ОБЩЕСТВО

ÆНУСОН ÆМÆ ÆНÆМÆЛГÆ У ЙЕ СФÆЛДЫСТАД

Хетӕгкаты Къоста… Æрмæстдæр иунæг ном, æмæ цæстыты раз сысты адæмы сæрхъуызой, йæ цард æгасæй дæр йæ дзыллæйæн чи радта, уыцы арфæйаг Къостайы цардæгас сурæт.

 

Æнусон у Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Æнусон æмæ æнæмæлгæ у йе сфæлдыстад. Уый æгæрон уарзтæй уарзта йæ райгуырæн зæхх æмæ йæ адæмы. Ахæмы йæ раттæг адæм фæхонынц гени æмæ уарзон хъæбул. Ирæттæй цыртдзæвæны аккаг фыццаг чи ссис, уыдонæй иу у Къоста. 15-æм октябры йæ райгуырæн бон кæй у, уый кадæн ын æгас Ирыстоны дæр арынц йе стыр ном. Къоста махæн нæ иууыл уарзондæр æмæ кадджындæр хъæбул у. Къостайы хуызæн адæймæгтæ æнцон раттæн куы уаиккой, уæд дзы иннæ нацитæм дæр уаид. Махмæ тæхуды кæнынц, Къоста æмæ нын «Ирон фæндыр» кæй ис, уый тыххæй. Зонынц æй Кавказы æндæр адæмтæ дæр. Махæн нæ сæрыл куыд тох кодта, афтæ тох кодта уыцы æфхæрд адæмты барты сæрыл дæр, æмæ йын стыр кад уый тыххæй кæнынц.

 

Ацы аз Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл æххæст кæны 165 азы, æмæ та йæ бирæвæрсыг сфæлдыстады алыварс æрбамбырд кæндзæн, æнæкæрон уарзтæй кæй уарзта, уыцы адæмы.

 

Зынаргъ газеткæсджытæ, махæн дæр нæ газеты фæрстыл фæзынд ног рубрикæ «Къостайы райгуырды 165 азы бонмæ», зæгъгæ. Кæд уæ искæмæ фæзына йæ фиппаинæгтæ, тæлмæнтæ æрбарвитыны фæнд нæ уарзон фыссæджы тыххæй, уæд, табуафси, æнхъæлмæ уæм кæсæм нæ редакцийы.

 

Куыд зонæм, афтæмæй Къоста сывæллæтты бирæ уарзта. Уыдоныл фыст æмдзæвгæтæ фыццаг уымæн хъавыд рауадзынмæ хицæн чиныгæй «Мæ лæвар Иры сабитæн». Фæлæ…

 

Кæд йæхæдæг, стыр хъыгагæн, хъæбулы ад нæ бан­къардта, уæддæр-иу сывæллон кæм федта, уым-иу ыл баузæлыд, барæвдыдта. Уымæ гæсгæ йæ сабитæ дæр тынг уарзтой. Дардæй-иу æй куы ауыдтой, уæд-иу йæ размæ дугъ систой. Къостайы ацы миниуæг баззад Хетæгкаты Никойы мысинæгты дæр. Къостайæ дыууæ азы хистæр уыд. Уый дæр Нары хъæуккаг уыдис. Стъараполы гимназийы ахуыргæнгæйæ уæлдай тынг балымæн сты. Никойыл 30 азы куы цыд, уæд йæхицæн бинонтæ скодта. Фæстæдæр ын цот фæзынд. Къоста-иу сæм хæдзармæ арæх æрбацыд. Никойы сывæллæтты уæлдай тынг уарзта. Уыдон дæр-иу æм цингæнгæйæ тахтысты. Фæлæ искуы-иу хатт сывæллæттæ пыхцылсæр куы уыдысты, уæд-иу Къоста мæнг карз хъæлæсæй сæ мадмæ бадзырдта: «Ратт-ма, Рахе, хæсгард». Сывæллæттæ-иу тӕссӕй сынтæджы бын бабырыдысты, сæ сæрыхъуынтæ алæгъз кодтой, афтæмæй-иу фæстæмæ Къостамæ худгæйæ ралыгъдысты.

 

Бирæ фæндтæ уыд Къостамæ. Уыдонæй сæйраг уыд Ирыстоны æрцæрын, бинонтæ скæнын æмæ сæрмагонд аивадон скъола байгом кæнын. Æрæвнæлдта уыцы хъуыддæгтæ саразынмæ, фæлæ йын нал бантыст. Йæ хæдзар æрдæгарæзтæй баззад, йæ уарзон чызг – куырдуаты, йе скъола – æхгæдæй. 1902 азы декабры Къоста тынг фæрынчын. Зымæджы дæргъы уатон рынчынæй фæцард иунæгæй уазал хæдзары. Мæгуыр æмæ тыхст уавæры уыд уæд. Цæргæ ма фæкодта æртæ азæй чысыл фылдæр, фæлæ куыстæн нал сбæззыд. Йæ уæнг, йæ аив дзыхыдзырд йæ бар нал уыдысты, афтæмæй амард йæ фыды хæдзары Лабæйы 1906 азы 1 апрелы.

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 23.06.2022 в 10:13

«Фæлæ мад, ныййарæг мад, уæддæр не ‘ууæнды йæ хъæбулы мæлæтыл»

81 азы размæ 22 июны райдыдта Фыдыбæстæйы стыр хæст.   1941 азы 22 июны немыцаг фашисттæ æрбалæбурдтой Советон Цæдисмæ, æмæ райдыдта æвирхъау хæст – Фыдыбæстæйы Стыр хæст. 1418боны æмæ æхсæвы… Иу бон иннæмæй карздæр… Иу æхсæв иннæмæй тæссагдæр…

ОБЩЕСТВО 2.03.2023 в 09:37

Календари единства Болата Зассеева

В далеком прошлом человечеству необходим был универсальный инструмент для исчисления промежутков времени, и им стал календарь.

ОБЩЕСТВО 27.05.2022 в 22:04

Мария Захарова выступила на деловом форуме «журналиста»

24 мая на ежегодном Деловом форуме «Качественная пресса и перспективы ее развития» выступила Мария Захарова, директор департамента информации и печати Министерства иностранных дел РФ. Она ответила на вопросы участников о месте России в информационной войне и уходе качественных СМИ с медиарынка.

ОБЩЕСТВО 23.09.2022 в 21:14

Кто не попадает под частичную мобилизацию

Минобороны уточнило категории граждан, которые не подпадут под частичную мобилизацию.

ОБЩЕСТВО 12.03.2019 в 11:36

Заслужил

Глава Северной Осетии Вячеслав Битаров поздравил с очередным золотом на чемпионате мира народного любимца, паралимпийца Спартака Газзаева.

ОБЩЕСТВО 27.04.2024 в 09:35

Аларды

Аларды у æппæты карздæр бардуаг. Карз æмæ æгъатыр кæй уыд, адæм ын кад æмæ табу дæр уымæн кодтой. Алардыйы къухы уыдысты фадынæг, цæстниз, дзуар æмæ ноджы æндæр низтæ. Низ-иу кæй фæзынд, уый-иу æнахуыргонд адæм кодтой Алардыйы аххос, уый нæм фæхæрам, зæгъгæ, æмæ ныл йæ низтæ бафтыдта.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО