ОБЩЕСТВО

БАРÆГ БÆХÆЙ ФИДАУЫ, БÆХ ТА – БАРÆГÆЙ

Номдзыд ирон цирчы артисткæ, барæг, коллектив «Ирыстон»-ы разамонджытæй иу, Цæгат Ирыстон æмæ ССРЦ адæмон артисткæ Тугъанты Дзерассæйы райгуырдыл сæххæст 95 азы

 

Ирыстоны аивад, культурæ дисы æфтауынц дунейы æппæт адæмты дæр. Ирон адæмы истори хъæздыг у алыхуызон традицитæ æмæ æгъдæуттæй. Уыдонмæ хауы бæхты дугътæ уадзын дæр. Хъыгагæн, абон ацы рæсугъд традици фæлтæрæй-фæлтæрмæ нал цæуы, фæлæ уæддæр нæ уæзгæ бынтæн кад æмæ аргъ кæнын хъæуы, уымæн æмæ, æцæгæйдæр, ивгъуыд чи нæ хъуыды кæны, уымæн нæй фидæн.

 

Нæ фыдæлтæ бæхты дугътæ арæзтой дзуæртты бонты, куыд чындзхæссыны рæстæджы, афтæ зианы номарынæн дæр. Номарæн бæхты дугътæ алыхуызон уыдысты: æмбойны дугъ, стыр дугъ æмæ æндæртæ. Ацы традицитыл бирæ дзурæн æмæ фыссæн ис, ууыл хицæнæй æрдзурын хъæуы, фæлæ нæ дзырды сæйраг нысан æндæр у абон.

 

Бæхылбадджыты къорд «Ирыстон»-ы сгуыхтдзинæдты тыххæй чи нæ фехъуыста, ахæмтæ стæмтæ разындзæн. Ирон цæрдæг æмæ курдиатджын лæппутæ-иу зæлдаг нывæфтыдтытимæ хъæдабæ цухъхъаты сæ бæх-тыл джигитовкæйы куы сцырен кодтой, уæд-иу сыл цæст нал хæцыд. Кæм фæнды куы æвдыстаиккой сæ арæхстдзинад – Уæрæсейы æви æндæр паддзахæдты, – адæм сыл æмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ.

 

«Ирыстон»-æн 1926 азы бындур сæвæрдта дунейыл зындгонд дæсны бæхылбадæг, режиссер, УСФСР-йы адæмон артист Тугъанты Михал. Йæ дæсныйад ын дарддæр ахæццæ кодта йæ чызг, УСФСР-йы адæмон артисткæ Тугъанты Дзерассæ. 1991 азæй та барджыты къордæн разамынд лæвæрдта РЦИ-Аланийы адæмон артист Хъаныхъуаты Таймураз. «Ирыстон»-ы кадыл кад æфтаугæйæ, ирон курдиатджын лæппутæ фарнимæ дарддæр хæццæ кæнынц цирчы традицитæ. Сты цирчы бæхылбадджыты аивады дунеон фестивальты лауреаттæ æмæ призертæ: Италийы, Францы, Голландийы, Испанийы, Монте-Карлойы…

 

Ацы бонты номдзыд ирон цирчы артисткæ, барæг, коллектив «Ирыстон»-ы разамонджытæй иу, Цæгат Ирыстон æмæ ССРЦ адæмон артисткæ Тугъанты Дзерассæйы райгуырдыл сæххæст 95 азы. Сæрмагондæй ацы диссаджы сылгоймаг бирæ ногдзинæдтæ, ног улæфт бахаста джигитовкæйы аивадмæ.

 

Адæм-иу удаистæй кастысты, сау цухъхъаджын дæс хохаджы ‘хсæн-иу чызг урс-урсид дарæсы диссаджы урс бæхыл куыд рацыд, уымæ. Уый фæстæ та нæлгоймаджы дарæсы архайдта джигитты раздзоджы фæлгонцы æмæ-иу равдысты кæрон йæ худ фелвæста.

 

Сæ курдиатæй нæ республикæйæн ном кодтой ацы артисттæ: æппæт Советон Цæдисы æмæ фæсарæнты дæр адæм зонгæ уыдысты се сфæлдыстадимæ, алы ран дæр сæм æнхъæлмæ кастысты стыр цинимæ. Фæсивæд Дзерассæйы, иунæг сылгоймаг-разамонæг кæй уыд, уымæ гæсгæ хастой сæ къухтыл. Йæ ныхас цыма закъон уыд – нæ йæ аивтаис. Йæ уынаффæтæ йын зæрдиагæй æххæст кодтой, куыд домдта, ахæм хуызы. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг домаг уыд, фæлæ, уый хыгъд, тынг фæлмæнзæрдæ.

 

Йæ хорз хæлар – йæ бæх æй хорз æмбæрста, цы дзы домдта, уый æххæст кодта. Бæхыл хъазты та барæгæн йæ бæх хъуамæ уа коммæгæс, йæ алы фезмæлд дæр ын хъуамæ æнкъара.

 

Тугъанты Дзерассæ куыд манежы, афтæ царды дæр уыд хæларзæрдæ, алы адæймагджы зæрдæмæ дæр йæ бон уыд фæндаг ссарын. Уыд рæстуд æмæ иузæрдион. Йæ бæрны чи уыд, уыцы артисттæй та кæддæриддæр
домдта куыстыл æнувыд уæвын.

 

Мæнæ дзы цы дзуры «Ирыстон»-ы фæстаг разамонæг Хъаныхъуаты Таймураз:

 

Дзерассæ у мæ дыккаг мады хуызæн. Йæ руаджы æз ссардтон мæ нысан царды. Æхсæрдæс азы дæр мыл нæма цыд, афтæмæй дзы райстон стыр ахуырдзинад, скодта мæ артист. Цы хæрзты мын бацыд, уый ныхасæй зæгъæн нæй. Фæсарæнты хицауады хуындты рæстæг фынгыл кард æмæ вилкæйыл куыд хæцын хъæуы, авд приборæй кæцыйæ цæмæ бавналын хъæуы, уымæй райдай, æмæ, аренæйы мингай адæмы раз цæсгомджынæй баззайгæйæ, бæрзонд аивад равдисынæй фæу. Раст цыма йæ хъæбул уыдтæн, ахæм цæстæнгас мæм дардта. Афтæ никæд загътон, æз сарæзтон, зæгъгæ. Алкæддæр фæзæгъын: дарддæр хæццæ кæныныл архайын, Михал Дзерассæимæ цы стыр хъуыддаг сарæзтой, ууыл. Мæ цæсты Дзерассæ абоны онг у цирчы æппæт заманты рæсугъддæр сылгоймаг æмæ цирчы аивады стырдæр дæсны. Æрмæст йæ иу рацыд ирон разгæмтты урс бæхыл дæр цасы аргъ уыд! Аренæмæ-иу куыддæр рацыд, афтæ-иу ын суанг паддзахады бæрзонд минæвæрттæ дæр сæ бынæттæй сыстадысты. Мæ бинойнаг Тебиаты Зарæимæ нын чызг куы райгуырд, уæд ыл сæвæрдтам Дзерассæйы ном.

 

О, æцæг ирон сылгоймаг фыдæлтæй нырмæ йæ уаг, йе ʼгъдау, йæ намысæй адæмæн аргъæутты диссаг уыдис. Йæ зæрдæйы уарзт æппынæдзух йæ адæмыл уæрста, уыдон цæрайæ цард æмæ цæры. Ахæм уыд Тугъанты Дзерассæ, æмæ йæ рухс ном цæрдзæн, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты.

 

Нæ фыдæлтæм ахæм æгъдау уыд: йæхицæн цы нæлгоймаг кад кодта, уымæн æнæмæнг хъуамæ уыдаид æмбаргæ бæх æмæ цуанон куыдз. Уыцы дыууæ хæдзарон цæрæгой-иу ссисты цæрæнбонтæм йæ иузæрдион хæлæрттæ.

 

Адæмы историйы бæх æмæ бæхдарынæн уыди æгæрон стыр ахадындзинад. Уыцы хæдзарон æгомыг фосæй тынг пайда кодтой хæдзарадон куысты, балцы цæугæйæ æмæ хæсты рæстæджы. Хæсты рæстæджы дзы кæй пайда кодтой, уый руаджы фæзынди бæхыл бадыны æмæ ифтыгъд бæхимæ архайыны дæсныйад. Рагзаманты-иу лæппутæ фæцайдагъ сты бæхыл цæугæ-цæуын фæлтæрæнтæ кæныныл æмæ, дугъ кæнгæйæ, бæхæй æргæпп кæнын æмæ фæстæмæ абадыныл. Фæлтæрдтой-иу сæ, цæмæй уыдаиккой хъаруджын, æвзыгъд, цæрдæг, ныфсджын, фæндвидар, саргъыл бадтаиккой фидар, бæхы алы фезмæлд æнкъардтаиккой.

 

Адæймаг бæхæй бирæ æнусты дæргъы кæй пайда кæны, уый фадат лæвæрдта, цæмæй фæзындаид ацы цæстæнгасæй арæзт системæ. Ацы хæдзарон фосæн æгæрон семиотикон хъомыс кæй уыд, уымæ гæсгæ тынг рапарахат сты бæхыл хъæзтытæ. Уыдон зæрдæрухсы æмæ хиирхæфсыны мадзал уыдысты ирон адæмы æрвылбоны æнтъыснæг царды.


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 8.07.2022 в 07:02

Русланбек Икаев поздравил горожан с Днем семьи, любви и верности

ДОРОГИЕ ДРУЗЬЯ!   Ежегодно 8 июля в России отмечается День семьи, любви и верности.

ОБЩЕСТВО 4.09.2021 в 08:05

Къостайы авдæны фарн

Хаттæй–хатт æнæбары фыссæггæндтыл дæр исты афыссын бахъæуы, æндæр гæнæн куынæ уал вæййы, уæд. 

ОБЩЕСТВО 24.09.2018 в 16:16

Кавказская Здравница 2018

27-28 сентября 2018 года в городе-курорте Ессентуки состоится Курортный форум «Кавказская Здравница 2018».

ОБЩЕСТВО 20.02.2023 в 20:19

Акция «От сердца к сердцу»

Сотрудники Управления Росгвардии по Республике Северная Осетия – Алания приняли участие во Всероссийской ведомственной донорской акции «От сердца к сердцу», которая прошла на Республиканской станции переливания крови.

ОБЩЕСТВО 8.07.2022 в 07:03

Вячеслав Мильдзихов поздравил горожан с Днем семьи, любви и верности

ДОРОГИЕ ЖИТЕЛИ ВЛАДИКАВКАЗА!   Примите искренние поздравления с Днем семьи, любви и верности!

ОБЩЕСТВО 10.04.2024 в 21:15

«Волшебных клавиш черно-белый ряд»

Анастасия Хатагова, Александр Джидзалов, София Джиоева и Дина Каркусова стали лауреатами первой степени ежегодного конкурса ансамблевого музицирования «Волшебных клавиш черно-белый ряд».

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО