Адæймаг кæм райгуыры æмæ кæм схъомыл вæййы, уый у райгуырæн зæхх. Æмæ, кæй зæгъын хъæуы, Райгуырæн бæстæ ныййарæг мадау уымæн у адджын. Махæн дæр нæ чысыл Ирыстон у тынг зынаргъ æмæ адджын, йæ сæйраг сахар —Дзæуджыхъæу.
Уымæ гæсгæ нæ алкæмæ дæр хъуамæ уа иузæрдиондзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ. Уæд нæ алчидæр уыдзæн тыхджындæр æмæ ныфсджындæр.
Куыд зонæм, афтæмæй раздæр Дзæуджыхъæу горæт нæ уыд, фæлæ – фидар.
Революцийы размæ Дзæуджыхъæу нымад уыд Кавказы культурондæр горæттæй иуыл. Нæ горæтимæ баст сты Пушкины, Къостайы, Булгаковы, Вахтанговы нæмттæ. Ирыстоны бынæттон цæрджытæ сты ирæттæ – рагон скифты, сæрмæтты æмæ аланты байзæддæгтæ. Фæлæ ма нæм цæрынц алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ, уыцы адæмтимæ цæрæм хæларæй.
Азтæ кæрæдзийы куыд ивынц, афтæ нæ горæт йæ хуыз аивта. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, театртæ, парктæ азæй-азмæ фылдæр кæнынц.
Проспекты æнусон бæлæсты бын куы фæцæйцæуай, уæд дæм афтæ фæкæсдзæн, цыма зæронд Дзæуджыхъæуы уынгты тезгъо кæныс. Канд бынæттон цæрджытæ нæ, фæлæ ма уазджытæ дæр уарзынц ам сæ фæллад уадзын.
Дзæуджыхъæуæн стыр кад чи кæны, чи йæ уарзы, ахæм адæймæгтæ нæм ис тынг бирæ. Уыдонæй иу бынæттон администрацийы минæвар Джиоты Хъазыбег. Нæ газеткæсджытæ йæ зонынц йе сфæлдыстадмæ гæсгæ дæр.
Абон та уын, уæ бирæ курдиæттæм гæсгæ, мыхуыр кæнæм, йæ уарзон сахарыл цы зæрдæбын рæнхъытæ снывæзта, уыдон.
ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ ЗАРÆГ
Дзæуджыхъæу – нæ Иры зæрдæ,
Сахар дæ ныр, хъæуæн æгæр дæ.
Нæ цъитиджын хæхтæ нын рагæй,
Ды хъахъхъæныс фыдбон, знагæй.
Сфæлдисæг Хуыцау – нæ дарæг,
Къоста, Васо, Иссæ, ныййарæг.
Æхсарджын, намысджын фæсивæд
Фæллой кæнынц, нæ зонынц зивæг.
Фæуæнт нæ буц фыдæлтæ рухсаг,
Фæкæнæнт Иры дзыллæ рухс цард!
Валери Гергиты йæхæдæг –
Дунейы аивадæн йæ фæтæг.
Дзæуджыхъæу, дæ цин, дæ радæй,
Зæрдæрухсæй, æхсидгæ кадæй
Дæ цæрджытæ æнгомæй, рухсмæ
Хæссæнт дæ кадджын ном æнусмæ.
Фыдыбæстæн – хæсты йæ гæрах,
Нæ сахар – Хуссары йæ гæнах.
Цæстыгагуыйау дарæм дæу,
Нæ уарзон, рухс Дзæуджыхъæу!
У Терк дæ зæрдæйы тугдадзин,
Æвдадзы хос, æдзух дзы нуазин.
Дæ минæвар – цæуæд, кæлæд,
Ысбæттæд адæмты хъысмæт.
Дзæуджыхъæу, дæ цин, дæ радæй,
Зæрдæрухсæй æхсидгæ кадæй
Дæ цæрджытæ æнгомæй, рухсмæ
Хæссæд дæ кадджын ном æнусмæ.
ДЖИОТЫ Хъазыбег