ОБЩЕСТВО

«АЗÆМÆТ У, ЙÆХИ ФЫССÆГ ЧИ НÆ ХОНЫ, ФÆЛÆ СТЫР ФЫССÆГ ЧИ У, АХÆМ АДÆЙМАГ»

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, публицист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, таурæгъгæнæг Хъайтыхъты Азæмæты райгуырдыл сæххæст 100 азы

 

Æнусты сæрты нæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ цы диссаджы хæзнатæ æрхæццæ, уыдон адæмы размæ рæсугъдæй чи рахаста, уыцы адæймæгтæй иу у фыссæг, таурæгъгæнæг Хъайтыхъты Азæмæт. Тыджыты Юрий куыд загъта, афтæмæй кæд Ирыстоны уæздандæр, хæдæфсармдæр, æгъдауджындæр æмæ къæбæрдæттондæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Азæмæт. Кæд Ирыстоны зæрдæхæлардæр, цæстуарзондæр, Райгуырæн бæстæйыл æнувыддæр æмæ адæмæн лæггадгæнæгдæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Хъайтыхъы – фырт. Кæд Ирыстоны фыдæбондæргæнæг, фæллойгæнæгдæр, æнæзивæгдæр æмæ хуымæтæгдæр адæймæгтæ ис, уæд уыдонæй иу у Азæмæт.

 

Хъайтыхъты фырт райгуырд 1923 азы Уæлладжыры комы Ходы хъæуы. 1939 азы каст фæцис Садоны астæуккаг скъола æмæ кусын райдыдта Садоны æрзæткъахæнты хохгæрдæгæй. 1941 азы ацыд Сырх Æфсадмæ. Уым æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Архайдта Киевы, Сталинграды, Курск-Орелы тохты, операци «Багратион»-ы. Авд хатты фæци уæззау цæфтæ, фæлæ та-иу фæстæмæ йæ къухмæ райста хæцæнгарз. Йæ хæстон сгуыхтыты тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы, намысы III къæпхæны, Фыдыбæстæйы хæсты I къæпхæны ордентæй, стæй 16 майданæй. Фæстæдæр йæ хæстон фæндæгты тыххæй йæ мысинæгтæ ныффыста журнал «Мах дуг»-ы.

 

Хæсты фæстæ æрыздæхт Садонмæ æмæ уæдæй фæстæмæ цард æмæ куыста йæ райгуырæн хъæуы. Æрдзæй зæрдæргъæвд рахаста Азæмæт. Сæрдыгон изæрты-иу зæронд лæгтæ рагон Ходы Ныхасы алыгъуызон таурæгътæ куы кодтой, уæд-иу сæм хъусынæй не ʼфсæсти. Æмæ уæд йæ зæрдæйы райгуырд бæллиц, зæгъгæ, тæхуды уыцы таурæгътæ ныффысс æмæ сæ адæмы размæ рахæсс. Азæмæтæн йæ уæззау кусгæ бонты ивын райдыдтой йæ æхсызгон сфæлдыстадон изæртæ. Дзæвгар рæстæг рацыд, цалынмæ йæ фыццаг таурæгътæ мыхуыры фæзындысты, уæдмæ. Фæлæ æрлæууыд уыцы рæстæг æмæ адæм бацин кодтой таурæгътыл, къухæй къухмæ сæ истой. Хъайтыхъты Азæмæты фыццаг æмбырдгонд «Зынаргъ дур» ирон чиныгкæсæг йæ къухтæм райста 1984 азы, кæцы уагъд æрцыд рауагъдад «Ир»-ы.

 

1989 азы та рацыд йæ дыккаг чиныг «Фыййауы лæдзæг». Фæстæдæр сæ чиныгкæсджытæ æхсызгонæй кæй агуырдтой, уый хынцгæйæ дыууæ чиныджы дæр уагъд æрцыдысты иумæ иу чиныджы – «Амондуарджытæ», зæгъгæ, ахæм номимæ. Азæмæт стыр хъусдард здæхта таурæгътæм. Фыссæг алы таурæгъæн дæр ссары йæхи сæрмагонд бындур. Уыцы таурæгътæй иу иннæйы фæлхат нæ кæны, иу дзы иннæйы хуызæн нæу. Æмæ кæд авторы хъайтартæ алыгъуызон уавæрты цæрынц, хицæн кæмттæй рацыдысты, уæддæр хъуамæ лæг худинаджы бæсты равзара мæлæт, сдзура рæстдзинадыл, ууыл у йæ дзырды сæр.

 

Хъайтыхъты-фырты уацмысты сæйраг хорздзинад уый мидæг ис æмæ царды æцæг хабæртты бындурыл фыст кæй сты. Уыимæ иумæ рагон таурæгъты бындурыл арæхст нырыккон аивадон уацмыстæ снывæндынмæ. Азæмæт уыд ахæм фыссæг, кæцы адæмон æвзагæй фыста æцæг адæмон уацмыстæ.

 

Хъайтыхъты Азæмæтæн бирæ ис публицистон æрмæджытæ, æмдзæвгæтæ, фыста фольклорон æрмæг æмæ сæ бахъахъхъæдта. Фыссæджы юбилеймæ рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры рацыд йæ чиныг «Хæхты таурæгътæ». Уый у Азæмæтæн йæ уацмысты æххæстдæр рауагъд.

 

Ирон таурæгъы жанр бæрзонд æмвæзадмæ чи систа, литературæмæ дзы стыр хуынтæ чи бахаста, зæронд, рох хабæртты уд чи бауагъта, таурæгътæ литературæимæ æнгом чи бабаста, уый уыд Хъайтыхъты Азæмæт. Ахæм ма нæм уыд Биазырты Димитр.

 

Хъайтыхъы-фырт хуымæтæг таурæгъгæнæг кæнæ таурæгъ-фыссæг нæ уыд. Уый уыд фыссæг, адæмон сфæлдыстадæй æцæг адæмон уацмыстæ чи нывæста, ахæм. Кæцыфæнды уацмысмæ, кæцыфæнды фарсмæ дзы æркæс, ахæм диссаджы ныхæстæ æмæ абарстæй фыст сты се ʼппæт дæр. Уый у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад æмæ фыссæджы стыр курдиатыл дзурæг.

 

Фæлæ Азæмæт зæронды бонтæм баззад хæдæфсармæй. Никуы рахуыдта йæхи фыссæг, никуы раппæлыд йæхицæй. Йæ хъæрæй ныхас ын никуы ничи фехъуыста. Йемæ ныхас кæнгæйæ дзы цыд цыдæр фарн æмæ æгъдау. Адæм дæр æй уымæн бирæ уарзтой. Джыккайты Шамил-иу арæх дзырдта: «Азæмæт у, йæхи фыссæг чи нæ хоны, фæлæ стыр фыссæг чи у, ахæм адæймаг».

 

 

Фæлæ йын йе сгуыхтдзинæдты йæ хæстон хæрзиуджытæ цы ’вдыстой, уымæй дарддæр уæздан Азæмæт йæ хæстон хабæртты кой никуы кодта. Æрмæст-иу арæх радзырдта, уацары уæвгæйæ йыл цы ’рцыди, уыцы зæрдæхалæн цау:

 

«Алы бон дæр-иу лагерæй иу уацайраг акодтой, æмæ-иу фæстæмæ нал æрбаздæхт уацайраг. Иу бон куы уыди, уæд акодтой мæн дæр. Мæныл уæд цыди ссæдз азы. Йæ разæй мæ кодта иу фашист. Иу мæнгагъуыстмæ бахæццæ стæм. Немыцаг дуар бакодта, басхуыста мæ мидæмæ, стæй мыл дуар бахгæдта.

 

Фыццагдæр ауыдтон туджы пырхæнтæ, стæй мыл иу байраджы йас куыдз йæхи æрбаппæрста æмæ мæ йæ дзæмбытæй асхуыста. Уыцы риуыгъдæй къулыл бахаудтæн. А ныр мын куыдз мæ хурхмæ фæлæбура, афтæ мын кæсгæйæ аззад мæ цæсгоммæ. Мæнæн мæ цæссыгтæ уадысты. Цы бамбарын ма мын хъуыд, куыйтæн адæймаджы фыд кæй хæрын кодтой, ныр та мæ рад кæй уыд. Æмæ æнхъæлмæ кастæн мæ мæлæтмæ. Фæлæ мæм, стыр диссагæн, куыдз нал февнæлдта. Мæ фарсмæ æрхуыссыд æмæ мын йæ сæр мæ къæхтыл æрæвæрдта, афтæмæй бадтыстæм. Уалынмæ фæмидæг немыцаг афицер æмæ нæ афтæмæй куы федта, уæд куыдзмæ рамæсты. Систа æмæ йыл цалдæр нæмыджы банымадта. Уыцы куыдз йæ цард мæ бæсты радта».

 

Ацы аз Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг Хъайтыхъты Азæмæтыл хъуамæ сæххæст уыдаид 100 азы, фæлæ, хъыгагæн, цалдæр азы размæ ацы рухс дунейæ ацыд. Нал и, фыдæлты цард æмæ архайд нын аивадон хуызы нæ размæ чи фæхаста, уыцы фæллад хæстон лæг. Ацыд æмæ уый адыл аскъуыд йæ таурæгъты хал… Азæмæт нын цы таурæгъон бынтæ ныууагъта, уыдон цæрдзысты, цалынмæ ирон къахылдзæуæг уа, уæдмæ…

 

Æрмæг бацæттæ кодта КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 27.11.2018 в 11:13

Чистая вода – здоровая нация

Северная Осетия заняла третье место во Всероссийской акции по очистке водоемов и уборке берегов «Вода России», организованной Минприроды РФ.

ОБЩЕСТВО 2.11.2023 в 08:55

«НÆ АХУЫРГÆНÆГ, НÆ ЗОНДАМОНÆГ, ДÆ НОМ ЦÆРДЗÆН НÆ ЗÆРДÆТЫ ÆНУСМÆ!»

«Æз цæрæнбонты табу кæнын ирон дзырдæн, уый у мæ зæды хай, уый у мæ удылхæцæг.

ОБЩЕСТВО 25.03.2022 в 18:50

Кумир осетинской творческой молодежи

В Национальной научной библиотеке РСО-А прошел вечер, приуроченный ко дню рождения основоположника осетинской профессиональной музыки, дирижера, педагога, собирателя фольклора Аслан-Гирея (Бориса) Галаева.

ОБЩЕСТВО 30.05.2022 в 20:59

Радуга талантов

Все направления творческого развития детей: художественное, декоративно-прикладное, социально-педагогическое и многие другие – смогли наблюдать гости отчетного концерта муниципального автономного учреждения «Центр дополнительного образования города Владикавказа» в уютном зале Дворца культуры металлургов.

ОБЩЕСТВО 6.12.2022 в 09:57

Выездная экскурсия для учащихся СОШ №22

Сотрудники вневедомственной охраны Управления Росгвардии по РСО-А провели комплекс патриотических мероприятий, приуроченных ко Дню Неизвестного Солдата.

ОБЩЕСТВО 5.08.2021 в 10:42

Цардуарзон æмæ рæстдзинадыл тохгæнæг адæймаг

75 азы сæххæст зынгæ ирон ахуыргонд, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн инситуты сæргъ­лæууæг Гаглойты Робертыл

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО