджы.
Хæст йæхи цæстæй чи федта, йæ тæккæ цырены йын чи уыд, уыдоны мысинæгтæ, фыстæджытæ нæ здахынц ивгъуыды цаутæм. Ирон зынгонд поэт Плиты Грис хæстмæ ацыд барвæндонæй æмæ дзы хæцыд йæ райдайæнæй йæ кæронмæ. Грис хæсты цаутыл акъоппыты цы уацмыстæ ныффыста, уыдон рацыдысты хицæн чиныгæй «Салдат», зæгъгæ, 1948 азы. Уыцы æмдзæвгæты равдыста адæмы патриотизм æмæ хъæбатырдзинад хæсты быдыры. Хæсты темæ рохуаты никуы уагъта сабыр царды дæр. Йæ зынгæдæр уацмыстæ сты «Авд цухъхъайы», «Фæндзæм хъама», «Æртхутæгдон», «Мады фæдзæхст». Дзырд дæр ыл нæй, балладæ «Авд цухъхъайы» кæй у ирон поэзийы хæзнатæй иу. Поэт ссардта ахъаззаг формæ, Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ цард цы авд æфсымæры радтой, уыдоны сгуыхтытæ равдисынæн.
Ирон театры рæзтæн тынг феххуыс сты Грисы уацмыстæ. Уый дæр йӕ 88-ӕм сезон сӕхгӕндзӕн Гӕздӕнты авд ӕфсымӕрыл спектаклы премьерӕйӕ. Кæй зæгъын æй хъæуы, срӕмыгъдтытӕ ӕмӕ карз тохы сценӕтӕ спектаклы нӕй. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, хæст цы рыст ӕрхаста, уый театрдзау ӕххӕстӕй æнæмæнг банкъардзӕн. Ӕгас Советон Цӕдис 1941–1945 азты цы зын уавӕры уыд, уый режиссер Уалыты Гиви ӕрмӕст иу бинонты историйы равдыста. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй Гӕздӕнты Асӕхмӕт ӕмӕ Тассойы авд фырты хъысмӕт сценæйыл сæвæрын, адæмы размæ йæ рахæссыны хъуыды йӕ зæрдæйы азӕй фылдӕр хаста.
Пьесӕ ныффыста адӕмон поэт, драматург Кокайты Тотрадз сӕрмагондӕй Ирон театры курдиатмӕ гӕсгӕ. 18-æм июлы фӕлтӕрдджын актерты ӕмрӕнхъ сценӕмӕ рахиздзысты, театры аивадон студийы цы сабитӕ ахуыр кӕнынц, уыдон дӕр.
Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры мад Уанионы ролы – нӕ республикӕйы адӕмон артисткӕ Гӕбуты Жаннӕ.
– Ӕнӕхъӕн дунеон классикӕйыл ӕрзилгӕйӕ дӕр Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры мады сурӕт ахъазынӕй уӕззаудӕр ӕмӕ ӕнӕрцӕугӕдӕр диссаг нӕй. Уыдис ма мын трагикон рольтӕ «Хъӕздыг хӕдзар»-ы, «Цыппар хъысмӕты»-йы, «Зӕххон Хуыцӕуттæ»-йы. Уӕззау куыд нӕ сты, фӕлӕ сӕ ацы сурӕтимӕ абарӕн нӕй», – зӕгъы Гӕбуты Жаннӕ.
Спектакль «Гӕздӕнтӕ»-йы премьерӕ равдисдзысты фыццаг театралон фестиваль «Вахтангов. Путь домой»-ы фӕлгӕты. Ахӕм хуызы ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн театры 88-ӕм сезон дӕр. Ног сезонмӕ та цӕттӕ кӕнынц Цӕголты Георгийы роман «Послы гор».
КЪУДУХТЫ Маринæ