Куыд зонæм, афтæмæй аивад у адæймаджы уд сыгъдæггæнæн ахъаззаджы фæрæз. Йемæ йæ цард чи сбæтты, ахæм адæймаг йæ хъысмæтæй вæййы райгонд. Уымæн æмæ йын ратты царды хи ссарыны амонд. Аивад у йæ царды мидис, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, уыдоны нымæцмæ хауы мæ абоны уацхъуыды хъайтар Æлбегаты Алан дæр.
Ирон паддзахадон академион театр бирæ актертæн у, сæ курдиат кæм райхæлд, театр уарзджытæм сæ диссаджы аивад кæцæй хæццæ кæны, ахæм фæзуат. Уыдонæн се сфæлдыстадон тых, æрдзæй рахæсгæ курдиат, кæй зæгъын æй хъæуы, иухуызон нæу, æмæ уый гæнæн дæр нæй – Дунескæнæг адæмыл иухуызон ницы уары.
Ирон театралон аивады архайджыты стъалыгуппары йæхи æнæфæцудгæ бынат ис Æлбегаты Аланæн дæр.
Цы æндæр æмæ æндæр рольты ахъазы, уыдон ын иууылдæр сты зынаргъ, уымæн æмæ сæ алкæуыл дæр хардз кæны бирæ сфæлдыстадон хъарутæ. Уыдон зынаргъ сты театрдзаутæн дæр, уымæн æмæ сын хæссынц æхцондзинад, сæ удты сын цырын кæнынц рæсугъддзинады, цардмæ тырнындзинады æнкъарæнтæ.
Цы фæлгонцтæ сарæзта, уыдон, æнæдызæрдыгæй, иууылдæр бæрзонд профессионалон æмвæзадыл сты, фæлæ дзы уæддæр æнæ зæгъгæ нæй Шекспиры «Къарол Лир»-ы тыххæй. Фыццаг хатт æй бахастой Уæрæсейы национ театралон преми «Сыгъзæрин маскæ»-йы фестивальмæ. Бавдыстой йæ цыппар номинацийы:
Драмæ (стыр хуызы спектакль) – спектакль «Къарол Лир»;
Драмæ (режиссеры куыст) – Уалыты Гиви;
Драмæ (нæлгоймаджы хуыздæр роль) – Æлбегаты Алан;
Драмæ (сылгоймаджы хуыздæр роль) – Æгкацаты Аминæ.
1993 азы бындур кæмæн сæвæрдтой, Уæрæсейы уыцы национ театралон преми «Сыгъзæрин маскæ» дæттынц театралон аивады æппæт жанрты спектакльтӕн – драмæ, оперæ, балет, нырыккон кафт, опереттæ, мюзикл æмæ куклаты театрæн. Æрвылаз дæр уалдзæджы Мæскуыйы кæй саразынц, уыцы æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Сыгъзæрин маскæ»-йы бæстæйы алы регионтæй равдисынц æппæт мидисджындæр спектакльтæ.
Театралон критиктæй арæзт экспертон советтæ фестивалы архайынæн спектакльтæ æмæ преми «Сыгъзæрин маскæ»-мæ кандидатты равзарынц. Жюрийы уæнгтæм хауынц актертæ, режиссертæ, дирижертæ, кафтамонджытæ æмæ театралон нывгæнджытæ.
«Гамлет»-ы æмрæнхъ Уильям Шекспиры стырдæр сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæй иуыл нымад чи у, уыцы трагеди «Къарол Лир» ирыстойнаг аивадуарзджытæн у уарзон. 1606 азы англисаг таурæгъты бындурыл цы пьесæ сфæлдыста Шекспир, ныр цыппарсæдæ азæй фылдæр дунейы театртæ уый æвдисынц.
Цæгатирыстойнаг театры режиссер æмæ аивадон разамонæг Уалыты Гиви ацы спектаклыл бакодта биноныг куыст. Уымæн ын уыд ахæм æнтыст фестиваль «Золотая маска»-йы дæр – нæлгоймаджы хуыздæр роль саккаг кодтой Цæгат Ирыстоны адæмон артист Ӕлбегаты Аланæн. Ацы хабар ӕхсызгон уыд алы ирыстойнагæн дæр.
Газет «Владикавказ»-ы редакцийы кусджыты зæрдæ дын, Алан, зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ цардбæллондзинад, стæй ног сфæлдыстадон уæлахизтæ!
Мах, дæ аивадæн табугæнджыты, уырны, нæ зæрдæтæ нын кæй барухс кӕндзынӕ ног зæрдæскъæфæн сурæттæй.
КЪУДУХТЫ Маринæ