Ирыстоны цæрджытæ 15-æм майы бæрæг кæнынц ирон æвзаджы бæрæгбон. Радзурынц æвзаджы рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзинадыл. Сæйрагдæр та, цы ахадындзинад ын ис, ууыл. Ацы бæрæгбон æнгом кæны ирон адæмы, кад æмæ цытимæ йыл æмбæлынц Ирыстоны алы къуымы дæр. Уæлдай хатт нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны стыр бæрнондзинад нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ рæзыны хъуыддаджы.
Бæрæгбоны мадзæлттæ райдыдтой Ирон аргъуаны кæрты. Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр æхсæнады минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ республикæйы разамонджытæ бахастой дидинджытæ ирон литературæйы бындурæвæрæг, поэт, нывгæнæг æмæ рухстауæг Хетæгкаты Къостайы уæлмæрдмæ.
Мадзалмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдар Дзанайты Барис, Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Александр Пациорин, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнгтæ сæ сæрдар Хозиты Барисимæ æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ.
Мадзалы архайджытæм арфæйы ныхасимæ фæсидт Сергей Меняйло:
– Хетæгкаты Къоста бирæ архайдта, цæмæй не ʼвзаг æмæ литературæ цæрой. Хъуамæ зонæм иронау дзурын, хъуыды кæнын æмæ ууыл ахуыр кæнæм нæ кæстæрты дæр. Цалынмæ афтæ уа, уæдмæ не ʼвзаг цæрдзæн æмæ рæздзæн. Ирон æвзаг æнусты цæрæд æмæ уæд ирон адæмы рухс фидæнæн æвдисæн! Бæрæгбоны хорзæх не ʼппæты дæр уæд! Арфæгонд ут!
Бæрæгбоны ма мадæлон æвзаджы тыххæй, йе стыр нысаниуæг æмæ ахадындзинады тыххæй ныхасы бар лæвæрд кæмæн æрцыд, уыдонæн сæ хъуыды уыд иу – ирон лæг, цæмæй иронæй баззайа, уый тыххæй хъуамæ йе ʼвзаг зона. Æрæмбырдуæвджыты раз скъоладзау фæсивæд сæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ æвдыстой ирон поэтты фыст æмдзæвгæтæ кæсынæй.
О, мадæлон æвзагæн ницæимæ ис абарæн, уымæн æмæ уый зæрдæмæ лæууы иууыл æввахсдæр.
КЪУДУХТЫ Маринæ