Ирон Фарн, Ирон Æгъдау – царды хæзнатæ. Махæн сты хъахъхъæнинаг хистæрæй-кæстæрмæ цæсты гагуыйау æрмæст ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй дæр. Нæ фыдæлтæй нын баззад бирæ алыхуызон æгъдæуттæ. Иутæ дзы цард йæхæдæг аппæрста, æмæ ферох сты. Бирæтæ та сты тынг хъахъхъæнинаг, хъæуы сæм раздæхын æмæ сæ бамбарын, уымæн æмæ сты нæ фидæны бындур.
Æгъдау æмæ æфсарм кæддæриддæр уыдысты нæ рагфыдæлты царды уæлахизхæссæг тыхтæ. Фыдæй-фыртмæ ирон адæм сæ сæйрагдæр хæстæй иуыл нымадтой рæзгæ фæлтæрыл аудын, хорз зондимæ йæ раст фæндагыл аразын. Архайдтой, цæмæй сæ кæстæртæ хистæртæй уыдаиккой сæрæндæр æмæ амондджындæр. Фæлæ, æвæццæгæн, æхсæнад куыд ивы, афтæ ивд цæуынц æгъдæуттæ дæр, уыимæ адæмæн сæ зонды ахаст дæр. Æгъдау фыццаджыдæр амоны, адæймагæн йæ уды хъæд цавæр у, уый. Ирон бæрæгбæттæ, æгъдæуттæ сты адæмон хæзнатæ. Мах се ʼддаг хуызæй дард нæ ацыдыстæм, фæлæ сын сæ апп, сæ мидис фаг нал зонæм, ферох сæ кодтам.
Ирон адæммæ фæд-фæдыл æрцæуынц сæ фыдæлты кадджын бæрæгбæттæ. Зæрдæрухсæй сыл æмбæлдзыстæм, кувдзыстæм, табу сын кæндзыстæм.
Цæмæй нæ иумæйаг бæрæгбæттæ алыхуызæттæ ма аразæм, уый тыххæй, нæ газеты фарсыл цы рубрикæ цæуы «Ирон бæрæгбæттæ», зæгъгæ, уый фæлгæтты интернеты дæр – газет «Владикавказ»-ы сайты, Телеграм æмæ ВКонтакте-йы хызæгты – фæзындзæн видеойы хуызы ног рубрикæ «Ирон бæрæгбæттæ». Алы бæрæгбоны размæ дæр-иу Ирыстоны куырыхон хистæртæ радзурдзысты, цавæр мидис ын ис, куыд растдæр æй хъæуы бæрæг кæнын.
Ацы ногдзинады фæдыл уын йæ хъуыдытæ бæлвырддæр тагъд рæстæджы радзурдзæн газеты сæйраг редактор Хынцæгты Аллæ.