ОБЩЕСТВО

Бетъырбух æмæ ирон «Хуры тын»

Революцийы агъоммæ ирон культурæйы рæзтыл куы дзурай, уæд нæ ахиздзынæ Бетъырбухы иувæрсты. Ирон адæм сæхи куы базыдтой, уæдæй абонмæ Бетъырбух у нæ уарзон сахар, фылдæр лæггæдтæ нын чи бакодта, ахæм сахар. Уым ахуыр кодтой фыццаг иронпрофессионалон поэт Мамсыраты Темырболат, нæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста, нæ драматургийы бындурæвæрæгБрытъиаты Елбыздыхъо, нæ куырыхон лæг Абайты Васо, газет «Правда»-йы фыццаг уацхæссæг уыд Коцойты Арсен, фыццаг ирон дохтырХетæгкаты Андухъапар ахуыр дæр æмæ кусгæ дæр кодта Бетъырбухы, нæ академик Джусойты Нафи уым фæцис каст аспирантурæ. Чи сæ фæуыдзæн нымад, зонады къабазы Бетъырбух-Ленинград махæн цас фæлтæр схъомыл кодта, уыдон.

 

Бетъырбухы йе сфæлдыстадон уæнгтæ чи аивæзта, уыдонæй иу уыд Брытъиаты Елбыздыхъо. Уымæн 1912 азы Бетъырбухы бантыст иронжурнал рауадзын, схуыдта йæ «Хуры тын». Абоны бон ацы журналы рацыдыл æххæст кæны 110 азы. Йæ фæзынд, йæ хæрзиуджытыл нæхъæуы æрдзурын, хъæуы сæ зонын, уымæн æмæ нæм Бетъырбухæй дæр нæ хуры тын  сдардта йæ был, Уæрæсейы Сæйраг артдзæст иронаив ныхасæн радта фæндаг, фæндаг радта уæд нæ Ирон сылгоймæгты приютæн дæр, кæрон скодта, Къостайы туг растæй чи цъырдта, уыцыæгъатыр адæймæгты митæн дæр.

 

Революцийы агъоммæйы периодикон мыхуырыл дзургæйæ, журнал «Хуры тын»-æн йæхи нысаниуæг ис. Йæ уадзæг, йæ ифтонггæнæг кæдирон интеллигенцийы минæвæрттæ уыдысты, уæддæр ын сæрæвæрæг уыд Брытъиаты Елбыздыхъо. Абон дæр ацы журнал хæссы Елбыздыхъойыном.

 

Ахæм хъуыдыйыл хæст уыд йæ цыбыр царды ирон драматурги æмæ театры бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо. Адæммæ æнæхъуаджынæ баззад ныхас: «Къоста нын радта чиныг, Елбыздыхъо та нын байгом кодта театры дуæрттæ».

 

Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Елбыздыхъо, Назраны ахæстоны дæр йæ зæрдæ дзырдта йæ адæмы сомбоныл, национ культурæйы рæзтыл– ахæстоны цемент пъолыл дæлгоммæ хуысгæйæ фыста æгъуыстаджы драмæ «Дыууæ хойы». Кæд нырма ирон профессионалон театр нæма уыд, уæддæр Елбыздыхъо фидарæй уырныдта, рæхджы кæй уыдзæн театр дæр æмæ артисттæ дæр. Уымæн дзырдта, йемæ ахæстоны чи бадт, уыцызынгæ æхсæнадон кусæг Хъесаты Гиуæргийæн: «Рæхджы уыдзæн ирон театр. Уыдзæн нын нæхи артисттæ дæр. Фæлæ театры дæр æмæ артистты дæр хъæуы пьесæ ирон æвзагыл».

 

Дзырд «ирон» Елбыздыхъойы туджы сфыхт æмæ йын рахизын нал бантыст; уый йæ цæргæйæ рыг абадын никуы бауагъта ирондзинадыл дæрæмæ ирон æвзагыл дæр.

 

Ирон æвзаг æвæринаг кæй у, уæрæседзаутæ дзы арвистон æмæ хынджылæг кæй кодтой, уый тыххæй сын сæ ных бакъуырдта йæ комеди«Уæрæседзау»-ы.

 

Елбыздыхъо йæ цыбыр цард снывонд кодта йæ адæмæн, мадæлон æвзаджы рæзт æмæ сыгъдæгдзинадæн. Тынг райгонд уыд, ирон газеттæ æмæ журналтæ кæрæдзи фæдыл гуырын кæй райдыдтой, уыцы хъуыддагæй.

 

Ирыстоны цард, стæй адæмы уавæр Елбыздыхъойы дуджы раппæлинаг ницæмæй уыд. Интеллигенци рæзт, истой ахуырдзинад Уæрæсейыстыр сахарты. Се ’ппæт инженертæ, дохтыртæ, афицертæ нæ уыдысты, уыдоны ’хсæн дзæвгар уыд ахæмтæ, кæцытæ хъуыды кодтой Иры фидæнырухс фæндæгтыл, æмæ архайдтой æппæт тыхтæй дæр, цæмæй нацийы культурæ рæза. Уыцы хъуыддæгтæн та ирд æвдисæн сты ирон театралонкъордтæ, ирон газеттæ æмæ журналты фæзынд æмæ райгуырд. Уыдон канд Ирыстоны нæ гуырдысты; ирон аивадæн бындур æвæрдтой, æндæрсахарты кæй гуырдысты, кæй куыстой, уымæй. Зæгъæм, ирон драмон къордтæ сæ куыст кодтой Ирыстоны æддейæ – Тбилис æмæ Бакуйы, газет«Ног цард» æмæ журнал «Æфсир» цыдысты Тбилисы, журнал «Хуры тын» та цыдис Бетъырбухы. Сæ уадзæг, сæ фæлындзæг уыдысты Ирыфæлтæр, Иры интеллигенци.

 

Елбыздыхъо тынг хъуыды кодта ирон периодикон мыхуырыл, зæрдæрыстæй афтæ фыста: «Фыдæлты цардæй рахицæн стæм. Мæсгуытæ æмæгалуантæ ныууагътам, ног цардмæ та хæццæ нæма баистæм. Стæм мах ахæм фæндагыл, æмæ фæстæмæ аздæхæн кæуыл нал ис, размæ цæуын тасау талынг æмæ тарф мигъ нæ уадзынц. Ныдздзæгъæл уыдзыстæм, хорз адæм, уыцы мигъы кæрæдзимæ хаттæй-хатт куы нæ хъæр кæнæм, уæд.Уыцы хъæр у газет! Уыцы хъæр мах ракæндзæн рухсмæ».

 

Мадæлон литературæйы рæзт нывыл кæй нæ уыд, ирон чингуыты нымæц цъус кæй уыд, ууыл тынг сагъæс кодта Елбыздыхъо. Зæрдæрухс уыдКъостайы «Ирон фæндыр»-æй. Уый сæрыстырæй фыста: «Къостаацы номимæ баст у ирон литературæйы уæвынадКъостайы чиныг уыд æмæ у фыццаг чиныг ирон æвзагылиннæ чингуытæ сæ койы аккаг дæр не сты.

 

Фидар у мæ зæрдæ, бындур ис нæ чиныгæн, не ’взагæн. Пушкин уырыссаг чиныгæн цы у, махæн Къоста уый у… Гуырысхо нæ кæнын æз: алы хæдзары дæр зæды нывау ауыгъд уыдзæни Къостайы ныв».

 

Елбыздыхъо æвзаг æмæ литературæйы хаххыл кæд нæ ахуыр кодта, уæддæр йæ хъуыдыйæ никуы схицæн, кæй у ирон, кæй йын ис фыдæлты куырыхон æвзаг, уыцы æвзаг рæзынæн та кæй хъæуы чиныг мадæлон æвзагыл.

 

Уæрæсейы зæххыл мадæлон æвзагыл журнал уадзын хуымæтæг хъуыддаг кæй нæ уыд, уый хорз æмбæрста Елбыздыхъо. Бирæ йыл хъуыды кодта, йæ сагъæстæ дардыл уыдысты. Хорз æмбæрста, йæ уадзынæн фæрæзтæ дæр æмæ коллектив дæр кæй хъæуы. Йæ хъуыды, æвæццæгæн, æппæты фыццаг загъта Æмбалты Цоцкойæн. Афтæ йæм фыста: «Ма фæдис кæн, кæй дæм фыссын, уый тыххæй. Чи зоны, нæ политикон платформæтæ фæиппæрд сты, фæлæ уый хъуамæ йæ аууон ма кæна, нæ бон фембæлын кæм у, уыцы бынæттæ. Мæ зæрдыл дæ куыдæй бадардтон, уымæ гæсгæ мæм афтæ кæсы, цыма дæ нæ адæмы хъысмæт тынг цымыдис кæны. Уый цымыдис кæны мæн дæр… Æз дæр æмæ ды дæр хайджын стæм литературæйæ… Мах рауадздзыстæм æрвылкъуырион журнал. Æмкусджытæй æрхондзыстæм, фыссын чи райдыдта, ахæм æрыгон фæсивæды. Афтæмæй нæ къухы бафтдзæн дыууæ хъуыддаджы: рапарахат кæндзыстæм ирон литературæ æмæ уый æххуысæй хъомыл кæндзыстæм нæ адæмы».

 

Брытъиайы-фырт развæлгъау хорз æмбæрста, цы ратдзæн ирон журнал адæмæн дæр æмæ ирон национ культурæйы рæзтæн дæр. Уыцы хъуыды дæр æргомæй загъта йæ фыстæджы Æмбалты Цоцкойæн. Фыста йæм: «Уæдæ афтæ, Цоцко, æппæт дæр саразын хъæуы, цæмæй рæсугъд, хæрзуаг æмæ физикон æгъдауæй æнæниз æрвылмæйон (ам ын ныр мæйон у – Г. П.) журналæй бæрзонддæр сисæм, хъуынайы чи фæныгъуылы, уыцы удты».

 

Хорз зонгæ уыд Елбыздыхъоимæ Гуыриаты Гагуыдз, зыдта, цæуыл кусы æмæ хъуыды кæны Елбыздыхъо. Журнал «Хуры тын»-ыл куыд архайдта, уыдæттæ дæр ын æнæ зынд нæ уыдысты. Уый тыххæй фæстæдæр афтæ фыста: «1912 азы январы Брытъиаты Елбыздыхъойы къухты бафтыдис ирæттæй саразын рауагъдады къорд, уым чи цардис æмæ ирон æвзагыл журнал «Хуры тын» рауадзын йæ размæ нысанæн чи æрæвæрдта, уыдонæй. Къорды хайад истой Солтамты Алыксандры фырт Васили, Гуытъиаты Сосикъойы фырт Елбыздыхъо, Гатуты Алыксандры фырт Никъала, Дзахаты Иваны фырт Алыксандр æмæ Цæболты Димитры фырт Павел».

 

Елбыздыхъо æмæ журнал «Хуры тын»-ы тыххæй йæ рæстæджы фыста Гæдиаты Цомахъ дæр. Уый Елбыздыхъойы лæгдзинад, хъæбатырдзинадыл дзургæйæ, банысан кодта уый дæр, æмæ Елбыздыхъо карз дуджы кæй бавнæлдта стыр хъуыддагмæ. Цомахъ фыста: «Революцийы дуг йæ кæронмæ фæцæйцыд. Революцион уылæнтæ та райдыдтой нæрсын. Ленæйы гæрæхтæ цы аз æмæ цы мæй æрцыдысты (1912-æм аз, апрелы), раст уыцы аз æмæ уыцы мæй рацыд Бетъырбухы ирон журнал «Хуры тын». Редактор та йын уыд Брытъиаты Елбыздыхъо».

 

Журнал «Хуры тын» уадзгæйæ, редактор æмæ редколлеги сæ разы æвæрдтой хæс, цæмæй журналы руаджы фæхуыздæр, фæхъæздыгдæр уа национ литературæ, ирон аивад æмткæй. «Хуры тын» йæ разы æвæрдта хæс, цæмæй мыхуыр кæна: аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, пьесæтæ. Æнæниздзинад, зайæгойтæ, зæххы куысты фарстытæ. Адæмы цард, се змæлд, ахуырад, дин, ирон æгъдæу­ттæ. Адæмы иумæйаг куысты пайда.

 

Журнал уадзынæн тых æмæ уавæртæ хъуыд. Уыдон та Елбыздыхъомæ нæ уыдысты. Уый Бетъырбухы цы тыхст цард фæкодта, уый дæр нæ дисы æфтауы, цы уды конд ын уыд, куыд сахъ лæг уыд, зындзинæдтæн куыд фæразон уыд.

 

«Хуры тын»-ы алы номырæн дæр ис йæхи нысаниуæг. Ууыл дзурæг сты, журналы номыртæ сæхæдæг. Зæгъæм: «Хуры тын»-ы фыццаг номыры мыхуыр æрцыд йæ пьесæ «Маймули – рухсаг, æгас цæуæд ирон театр». Фыццаг æмæ дыккаг номырты ныммыхуыр кодта дыууæ уацхъуыды ахæм сæримæ: «Чиныгуадзæгæй», æртыккаг номырæн йæ разныхасы мыхуыр кæны уацтæ ахæм номимæ: «Ныстуан-1», «Ныстуан-2», «Ныстуан-3».

 

1912 азæй бавнæлдта Елбыздыхъо «Амыран» фыссынмæ (кæд ма йыл 1909 азы дæр хъуыды кодта, уæддæр).

 

Амыраныл рагæй кæй хъуыды кодта, Амыран – Прометейы тыххæй бирæ æрмæджытæ кæй тымбыл кодта, уый разынд журнал «Хуры тын»-ы: ныммыхуыр дзы кодта иронмæ тæлмацæй уырыссаг фыссæг Хиряковы уацмыс «Стыр тох». Уый дæр у зæронд легендæ Прометейыл. «Хуры тын»-ы фыццаг номыры разныхасы дзырд цæуы ирон æвзаджы уавæрыл, адæм се ’взаг сæ сæрмæ кæй нал хæссынц, уый Елбыздыхъо нымадта æнамонддзинадыл. «Хуры тын»-ы æрмæджытæй ахсджиагдæртæ сты «Ирон æвзаг» æмæ «Æртæ æфстаубоны». Сæ автор Баби (кæй фæсномыг у, нæ зонын).

 

Журналы мыхуыр æрцыд Хъороты Дауыты æмдзæвгæ «Къостайæн» – йæ фæсномыг Хъолоимæ, фольклорæй дзы мыхуыр ис «Ханты Госæмайы хъарæг». «Хуры тын»-ы рацыдыл тынг фæцин кодта Секъа, ныммыхуыр ын кодта йе ’мдзæвгæ, цыран фыста:

 

Хуры тын æрбакаст, –

Нæ зæрдæ ныррухс.

Курæм дæ, хуыцау,

Бакæн нын æххуыс.

 

Журналы ма мыхуыр цыдысты Æмбалты Цоцко, Тлатты Хох æмæ Æлборты Барисы æрмæджытæ. Журнал парахат кæныныл Дзæуджыхъæуы куыстой Тлаттаты Хаджумар æмæ Дзанайты Садуллæ, Уæлладжыры комы – Зæнджиаты Бæбу æмæ Кцойты Бекызæ, Беслæны – Уырыймæгты Хосдзау æмæ Дзантиаты Ибрагим, Калачы – Рæмонты Тата.

 

«Хуры тын»-ы фыццаг номыры Тлатты Хох йæ уац «Сагъæстæ»-йы карзæй æфхæры йæ адæмæй чи фæиппæрд, йе ’взаг, йе ’гъдæутты сæрмæ чи нал хæссы, ахæм интеллигенцийы минæвæртты, Муссæйы хуызæн уæрæседзауты. Уым Елбыздыхъойæн йæхицæн дæр мыхуыр æрцыдысты уацтæ «Титаник» æмæ «Ленæйы сыгъзæрин къахджыты сæфт». Елбыздыхъо уæндонæй фыста Думæ æмæ тæрхондоны кусджыты æнæраст митыл.

 

Журнал «Хуры тын» алыварсон уыд. Йæ дыккаг номыры мыхуыр æрцыд Къаболаты Егоры уац «Æхсæны дуканитæ», цыран дзырдæуы адæмы мæгуырдзинадыл, куыд сæ стигъынц базаргæнджытæ.

 

Журнал йæ хъус дардта адæмы æнæниздзинадмæ дæр. Ууыл та дзурæг у уац «Бахъахъхъæнæм низæй нæхи». Йæ автор уыдис Быдтаты Агуыбечыр. Журналы цъус æрцыд мыхуыр литературон уацмыстæ, кæд йæ нысан уымæ здæхт уыд, уæддæр.

 

«Хуры тын»-ы мыхуыры цыдысты тæлмацгонд æрмæджытæ дæр. Кæд стыр хъуыддæгтæ нæ бакодта журнал кæстæрты тыххæй, уæддæр сын лæвæрд цыдис сæрмагонд къуым.

 

Æртæ номыры бæстæ кæм афæлдæхтаиккой, фæлæ уæддæр зæгъын хъæуы, «Хуры тын» уыдис раззагон демократон зондахаст кæмæн уыд, ахæм. Йæ рауагъды нысан та уыд: журнал у аив литературон æмæ æхсæнадон-политикон ирон журнал. Нæ хъæуы рох иу хъуыддаг – «Хуры тын»-ы номыртæ нæ рацыдаиккой Джиоты Пора куынæ уыдаид, уæд.

 

Журнал «Хуры тын»-ы рацыдыл æххæст кæны 110 азы. Йæ ном ссаринаг, æрымысинаг у, уадз нæ ирон чиныгкæсджытæ зоной, цы уавæрты рæзыд ирон литературæ, ирон периодикон мыхуыр.

 

ПЛИТЫ Гацыр,
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты профессор


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 15.01.2024 в 19:31

ÆРФÆНЫ ФÆДАУ БÆРÆГ ДАРЫ ЙÆ РУХС ФÆД

Зынгæ ахуыргонд-иранист, филологон зонæдты доктор, профессор, Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, РХИ-йы Кады ордены кавалер Гæбæраты Никъала Ясоны фырты райгуырдыл сæххæст 100 азы

ОБЩЕСТВО 19.12.2019 в 10:27

Студентам московских вузов из Северной Осетии помогут при трудоустройстве

В рамках проекта «Открытое правительство» состоялась встреча с заместителем председателя

ОБЩЕСТВО 8.12.2022 в 10:00

Сарæзта ирд æмæ зæрдæмæхъаргæ сурæттæ

Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон драматурги фæзынд дыууынæм азы тæккæ райдайæнты номдзыд фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Брытъиаты Елбыздыхъойы фæрцы. Æцæг уымæй размæ стыр ирон поэт Къоста ныффыста драмæ «Дуня», фæлæ уый ницыбæрæг скуыста ирон фидæны сценæйæн, уымæн æмæ фыст у уырыссагау, стæй дзырд цæуы уырыссаг цардыл.

ОБЩЕСТВО 4.04.2022 в 17:30

Школьники из Донбасса побывали в Куртатинском ущелье

Во время недавней экскурсии по историческому центру столицы республики ребята из Донбасса рассказали главе Администрации местного самоуправления г. Владикавказа Вячеславу Мильдзихову, что очень хотят отправиться в горы.

ОБЩЕСТВО 13.03.2018 в 11:24

Найти свой путь в бизнесе

Поможет портал «Бизнес-навигатор малого и среднего предпринимательства» (МСП), созданный АО «Корпорация МСП».

ОБЩЕСТВО 1.02.2024 в 09:28

ЦÆМÆЙ АДÆМЫ РИС ÆМÆ САГЪÆСТÆЙ ЦÆРАЙ…

Ирон фыссæг, поэт, тæлмацгæнæг Зæнджиаты Касайы фырт Бæбуйы райгуырдыл сæххæст 155 азы

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО