ОБЩЕСТВО

АСКЪУЫД ЙÆ ТАУРÆГЪТЫ ХАЛ…

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, публицист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, таурæгъгæнæг, зынгæ æхсæнадон архайæг Хъайтыхъты Азæмæты райгуырдыл сæххæст 101 аз

 

Æнусты сæрты нæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ цы диссаджы хæзнатæ æрхæццæ, уыдон адæмы размæ рæсугъдæй чи рахаста, уыцы адæймæгтæй иу у фыссæг, таурæгъгæнæг Хъайтыхъты Азæмæт. Тыджыты Юрий куыд загъта, афтæмæй кæд Ирыстоны уæздандæр, хæдæфсармдæр, æгъдауджындæр æмæ къæбæрдæттондæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Азæмæт. Кæд Ирыстоны зæрдæхæлардæр, цæстуарзондæр, Райгуырæн бæстæйыл æнувыддæр æмæ адæмæн лæггадгæнагдæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Хъайтыхъы-фырт. Кæд Ирыстоны фыдæбонгæнагдæр, фæллойгæнагдæр, æнæзивæгдæр æмæ хуымæтæгдæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Азæмæт.

 

Хъайтыхъты Азæмæт райгуырд 1923 азы майрæмы мæйы 6-æм боны Уæлладжыры комы Ходы хъæуы. 1939 азы каст фæцис Садоны астæуккаг скъола æмæ кусын райдыдта Садоны æрзæткъахæнты хохгæрдæгæй. 1941 азы ацыд Сырх æфсадмæ. Уым æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Архайдта Киевы, Сталинграды, Курск-Орелы тохты, операци «Багратион»-ы. Авд хатты фæци уæззау цæфтæ, фæлæ та-иу фæстæмæ йæ къухмæ райста хæцæнгарз. Йæ хæстон сгуыхтыты тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы, Намысы III къæпхæны, Фыдыбæстæйы хæсты I къæпхæны ордентæй, стæй æхсæрдæс майданæй. Фæстæдæр йæ хæстон фæндæгты тыххæй йæ мысинæгтæ ныффыста журнал «Мах дуг»-ы.

 

Хæсты фæстæ æрыздæхт Садонмæ æмæ уæдæй фæстæмæ цард æмæ куыста йæ райгуырæн хъæуы. Æрдзæй зæрдæргъæвд рахаста Азæмæт. Сæрдыгон изæрты-иу зæронд лæгтæ рагон Ходы ныхасы алыхуызон таурæгътæ куы кодтой, уæд-иу сæм хъусынæй не ʼфсæсти. Æмæ уæд йæ зæрдæйы райгуырд бæллиц, зæгъгæ, тæхуды уыцы таурæгътæ ныффысс æмæ сæ адæмы размæ рахæсс. Азæмæтæн йæ уæззау кусгæ бонты ивын райдыдтой æхсызгон сфæлдыстадон изæртæ. Дзæвгар рæстæг рацыд, цалынмæ йæ фыццаг таурæгътæ мыхуыры фæзындысты, уæдмæ. Фæлæ æрлæууыд уыцы рæстæг, æмæ адæм бацин кодтой таурæгътыл, къухæй-къухмæ сæ истой. Хъайтыхъты Азæмæты фыццаг æмбырдгонд «Зынаргъ дур» ирон чиныгкæсæг йæ къухтæм райста 1984 азы, уагъд æрцыд рауагъдад «Ир»-ы. 1989 азы та рацыд йæ дыккаг чиныг – «Фыййауы лæдзæг». Фæстæдæр сæ чиныгкæсджытæ æхсызгонæй кæй агуырдтой, уый хынцгæйæ дыууæ чиныджы дæр уагъд æрцыдысты иумæ иу чиныджы – «Амондуарджытæ», зæгъгæ, ахæм номимæ. Азæмæт стыр хъусдард здæхта таурæгътæм. Фыссæг алы таурæгъæн дæр ссары йæхи сæрмагонд бындур. Уыдонæй иу иннæйы фæлхат нæ кæны, иу дзы иннæйы хуызæн нæу. Æмæ кæд авторы хъайтартæ алыхуызон уавæрты цæрынц, хицæн кæмттæй рацыдысты, уæддæр хъуамæ лæг худинаджы бæсты равзара мæлæт, сдзура рæстдзинадыл, ууыл у йæ дзырды сæр. Хъайтыхъы-фырты уацмысты сæйраг хорздзинад уый мидæг ис, æмæ царды æцæг хабæртты бындурыл фыст кæй сты. Уыимæ иумæ рагон таурæгъты бындурыл арæхст нырыккон аивадон уацмыстæ снывæнды. Хъайтыхъты Азæмæт йæ уацмысты сæйрагдæрыл нымайы æвзаг. Æнæ уый, йæхæдæг куыд зæгъы, чиныгкæсæджы æргом нæ раздахдзынæ дæхимæ, фæлгонцтæ та фæлурс, æнæуд рауайдзысты. Азæмæт уыд ахæм фыссæг, кæцы адæмон æвзагæй фыста æцæг адæмон уацмыстæ.

 

Хъайтыхъты Азæмæтæн бирæ ис публицистон æрмæджытæ, æмдзæвгæтæ, фыста фольклорон æрмæг æмæ сæ бахъахъхъæдта. Фыссæджы юбилеймæ рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры рацыд йæ чиныг «Хæхты таурæгътæ». Уый у йæ уацмысты æххæстдæр рауагъд.

 

Азæмæт у æцæг фыссæг, йæ уацмыстæ ирон фарн æмæ удæй дзаг кæмæн сты, ахæм. Уыимæ у поэт дæр. Йе ʼмдзæвгæтæ дæр дзаг сты уыцы миниуджытæй. Хъарынц зæрдæмæ. Йе ʼмдзæвгæтæ дæр йæ таурæгътау фыст сты хъæздыг, нæртон æвзагæй. Хорз арæхсы дзырдтæй нывтæ кæнынмæ.

 

Ирон таурæгъы жанр бæрзонд æмвæзадмæ чи систа, литературæмæ дзы стыр хуынтæ чи бахаста, зæронд, рох хабæртты уд чи бауагъта, таурæгътæ литературæимæ æнгом чи бабаста, уый уыд Хъайтыхъты Азæмæт.

 

Йæ таурæгъты сæйраг апп у Ходы хъæу. Уымæн æмæ уым райгуырд. Уым хистæртæй цы таурæгътæ хъуыста, уыдоны бындурыл фæстæдæр снывæзта йæ уацмыстæ. Хъайтыхъы-фырт хуымæтæг таурæгъгæнæг кæнæ таурæгъ фыссæг нæ уыд. Уый уыд фыссæг, адæмон сфæлдыстадæй æцæг адæмон уацмыстæ чи нывæзта, ахæм. Кæцыфæнды уацмысмæ, кæцыфæнды фарсмæ дзы æркæс – ахæм диссаджы ныхæстæ æмæ абарстæй фыст сты се ʼппæт дæр. Уый у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад æмæ фыссæджы стыр курдиатыл дзурæг.

 

Фæлæ Азæмæт зæронды бонтæм баззад хæдæфсармæй. Никуы рахуыдта йæхи фыссæг, никуы раппæлыд йæхицæй. Йæ хъæрæй ныхас ын никуы ничи фехъуыста. Цыд дзы цыдæр фарн æмæ æгъдау. Адæм дæр æй уымæн бирæ уарзтой. Джыккайты Шамил-иу арæх дзырдта: «Азæмæт у, йæхи фыссæг чи нæ хоны, фæлæ стыр фыссæг чи у, ахæм адæймаг».

 

Фæлæ йæ хæстон хæрзиуджытæ цы ʼвдыстой, уымæй дарддæр уæздан Азæмæт йæ хæстон хабæртты кой никуы кодта. Æрмæст-иу арæх радзырдта, уацары уæвгæйæ йыл чи ʼрцыди, уыцы зæрдæхалæн цау:

 

«Алы бон дæр-иу лагерæй иу уацайраг акодтой, æмæ-иу фæстæмæ нал æрбаздæхт. Иубон куы уыди, уæд акодтой мæн дæр. Мæныл уæд цыди ссæдз азы. Йæ разæй мæ кодта иу фашист. Иу мæнгагъуыстмæ бахæццæ стæм. Немыцаг дуар бакодта, басхуыста мæ мидæмæ, стæй мыл æй бахгæдта. Фыццагдæр ауыдтон туджы пырхæнтæ, стæй мыл иу байраджы йас куыдз йæхи æрбаппæрста æмæ мæ йæ дзæмбытæй асхуыста. Уыцы риуыгъдæй къулыл бахаудтæн. Гъа, ныр мын куыдз мæ хурхмæ фæлæбура, афтæ кæсгæйæ аззад мæ цæсгоммæ. Мæнæн мæ цæссыгтæ уадысты. Цы бамбарын ма мын хъуыд, куыйтæн адæймаджы фыд кæй хæрын кодтой, ныр та мæ рад кæй уыд. Æмæ æнхъæлмæ кастæн мæ мæлæтмæ. Фæлæ мæм, стыр диссагæн, куыдз нал февнæлдта. Мæ фарсмæ æрхуыссыд æмæ мын йæ сæр мæ къæхтыл æрæвæрдта, афтæмæй бадтыстæм. Уалынмæ фæмидæг немыцаг афицер, æмæ нæ афтæмæй куы федта, уæд куыдзмæ рамæсты. Систа æмæ йыл цалдæр нæмыджы банымадта. Уыцы куыдз йæ цард мæ бæсты радта».

 

Ацы аз Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг Хъайтыхъты Азæмæты райгуырдыл хъуамæ сæххæст уыдаид 101 аз, фæлæ, хъыгагæн, ацы рухс дунейæ ацыд. Нал и, фыдæлты цард æмæ архайд нын аивадон хуызы нæ размæ чи фæхаста, уыцы фæллад хæстон лæг. Ацыд æмæ уыйадыл аскъуыд йæ таурæгъты хал… Нал и, чи ма фысса ахæмтæ, уый. Стæй мæм афтæ кæсы, æмæ нал уыдзæн. Азæмæт нын цы таурæгъон бынтæ ныууагъта, уыдон цæрдзысты, цалынмæ ирон къахылдзæуæг уа, уæдмæ…

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 28.10.2023 в 09:29

АРФ ÆНКЪАРДТА ИРОН ДЗЫРДЫ ЗÆЛЫНАД

Цæгат Ирыстоны адæмон поэт æмæ драматург, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Плиты Грисы райгуырдыл сæххæст 110 азы

ОБЩЕСТВО 24.01.2019 в 14:24

Наука открыта для всех

В Республиканском дворце детского творчества им. Б.Е. Кабалоева стартовал ХVI республиканский конкурс молодых исследователей «Ступень в науку».

ОБЩЕСТВО 24.08.2019 в 11:04

Ответственность каждого – залог общей безопасности!

Совместное заседание Антитеррористической комиссии муниципального образования г. Владикавказа и оперативной

ОБЩЕСТВО 15.11.2021 в 18:52

На пути к инновациям

Во Владикавказе открылся фестиваль идей и технологий Кружкового движения Национальной технологической инициативы.

ЗДРАВООХРАНЕНИЕ 20.07.2024 в 09:36

Вопросы развития здравоохранения

В Доме Правительства РСО-А под председательством Бориса Джанаева состоялось совещание по вопросам развития системы здравоохранения. Речь шла о строительстве, ремонте, реконструкции и закупке нового оборудования в медицинские учреждения Северной Осетии.

ОБЩЕСТВО 29.01.2019 в 11:39

…сто двадцать пять блокадных грамм с огнем и кровью пополам

27 января вся страна отмечала великую дату – 75-ю годовщину со дня полного освобождения Ленинграда от фашистской блокады.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО