ОБЩЕСТВО

ЗÆРДÆВÆРÆН

Ирон иумæйаг бæрæгбæттæ, не ‘гъдæуттæ сты адæмон хæзнатæ. Цæмæй сæ алыхуызæттæ ма аразæм, уый тыххæй фæстаг рæстæджы бирæ цæуы дзырд. Сæ хъуыдытæ алы бæрæгбоны фæдыл дæр фæзæгъынц нæ куырыхон хистæртæ. Уыдонæй иу у Цгъойты Хазби. Æмæ та йын абон дæр, зынаргъ газеткæсджытæ, дæттæм ныхасы бар.

 

– Арæх, ирон æгъдау рæстмæ чи нæ зоны, уыдон иу кæнæ иннæ хъуыддаджы уынаффæгæнæг свæййынц. Æгъдауæвæрæг! Æмæ сæ аразын кæнынц, сæ хъуыды йæ куыд ахсы, афтæ. Æмæ æгъдауæн йæ мидисæй æгæр дæрдты адзæгъæл вæййынц. Уый аххосæй чидæртæ зианы фынгыл хистæрты раз æвæрын кæнынц æртæ чъирийы. Æмæ ма дзы кувæггаг дæр адæттын кæнынц. Худинаг æмæ аллайаг! Уæдæ Зæрдæвæрæны цытæ фæкæнынц, уый та адæймаджы зонд рæстмæ дæр нæ фæахсы.

 

Ирон адæм зæды фыдæхæй куыд тæрсынц, марды фыдæхæй дæр – афтæ, зæды аудындзинадмæ куыд бæллынц, марды аудындзинадмæ дæр – афтæ. Марды аудындзинад, дам, зæды аудындзинадæй къаддæр нæу. Æмæ нымд кæнынц сæ мæрдты рухс нæмттæн, мысынц сæ, зилынц сын сæ уæлмæрдтæм, рухс сын кæнынц, сæхæдæг цæмæйдæриддæр цæрынц, уымæй. Ирон адæммæ уæлдай уаз бынаты æвæрд сты ног мæрдтæ, афæдзы хист кæмæн нæма скодтой, уыдон. Афæдзы дæргъы сын сæ ном бирæ бæлвырд бонты æрымысынц сæ хиуон-хæстæджытимæ, сыхæгтимæ, зонгæтимæ.

 

Уыцы бонтæй иу у Зæрдæвæрæн. Иуæй-иутæ йæ цы чырыстон зæрдæрайы бæрæгбонимæ бæттынц, уый та вæййы дыууæ къуыри фæстæдæр. Æмæ сын иумæйагæй ницы ис. Раздæр ирон адæм сæ марды ингæныл цырт æвæрдтой хохаг къæйдурæй, тъæпæн къæйдур ын-иу æрфæлдæхтой йæ риуыл дæр. Дæ ингæны къæй дыл æрфæлдæхæд – ахæм карз æлгъыст дæр ма нæм куы ис. Ингæны къæйы алыварс-иу уалдзæджы бадзæбæхтæ кодтой нæуцъар зæххы гæппæлтæй, цæмæй йыл кæрдæг схæца, ног къахт зæххыл хъамылгæрдæг ма фæтых уа, æмæ иннæ уæлмæрдты хуызæн аив уа. Ацы мæрдты бон Зæрдæвæрæн – Зæлдæвæрæн дæр уымæн хуыйны. Зæлдæ рагон ирон æвзаджы амоны, цъæх кæрдæг, фылдæр мæхсискъ кæуыл зайы, ахæм нæуцъар. Дыгурмæ абон дæр ма нæуу у зæлдæ. Стæй ма нæм ис дзырд «зæлдфæлындæн» дæр: горæтты æмæ хъæуты уынгтæ бæлæстæй, къудзитæй, дидинджытæй, таугæ кæрдæджытæй фæлындын, аив кæнын. Дзырд «Зæлдæвæрæн»-ы мыр-дамгъæ «л» рахизы «р»-мæ, æмæ дзы рауад Зæрдæвæрæн. Чырыстон дин Ирыстоны чи парахат кодта, уыдон архайдтой ирон бæрæгбæттæ чырыстонты бын фæкæнын. Нæ кувæндæтты кæнæ сæ фарсмæ та арæзтой аргъуантæ. Уый аххосæй ирон бæрæгбон Куадзæн – Комуадзæн ссис чырыстон дины Чырыстийы райгасы бон. Æмæ йæ бæрæг кæнын райдыдтам чырыстон къæлиндармæ гæсгæ. Уымæй дыууиссæдз боны куы рацæуы, уæд та чырыстон динмæ гæсгæ вæййы цины бæрæгбон Вознесение Господне – Чырысти уæларвмæ куы ацыд, уыцы бон. У хъæлдзæг бæрæгбон, æмæ Зæрдæвæрæн дæр бæттынц уыцы бонимæ. Уый раст нæу! Уымæн æмæ Зæрдæвæрæн махæн у хъыджы бон, мæрдты мысæн бон, стæй иу бонмæ дæр æрмæстдæр стæм хатт æрцæуынц. Зæрдæвæрæны къуырийы бон бæлвырд бæрæг у, Вознесение та йæ бон ивы Куадзæнмæ гæсгæ æмæ ахизы июны мæймæ дæр. Зæрдæвæрæн ирæттæм у мæрдты бон, чырыстон дингæнджытæм та Чырыстийы номимæ баст у. Уый Куадзæны райгас æмæ, дам, 40 боны фæстæ, уæларвмæ куы цыд, уæд йæ ахуыргæнинæгтæн зæрдæ бавæрдта, иунæгæй сæ кæй нæ ныууадздзæн, кæй сæм æрыздæхдзæн, уымæй. Уыцы зæрдæвæрдмæ гæсгæ чырыстон дин парахатгæнджытæ Вознесение бабастой ирон бæрæгбон Зæлдæвæрæн – Зæрдæвæрæнимæ. Иннæтæ та йын йæ номы хъусынц кусарты зæрдæ æмæ «æвæрын – бавæрын». Æмæ уыцы бон мардæн рухсаг зæгъыны тыххæй цы кусарт акæнынц, уый зæрдæ фыхæй хæссынц уæлмæрдмæ. Уым æй баныгæнынц – бавæрынц сæ марды уæлмæрды. Уыцы æнæгъдауыл ма чидæртæ ноджыдæр бафтауынц æмæ уæлмæрды зæрдæимæ баныгæнынц кусарты къах, стæй ногахст кæсæгтæ. Ацы ми равзæрд нæ зоныны фыдæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый раст нæу. Уый нæ, фæлæ ма сæ марды уæлмæрд куыйтæ æмæ гæдытæн дæр сфæйлауын кæнынц. Уыдон тæф тынг æнкъарынц, æмæ ныгæд зæрдæ, къах, кæсæгтæ скъахынц. Æнæфæтчиаг бахæрынц, æмæ уымæй мард кæны æгад.

 

Зæрдæвæрæн ирон адæм тынг рагæй бæрæг кæнынц, æвæццæгæн, чырыстон дин куы нæма фæзынд, уæд дæр æй бæрæг кодтой. Æмæ йæ сæйраг нысан у ног марды уæлмæрдмæ базилын, саив æй кæнын. Стæй йын уалдзыгон халсартæ, гагадыргътæ ныххæлар кæнын. Марды уæлмæрдмæ æвналгæйæ, цырт ын ныссадзыны, къæйтæ æмæ йыл æмбонд æвæрыны размæ дзы хатыр ракурын, стæй йын рухсаг зæгъын амоны не ‘гъдау, нæ дин. Зæрдæвæрæн – зæлдæ-нæууæвæрæн дæр уыд æмæ у ахæм бон, æмæ йын уый фæдыл йæ номыл скæнынц кæрдзынтæ, аргæвдынц далыс. Уыдонæй, халсартæй, гагадыргътæй, адджинæгтæй, нозтæй, хæдзары йын сæ куы ныххæлар кæнынц, уæд иу хай устытæ ахæссынц уæлмæрдмæ. Уым ын сæ ныххæлар кæнынц. Иннæ æрцæттæгонд фынджыдзагæй та йын нæлгоймæгтæ рухсаг фæзæгъынц хæдзары.

 

Къостайы райгуырды 165 азы бонмæ «…Алы ирон лæджы хæдзары дæр Къостайы ныв уыдзæн зæды нывау»

 

Куыд зонæм, афтæмæй ирон номдзыд адæмон поэт, ирон аив литературæйы æмæ æвзаджы бындурæвæрæг, фыццаг ирон профессионалон нывгæнæг, зынгæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл 15-æм октябры æххæст кæны 165 азы, æмæ та йæ бирæвæрсыг сфæлдыстады алыварс æрбамбырд кæндзæн, æнæкæрон уарзтæй кæй уарзта, уыцы адæмы.

 

Зынаргъ газеткæсджытæ, нæ газеты фæрстыл цы ног рубрикæ фæзынд – «Къостайы райгуырды 165 азы бонмæ», зæгъгæ, – уым уын уæ размæ хæссæм Къостайы номимæ баст мысинæгтæй.


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 15.05.2022 в 08:00

Вячеслав Мильдзихов поздравил горожан с Днём осетинского языка и литературы

ДОРОГИЕ ГОРОЖАНЕ!   Поздравляю вас с Днем осетинского языка и литературы!

ОБЩЕСТВО 30.08.2023 в 19:40

Об изменениях в положении топонимической комиссии

29 августа под председательством Александра Пациорина прошло очередное заседание городской Топонимической комиссии. Было рассмотрено семь вопросов, касающихся увековечивания памяти выдающихся людей, наименования безымянных улиц в новых районах Владикавказа.

ОБЩЕСТВО 8.05.2018 в 11:26

С заботой о ветеранах

Ко Дню Победы Левобережная администрация традиционно подготовила комплекс мероприятий.

ОБЩЕСТВО 28.11.2022 в 20:20

Добровольцы получат статус ветеранов боевых действий

Федеральным законом от 21.11.2022 №450-ФЗ «О внесении изменений в Федеральный закон «О ветеранах» к ветеранам боевых действий отнесены члены добровольческих формирований, участвующие в специальной военной операции.

ОБЩЕСТВО 24.10.2021 в 11:42

В Северной Осетии стартовал третий этап программы «Alania Business Accelerator»

Более 40 молодых предпринимателей стали участниками акселерационного этапа

ОБЩЕСТВО 17.10.2019 в 09:45

Быть ближе к народу

В начале текущего года по инициативе Главы РСО-А Вячеслава Битарова в республике был создан Совет общественных

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО