ОБЩЕСТВО

ЦАЛ ÆМÆ ЦАЛ УДЫ ÆРЦЫД НЫВОНД УЫЦЫ БОНЫ СÆРВÆЛТАУ

Ацы бонты æппæт Ирыстоны адæм мысынц 2008 азы августы трагикон цаутæ

 

Хуссар Ирыстоны адæмæй æвдисæн чи уыд, йæхиуыл уæззау хъизæмæрттæ чи бавзæрста, уыдоны иууылдæр истори йæ чиныджы ныффыста, æмæ сæ хъуамæ зоной нæ фидæны фæлтæртæ. Фæлæ уæддæр 2008 азы августы хæст никуы ферох уыдзæн, тугкалдæн æвдисæн чи уыд, уыцы зæрдæрыст адæмæй.

 

 

О, æхсæрдæс азы сæххæст, Гуырдзыстоны тугмондаг фашисттæ Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ куы рауагътой, ууыл. Æвæццæгæн, Хуссар Ирыстоны иунæг ахæм адæймаг дæр нæ разындзæн, августы уæззау бонтæ æрхæндæгæй кæй зæрдыл не ʼрлæууынц. Цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйас арфдæр мах æмбарæм, хæсты цæхæры фæндæгтыл чи рацыд, уыдоны хъæбатырдзинад.

 

Зæгъæн ис, 2008 азы август ирон адæмæн хъыджы, фыдохы мæй дæр у, æмæ циндзинады дæр. Хуссарирыстойнаг адæмы цæрæнбонты бæллиц 26-æм августы сæххæст, уымæн æмæ сын Уæрæсе августы мæйы банымадта сæ хæдбардзинад. Æвæццæгæн, сæрибардзинадæй, сæрибар бæстæйы цæрынæй хуыздæр æмæ зынаргъдæр ницы ис адæймагæн.

 

Сæххæст не ʼнусон бæллиц. Уыраугæ рисы цæссыгты кæдæй-уæдæй раивтой цины цæссыгтæ. Фæлæ, хъыгагæн, цал æмæ цал уды æрцыд нывонд уыцы боны сæрвæлтау! Кæрцвæлдæхт фесты нæ цард дæр, нæ хъысмæт дæр æмæ нæ истори дæр. Уæд, нырма дæр йæ хъæдгæмттæй туг кæмæн лæдæрст, уыцы августы æрцæугæ амондджын боныл цин кодтам цæссыгимæ. Уыдон æрмæст цины цæссыгтæ нæ уыдысты – уыдон уыдысты зæрдæрысты цæссыгтæ, уыцы амондджын бон раздæр кæй не ʼрцыд, йе ʼрцæуынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ æгæр бирæ туг кæй ныккалд, уыцы рыстæй лæдæрсæг цæссыгтæ уыдысты…

 

 О, бирæ фыдæбæттæ æмæ тæригъæдтæ федта æмæ схаста Ирыстонæн йæ Хуссар хай. Бирæ хъизæмæрттæ æвзарæг Ирыстон та йæ судзаг цæссыгтæй йæ тыппыртæ суадздзæн, ацу æмæ ма ʼрцуйы фæндагыл тугмондаг фашистон лæгсырдты къухæй чи фæмард, уыцы хъæбултыл. Кæд уал азы аивгъуыдта, уæддæр нæ мынæг кæны адæмы рис… Ногæй та цæссыджы суадæттæй раивылдзæн нæ адæмы маст… Судзаггаджы хъарджытæ та айхъуысдзысты Иры уæзгуытæй…

 

2008 азы 8 август баззад историйы… Хуссар Ирыстоны цы уæззау æмæ æвирхъау фыдбæллæх сарæзтой тугмондаг лæгсырдтæ, уый стыр дисы баппæрста дунейы æмæ рæстзæрдæ бирæ адæмы дæр.

 

Национал-фашисттæ нæ ауæрстой суанг сабитыл, зæрæдтыл дæр. Нал сæмбæлдысты сæ бинонтыл мингай лидзæг бæлццæттæ, бирæтæ дзы фесты фыдвæндаг. Æнауæрдонæй мардтой адæмы сæ хæдзæртты раз, сæ уынгты, кæм райгуырдысты æмæ схъомыл сты, сæ уыцы райгуырæн уарзон горæты.

 

Æвæдза, зын у адæймаджы тыхстмæ кæсын, дæ бон ын баххуыс кæнын куы нæ уа, уæд. Зын у ахæм трагикон цаутæ, æвирхъау, зæрдæ фыссын дæр кæй нæ комы, уыцы фыдбæллæхтæ мысын. Сæрдыгон хур дæр нал фæрæзта ирон мадæлты мастæвдылд цæссыгтæ ссур кæнын. Æмæ рыст зæрдæ…

 

Ирыстоны фæсивæд хæцыдысты, калдтой сæ туг, цæмæй сæ Фыдыбæстæ уа сæрибар. Ацы тугкалд ма нын иу хатт равдыста, Ирыстон фидар кæй у æмæ дзы патриоттæ бирæ кæй ис.

 

Ницыуал хъардта зæрдæмæ, бафæллад æвирхъау хабæрттæй, дзыназынæй. Йæ кæддæры цардæфсæст хъæутæй йæм æрвылбон дæр сæ сау æфсургътыл тахтысты фыдохы цаутæ. Æниу ма кæм уыд хъæутæ! Банай сæ кодтой Саакашвилийы тугмондæгтæ æд цæрджытæ. Бирæтæ дзы æнустæм хуысгæйæ баззадысты сæ уарзон уæзæгыл.

 

Банцад ирон хæдзæртты ирон фæндыры цагъд. Йæ бæсты араугæ зæлыдысты топпы æнæнцой гæрæхтæ, æмæ еудодойаг уыдысты ирон хъæутæ. Æрмæстдæр ма фехъусæн уыд иу фарста: «Цыма та кæй къона бауазал?» Æхсæв-бонмæ не ʼнцад хæст. Сау фыдохы уацтæ хъæргæнджытау зылдысты Ирыстоны кæмтты. Нал уыд фыдбæллæхтæн кæрон…

 

Хуссар Ирыстон тох кодта йæ рухс фидæныл. Уымæ тырнындзинад ирон адæмæн лæвæрдта ныфс æмæ æхсар. Æмæ Ирыстон уыцы сæрибардзинады сæрвæлтау уымæн быхста уæззау зындзинæдтæн, тухитæн.

 

Абон мæн бузныг зæгъын фæнды нæ адæмы фыдæлтыккон уыцы фарнæн, йæ раттæг адæмæн уыйбæрц хъару æмæ ныфсхастдзинад чи снысан кодта, æрдзæй йын уыйбæрц хиуылхæцынад æмæ адæймагуарзондзинад чи схай кодта. Табу уыцы фарнæн æмæ адæмæн. Никуы ферох уыдзысты, нæ сæрвæлтау нæмгуыты, мæлæты раз удуæлдай тох чи кодта, уыцы æнæхин хъайтартæ, сылгоймæгты ныфсхастдзинад æмæ æнувыддзинад.

 

Ирыстон бацарæфтыд йæ хуыздæр, йæ уарзон хъæбултæй. Фæлæ Хуссар Ирыстон цæры, Хуссар Ирыстон цæрдзæн. Ахæм адæм кæм ис, уыцы бæстæйæн никуы ис фесæфæн, ахæм адæмыл нæй фæуæлахиз уæвæн, уымæн æмæ нæй фесæфæн рæстдзинадæн!

 

Нæ уæззау хъæдгæмттæ уромгæйæ та æрлæууыдыстæм ног цард аразынмæ. Æмæ афтæ хъуамæ уа æнæмæнг не знæгты фыдæнæн.

 

Æмвæнд, æмзонд адæмæн хох дæр нæ лæууы, зæгъгæ, фæзæгъынц. Бирæтæ Ирыстоны хъæбултæй сæ цард радтой нæ рухс фидæны сæрвæлтау, уымæн æмæ æндæрхуызон уæвын сæ бон нæ уыд. Ныр уыдон дæр нæ кад æмæ нæ намысы стъалытæ систы.

 

Абон кæд хæстæй æхсæрдæс азы рацыд, уæддæр, уыцы дудгæ бонтæ чи федта, уыцы адæмæн сæ зæрдæйы хъæдгæмттæ цæрæнбонтæм дæр никуы байгас уыдзысты.

 

Рох никуы уыдзысты ирон адæмæй августы фондз боны хæстон цаутæ, æнустæм нæ зæрдыл дардзыстæм, уæлахиз нын чи æрхаста æмæ абон сæрæгас кæй фæрцы стæм, уыдоны нæмттæ. Нæ мысынады цæрæнбонтæм баззайдзысты уыцы трагикон бонтæ.

 

Ничи æмæ ницы ферох!

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 12.08.2023 в 08:53

Слава авиации Осетии!

12 августа в России отмечается День Военно-воздушных сил. В этот день в 1912 г. по военному ведомству России был издан приказ №397, согласно которому вводился в действие штат воздухоплавательной части Главного управления Генерального штаба.

ОБЩЕСТВО 1.07.2021 в 10:27

Сохранить наследие предков

Особенности проведения комплексных реставрационных работ в исторических поселениях Осетии обсудили на круглом столе, организованном общественной организацией «Фамильный совет «Цгъойтæ».

ОБЩЕСТВО 27.12.2022 в 08:58

Йæ фыссæн сис атылдта сыгъзæрин доны

Курдиатджын фыссæг æмæ фыццаг ирон сылгоймаг-поэтессæ Хостыхъоты Зинæйы райгуырдыл æххæст кæны 85 азы

ОБЩЕСТВО 14.04.2023 в 19:20

Сергей Таболов: «Нет законного метода обналичить материнский капитал»

Управляющий Отделением Социального фонда России по РСО-А Сергей Таболов провел пресс-конференцию по итогам работы новой структуры за первый квартал 2023 года. Она стала полным правопреемником Пенсионного фонда России и Фонда социального страхования, которые были объединены с 1 января.

ОБЩЕСТВО 27.06.2024 в 09:44

ÆЛБЕГАТЫ АЛАН – «СЫГЪЗÆРИН МАСКÆ»-ЙЫ УÆЛАХИЗДЗАУ

Куыд зонæм, афтæмæй аивад у адæймаджы уд сыгъдæггæнæн ахъаззаджы фæрæз. Йемæ йæ цард чи сбæтты, ахæм адæймаг йæ хъысмæтæй вæййы райгонд. Уымæн æмæ йын ратты царды хи ссарыны амонд. Аивад у йæ царды мидис, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, уыдоны нымæцмæ хауы мæ абоны уацхъуыды хъайтар Æлбегаты Алан дæр.

ОБЩЕСТВО 15.04.2022 в 17:19

Прокачу с приключениями!

Изо дня в день горожане становятся свидетелями всевозможных споров и выяснений отношений в общественном транспорте. 

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО