ОБЩЕСТВО

УАСТЫРДЖИ, ДÆ ХОРЗÆХÆЙ…

Не ‘гъдæуттæ æнгом баст сты ирон бæрæгбæттимæ. Уыдоны фæрцы разынынц бирæвæрсыгæй, се ‘ппæт хуызты. Уымæ гæсгæ а фæстаг азты, йæ уд ма ирон фарны комытæфæй дзаг кæмæн у, уыдон се ‘ргом тынг аздæхтой нæ бæрæгбæттæн сæ рагон хуыз скалынмæ. Цæмæй адæмы иудзинадæн, фарнæн, æвзаг йæ гаччы сæвæрынæн исты ахъаз фæуой.

 

Бæрæгбон адæмы цардæй равзæргæ у. Цæуылдæриддæр æнцой кæны, уыдон сты адæмы удыхъæд, зонд, æрхъуыдыдзинад, гæрзарм æмæ зæрдæргъæвддзинад. Йæ бæрæгбон чи куыд кæны, уый дзурæг у йæ культурæйыл, йæ зондахастыл, цардмæ йæ цæстæнгасыл, йæ тырнындзинæдтыл.


Афæдзы дæргъы ирон адæммæ бирæ алыхуызон бæрæгбæттæ вæййы. Сæ иу у Хетæджы Уастырджи.

 

Сусæны мæйы – июлы – ирон адæмон бæрæгбæттæ райдайынц Хетæджы Уастырджийæ. Фылдæр хатт вæййы мæйы фыццаг хуыцаубоны. Уыцы бон ма сбæрæг кæнынц Дзири-дзуар æмæ Гæлиаты Авд дзуары бæрæгбæттæ.

 

Хетæджы Уастырджийы кувæндон ис Куырттаты комæй рахизæн дæлвæзы. Йæ равзæрды фæдыл ис ахæм таурæгъ.

 

Раджы заман, XIV æнусы, нæ рагфыдæлтæ аланты Тимуры æфсæдты æрдонгтæ бындзагъд ныккæнын куы сфæнд кодтой, уæд ма дзы къордтæ-къордтæ цæргæйæ баззад абоны Кæсæджы, Хъæрæсе æмæ Хъубаны – сæ фыдæлты зæххыл. Хъубаны цæугæдоны къабаз Стыр Зеленчукы был уыдонæй цард кънйаз Инал. Уыд ын æртæ фырты: Биаслан, Аслæнбег æмæ Хетæг. «Баислан сси кæсгон кънйæзтæн сæ мыггаджы фыдæл. Аслæнбег уыд æнæзæнæг», – афтæ фыссы Къоста йæ этнографион очерк «Особа»-йы.

 

Кæсæджы пысылмон дин куы стыхджын, Зеленчукы зылды алайнаг ирон чырыстон аргъуан та цаудмæ куы æрхаудта, бынтон куы сæдых, уæд дæр Хетæг йæ ирон диныл йæ къух нæ систа. Уый тыххæй йæм суанг йæ бинонтæ дæр сфыдæх сты, сæхионыл æй нал нымадтой. Уæд Хетæг йæ сæр райста Ирыстонмæ. Уый йе знæгтæ куы базыдтой, уæд æй, сæ дин сын кæй нæ райста, уый тыххæй амарын сфæнд кодтой æмæ йæ фæсте расырдтой.

 

Хетæг æрбаирвæзт Æрджынарæгæй æмæ йæ ных сарæзта Куырттаты комы ‘рдæм. Фæлæ, абон Суададжы хъæу кæм ис, уырдæм хæстæг куы æрбахæццæ, уæд æй знæгтæ дæр æрбацæйæййæфтой. Уыцы рæстæг æм Суададжы сæрмæ хъæды фахсæй фехъуыст хъæр:

 

– Хетæг, хъæдмæ! Хъæдмæ!

 

– Хетæг хъæдмæ нал бахæццæ уыдзæн, фæлæ хъæд – Хетæгмæ! – дзуапп радта йæ хæрзгæнæгæн.

 

Уыйадыл хъæдæмбæрзт хохы фахсæй хъæд тыгуырæй сыстад æмæ Хетæджы алыварс тымбылæй февзæрд, знæгтæй йæ бааууон кодта, бахъахъхъæдта. Уыдон фыртасæй фæстæмæ лидзæг фесты.

 

Афтæ, дам, равзæрд, Хетæджы къох, Хетæджы Уастырджийы кувæндон, Тымбылхъæды дзуар. Хъæд кæцæй сыстад, уыцы бынат фахсыл абон дæр у гæмæх.

 

Зæгъынц, къохы астæу, дам, уыд сатæг суадон, Хетæг фæлладæй йæ дойны кæмæй басаста, уый. Ам иудзæвгар фæци, стæй Куырттаты комыл ахызт Нармæ. Куырттатæгтæн радзырдта, дæлвæзы йæ Уастырджи знæгтæй куыд æмæ кæм фервæзын кодта, уый. Куырттатæгтæ йын сбæрæг кодтой йæ бынат, æмæ Дзывгъисы Уастырджийы бæрæгбонмæ гæсгæ фæзынд Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон, æмæ йæ фыццагдæр йæ боны бæрæг кæнын райдыдтой куырттатæгтæ. Къох ныр сси Ирыстоны сæйрагдæр кувæндæттæй иу.

 

«Кæддæр Уастырджи Хетæгæн цы æххуыс бакодта, сымахæн дæр уыйау уæ хъахъхъæнæг куыд уа, уыцы амонд уæ уæд!» – ныр афтæ арæх фæкувынц ирон адæм кæрæдзийæн.

 

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ йæ бынмæ сылгоймаг нæ цыд, йæ ном ын ныр дæр нæ дзурынц. Тымбылхъæды дзуар æй уыдон хонынц. Сæ кувинæгтæ æмæ мысайнæгтæ-иу мидæмæ, дзуарылæг сæ скува, сæ бинонты, сæ хæстонты, бæлццæтты, рынчынты йыл бафæдзæхса, уый тыххæй барвыстой нæлгоймæгтæй искæмæн, суанг къаннæг лæппутæн дæр. Хетæджы къохы бынмæ нæлгоймæгтæ ефс бæхтыл дæр нæ цыдысты.

 

Хæсты тызмæг азты хæстхъом нæлгоймæгтæ тохы быдыры цагъды куы кодтой æмæ алчи йæ бæлццоны, мæлæтæй йын тæрсгæйæ, Хетæджы Уастырджийыл бафæдзæхсынмæ йæхи куы ивæзта, афтæмæй йын йе ‘ртæ æртæдзыхонæй йæ быны скувæг нæлгоймаг куы нал уыд, уæд ирон сылгоймаг ахызт ацы æгъдауы сæрты. Ныййарджытæ, устытæ, чызджытæ сæ хæстонты Тымбылхъæды кувæндоны Лæгты дзуарыл фæдзæхстой сæхæдæг.

 

Хетæджы къохы бæлæстæн ам æввахс хъæдты æмбал нæй – бæрзонд фæцыдысты, уæрæх ныззылдысты. Кæрз бæласы бæрзæнд дзы хæццæ кæны 40 метрмæ, йæ зæнг – дыууæ метрмæ. Иуæй йæ ран хъæздыг у мæрæй, иннæмæй кувæндон у, адæмы фарнæй – æвæджиау хайджын. Цард-цæрæнбонты йæ ирон адæм цæстыгагуыйау хъахъхъæдтой. Къалиу расæттын, сыф рахæссын дæр дзы нæ фæтчы. Къохы алыварс ныллæг хъæдгæндтæ бирæ уыд. Уыдонæй, стæй стыр хъæдæй дæр æм сырд арæх æфтыд, æмæ уый амарын дæр не ‘мбæлд. Къохмæ хæстæг хъæды мард сырдæй та дзуары бын кодтой куывд, хæдзармæ хæссæн дзы нæ уыд. Къохæн йæ хуылфы, стæй йæ хурныгуылæн фарс цы суадæттæ уыд, уыдоны сатæг донæй дæр


Уастырджимæ кувгæ кодтой.

 

Хетæджы бынæй хæдзармæ сыфтæр дæр рахæссын кæй нæ фæтчы, куы рахæссай, уæд та дæ был, æфсæр, цæстытæ, кæнæ бæрзæй кæй ныззылын уыдзысты, суанг куырм дæр кæй бауыдзынæ, уый фæдыл бирæ хабæрттæ фехъусæн вæййы. Цы дыргътæ: кæрдотæ, æнгузтæ, æхсæртæ, æхсынцъытæ æмæ æндæртæ дзы ис, уыдонæй дæр хæрæн ис æрмæст уым, кæнæ рахæссæн къохы алыварс хæстæг быдыртæм.

 

Хетæджы Уастырджийы кувæндоны бынмæ ныры дуджы сæ кувинæгтимæ цæуынц Ирыстоны æппæт рæттæй дæр: Цæгатæй – Хуссармæ, хурыскæсæнæй – хурныгуылæнмæ. Æмæ уый хуымæтæджы нæу:
фæдзæхсынц ыл сæ кæстæрты, сæ бæлццæтты, сæ рынчынты, сæ арфæйаг хъуыддæгтæ, сæхи, æмæ куыд æргом зæд у, афтæ сын æргом æххуыс кæны.

 

Бирæ хорз бæрæгбæттæ ис ирон адæммæ. Куыдхуыздæрæй сыл сæмбæлыныл фæархайынц. Уæлдай æхсызгондæрæй та æмбæлынц æппæт ирон адæмæн иумæйаг бæрæгбæттыл. Иумæйагдзинад ирон адæймагæн йæ уды хъæды ис. Йæ цæхх æмæ къæбæр йæ сыхагимæ куы адих кæны, уæд йæ фарсыл хуыздæр бахæцы, сусæг комдзаг йæ хъуыры нæ цæуы.

 

Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон дæр ахæм кадджын уымæн сси, æмæ ныл иудзинады æнкъарæнтæ æфтауы, кæрæдзийыл нæ йæ фарнæй бæтты. Ирон адæмæн иумæйаг сси, иумæ йæм кувынц, йæ ном ын æмхуызон нымдгæнгæ арынц. Уымæй ма йæ бонимæ баст у, иумæйаг сын чи у, уыцы иннæ кадджын æмæ цинæвдылд бæрæгбон – Кæхцгæнæнтæ. Вæййынц Хетæджы Уастырджийы бæрæгбоны хæдфæстæ хуыцаубоны.

 

ЦГЪОЙТЫ Хазби


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 28.05.2019 в 10:47

Инициатива, ответственность, амбиции

Уже двенадцатый раз 26 мая в нашей стране отметили День российского предпринимательства.

ОБЩЕСТВО 27.01.2022 в 11:05

Вести конкурса «Учитель года – 2022»

Внимание многих представителей педагогического сообщества города Владикавказа сейчас обращено к школе №44 – там проходит муниципальный этап конкурса «Учитель года – 2022».

ОБЩЕСТВО 1.07.2022 в 21:56

Фыдыбæстæ уарзын æмæ хъахъхъæнын

Ацы дыууæ хъуыддагæн ис стыр ахадындзинад, уæлдай дæр та ныры царды. Патриотизм ирон адæммæ бæрзонд æвæрд кæй у, ууыл дзурæг сты бирæ историон цаутæ. Уымæ гæсгæ зонынц нæ зæххыл цы сабырдзинад ис, уымæн йæ аргъ.

ОБЩЕСТВО 10.02.2024 в 09:52

Здравствуй, Пушкин! Здравствуй, добрый гений!

ОБЩЕСТВО 18.10.2023 в 19:54

Мест для детей в дошкольных учреждениях станет больше

18 октября под председательством главы муниципального образования г. Владикавказ – председателя Собрания представителей г. Владикавказа Александра Пациорина состоялась 51-я экстренная сессия Собрания представителей г. Владикавказа седьмого созыва. На ней было рассмотрено два вопроса. О них доложил начальник Управления муниципального имущества и земельных ресурсов АМС г. Владикавказа Марк Сикоев.

ОБЩЕСТВО 14.10.2022 в 19:15

Управленческая команда Северной Осетии проходит программу по цифровым технологиям

Семинар для органов власти республики стартовал в «СберУниверситете» в Москве. В его открытии приняли участие председатель Правительства РСО-А Борис Джанаев и заместитель председателя правления ПАО «Сбербанк» Ольга Голодец.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО