ОБЩЕСТВО

«Фæлæ мад, ныййарæг мад, уæддæр не ‘ууæнды йæ хъæбулы мæлæтыл»

81 азы размæ 22 июны райдыдта Фыдыбæстæйы стыр хæст.

 

1941 азы 22 июны немыцаг фашисттæ æрбалæбурдтой Советон Цæдисмæ, æмæ райдыдта æвирхъау хæст – Фыдыбæстæйы Стыр хæст. 1418боны æмæ æхсæвы… Иу бон иннæмæй карздæр… Иу æхсæв иннæмæй тæссагдæр…

 

Хæст… Мæлæтхæссæг… Хъæбулхор… О, цал æмæ цал ныййарæджы баззад фæндаджы хъæбæрыл йæ хъæбулмæ æнхъæлмæгæсгæйæ. Цалæмæ цал æвзонг чызджы фæфыдæнхъæл кодта хæст.

 

Карз хæст райдыдта… Арвау ныццæлхъ кодта тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хæхты ’мæ быдырты.

 

Карз хæст райдыдта… Барызт фатхъæд, барызт хъæды рæсугъд æхсин, ссыбар-сыбур кодта æмæ йæхи бауагъта кокка хæрисыл.

 

Карз хæст райдыдта… Ныффæйлыдта дидинæгджын зад кæрдæг, ацагъта йæ рæсугъд къуырфытæй райсомы ‘ртæх, æрхуыссыд зæххыл, стæйсыстад æмæ ныгуылæнмæ акъул.

 

Карз хæст райдыдта… Доны сæрмæ ауыгъд фæлмы бынæй рахъуызыди хъуырдухæнгæнгæ уазал уылæн, йæхи ныццæлхъ кодта дурты цæндылæмæ æртæхгай баиу иннæ уылæнтимæ.

 

Хæрзбон, æнцойдзинад, хæрзбон!

 

Мæлæтон дымгæ сæдæ ’взагæй ныхситт кодта, атахти быдырты, стыдта фурды уылæнты сæ урс бæрцытæй æмæ сæ ныццæлхъ кодта айнæджыфидар ныхыл. Хæрз-бо-он!

 

Сау мигътæ æрбацæуынц, сау мигътæ æрбассæндынц ныгуылæнæй… Гъей, уардзæн тагъд… Туджы къæвда ныууардзæн тагъд!.. Фидар лæуут, сæрибар уарзджытæ, мачи фæтæрсæд!

 

Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы…Мачи фæтæрсæд!

 

Уæд æнафоны цыдысты хæстмæ,

Бæстæ уыд фæлладхуыз æмæ тар.

Мад йæ фыртæн тыргъы раз фæдзæхста:

Ма ныууадз дзæгъæл дæ фыды кард!

 

Уый дын тохæй рарвыста лæварæн,

Рызт йæ уæлæ хъарм туджы æртах.

Æз дæуыл, мæ хур, мæ зæрдæ дарын,

Ды уæлахизæй кæй раздæхдзынæ тагъд.

 

Хæст… Фыдыбæстæйы Стыр удхæссæг хæст. Йæ коймæ дæр баризы адæймаджы зæрдæ. Цал æмæ цал хæдзармæ æрхаста фыдбылыз , æнамонддзинад? Цыппар азы дæргъы советон адæм фæцыдысты хæстон фæндæгтыл. Уымæн æмæ зæрдæйæ уарзтой, æцæгæй аргъ кодтой сестыр Фыдыбæстæйæн. Райгуырæн къæсы раз иу уыд сæ хæс – цыфыддæр знаг хъуамæ ссæст æрцæуа. Цагъары бæсты – мæлæт!

 

Æмæ иннæ адæмты æмрæнхъ æрлæууыдысты ирон адæм дæр. Уæндонæй ныззарыдысты тохы зарæг. Нæ бæстæйы иннæ адæмтимæ иумæ уæхски-уæз тох кодтой цыфыддæр знаджы – фашистон Германы æфсады ныхмæ. Ирыстоны минæвæрттæ уыцы хæсты сæхи куыд хъæбатырæйравдыстой, ууыл дзурæг сты ацы нымæцтæ æмæ бæрæггæнæнтæ: нæ чысыл зæххы алы цыппæрæм цæрæг дæр фæмард Фыдыбæстæйысæраппонд карз хæсты.

 

Гитлеры балбирæгътæ æнхъæл уыдысты, æмæ Советон Уæрæсе дыууæ мæймæ дæрæнгонд æрцæудзæн. Фæлæ сæхи бæрзæйыл бавзæрстойСоветон адæмы тых æмæ хъару. Советон адæм æмæ йæ Сырх Æфсад хъæддыхæй-хъæддыхдæр кодтой, карз хæстыты æхсыстысты.

СоветонЦæдисы иннæ адæмтимæ иумæ ирон адæм дæр сæ тых, сæ хъаруйыл нæ бацауæрстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты.

 

Адæймагмæ сæрыстырдзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ гуырын кæнынц, Петр Павленкойы уыцы фыдæвзарæнты рæстæг загъдныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджынхæстонтæй». Мæнæ куыд фыста газет «Правдæ» та мин фарастсæдæ цыппор цыппæрæм азы æстæм июны «Сыны осетинского народа в борьбе с гитлеровскими захватчиками показали образцы героизма и мужества».

 

Фæлæ куыдфæнды ма уæнт, кæддæр кæрон æрцыд уыцы æвирхъау сау бонтæн. Ирыстон хæстонтæй, йæ хъул сахъ кæмæн абадт, уыдон æрыздæхтысты хæстæфхæрдæй, фæлæ уæлахиздзауæй. Сæ фæллад нæма суагътой, афтæ та ныллæууыдысты ног цард, сабыр дуг аразыныл. Сæ фæстиуджытæ адæмæй нæ уыдысты æмæ не сты рох. Уыцы куырыхон хистæрты рæнхъы сæрбæрзондæй фæлгæсынц нæ Хъæбатыр ветерантæ. Кæд сыл азтæ сæ уæз æруагътой, сæ хæстон хъæдгæмттæ сæхион кæнынц, уæддæр дзы бирæтæн нæ мынæг кæны сæ патриотон куыст фæсивæды ‘хсæн. Цæгат Ирыстоны ахæм скъола нæ разындзæн сæ хæстон фæндæгты тыххæй кæм нæ ракодтой. Бирæтæ дзы царæфтыд баисты – сæ рæсугъд бæллицтæ ахастой семæ. Иннæтæ тохвæлладæй æрыздæхтысты сæ фыдыуæзæгмæ. Куыстой æмæ кусынц нæ адæмы удварнæн.

 

Уыдон цыдысты хæсты цæхæрмæ – бирæтæ бархи, барвæндонæй. Цыдысты æрцу æмæ ма рцуйы фæндагыл. Уыдон сæ цард æмæ курдиат нывондæн æрхастой Фыдыбæстæ, Сæрибар æмæ Намысæн.

 

Йæ цæфтæн хохау фидар чи уыди, йæ рыстыл цæстысыг чи никуы æркалдта, уыцы салдат куыдта йæ уæлахизы цинæй. Кудтой нæ бæстæйы адæмты минæвæрттæ сæ иумæйаг Уæлахизы цинæй, хæлардзинад, æфсымæрдзинад кæй фæуæлахиз, уый цинæй.

 

Уæлахиздзаутæ… Ирвæзынгæнджытæ… Мæлæ-тæй… Цагъары къæлæтæй… Æнусты худинагæй… Афтæ хуыдтой Советон адæмы уыцы бонты æппæт дунейы дзыллæтæ. Уæ кад мыггагмæ баззайдзæн цæргæйæ.

 

Цал милуан мадæлты зæрдæтæ рыстысты! Цал милуан мадæлты зæрдæтæ тыхстысты! Цал милуан мадæлтæ калдтой цæссыг?

 

Цал чызджы æвзонгæй баззадысты куырдуаты. Цал милуан цæссыджы уадысты уадултыл!

 

Хæст фæцис. Æрцыд Уæлахиз, дзыллæтæ тохы уæззау азты кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Уæлахиз. Кæрон нал уыдис адæмы цинæн! 

 

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 77 азы уæлахизы бонмæ Уæрæсейы Хæстон намысы горæттæн Златоустаг гæрзтæаразæн компани цы Уæлахизы цирхъытæ скодта, уыдонæй иу æрхауд Хæстон намысы горæт Дзæуджыхъæумæ дæр. Уыдон Мæскуыйы кадджын уавæры радта Федералон Æмбырды Сæдар Валентинæ Матвиенко.

 

Цирхъытæ сты тынг хъæздыг фæлгонц. Алкæцыйы уæлæ дæр дзы фыст ис цы горæтæн арæзт у, уый ном. Йæ иннæ фарс Александр Невскийы зындгонд ныхæстæ: «Цирхъимæ нæм чи ‘рбацæуа, уый цирхъæй фæмард уыдзæн». Цирхъæн йæ кæрæтты нывгонд æрцыдысты Уæрæсейы æфсады зындгонд разамонджытæ.

 

Кадджын мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Дзæхуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег.

 

Валентинæ Матвиенко арфæ ракодта Хæстон намысы горæтты минæвæрттæн сæ хъæбатыр æмзæххонты тыххæй æмæ сын ранымадта сæ хæстон сгуыхтытæ. «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахиз йæ тугæй чи балхæдта, уыдон фæдонтæ та абон Украинæйы нацизмы ныхмæ тох кæнынц, Донбассы сабырцæрæг адæмы хъахъхъæнынц. Мах уырны, сæ фыдæлты фарн кæй нæ фæчъизи кæндзысты æмæ уæлахизимæ кæй æрыздæхдзысты. Мæнæн стыр кады хъуыддаг у хъæбатыр горæттæн Уæлахизы цирхътæ балæвар кæнын», – загъта уый.

 

Сергей Меняйло дæр куыд загъта, афтæмæй Ирыстоны адæмæн хæсты архайджыты нæмттæ сты табуйаг, йæ хæстонты хайбавæрд Уæлахизмæ – æгæрон. Хæстон намысы горæты ном дæр хуымæтæджы нæ радтой Дзæуджыхъæуæн. «Ахæм цирхъ райсын æвдисы фашизмыл фæуæлахизуæвæг адæмы хъæбатырдзинад æмæ уды хъару», – банысан кодта республикæйы разамонæг.

 

Ныр Уæлахизы номарæн цирхъ кадджын бынаты æвæрд æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны Национ музейы æмæ суыдзæн цæрджыты сæрыстырдзинады нысан æмæ нæ истори хъæздыггæнæн фæрæз. Уæлахизы символы уынынмæ цæудзысты нæ истори чи уарзы æмæ нымайы, уыдон. Табуйаг цирхъ та цыфæнды уавæрты дæр цæргæбонты хъæудзæн хъахъхъæнын æмæ йыл аудын.

 

КЪУДУХТЫ  Маринæ


Похожие записи:

ГЛАВНЫЕ НОВОСТИ 24.08.2022 в 19:15

Сколько стоит собрать ребенка в школу

Озадаченные лица родителей, бегающих к концу лета по торговым центрам в поисках светлых рубашек, спортивной формы, рюкзаков, – верная примета приближающегося учебного года. И сборы эти дешевыми не назовешь.

ОБЩЕСТВО 18.09.2021 в 08:00

Мастер дел душевных

Коллеги ее называют «наша Валюша», а она на вопрос о коллективе расплывается в улыбке:

ОБЩЕСТВО 3.08.2022 в 21:20

Представители Владикавказа стали почетными гостями на Дне города Феодосии

Делегация во главе с заместителем главы АМС Владикавказа Казбеком Мамаевым по приглашению руководства Феодосийского городского совета и Администрации города Феодосии Республики Крым приняла участие в торжествах в честь Дня города Феодосии.

ОБЩЕСТВО 24.08.2019 в 11:04

Ответственность каждого – залог общей безопасности!

Совместное заседание Антитеррористической комиссии муниципального образования г. Владикавказа и оперативной

КУЛЬТУРА 1.02.2024 в 09:31

Творить – значит жить

Студия декоративно-прикладного искусства и рукоделия «Мастерская чудес» была создана в 2018 году на базе структурного подразделения «Школа детского творчества» Центра дополнительного образования г. Владикавказа.

ОБЩЕСТВО 10.04.2018 в 14:00

Сложить пазл

Как верят в своих детей родителис расстройством аутистического спектра?

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО