Нæ зынаргъ газеткæсджытæ, уæ размæ та уын хæссæм Джиоты Хъазыбеджы хъуыдытæ йæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл.
Йе сфæлдыстадыл ын дæ цæст лæмбынæг куы ахæссай, уæд дæ зæрдыл æнæмæнг æрлæуудзысты дзæнæттаг, академик Джусойты Нафийы ныхæстæ: «Дзырд куы æнкъарай æмæ йын банкъарæн та ис, чысылæй йыл куы схъомыл уай, уæд, 14-15 азмæ, ома, уæдмæ хъуамæ ахуыр кæнай дæхи мадæлон æвзагыл. Æмæ, уыцы æнкъарынад куы сфидар уа адæймаджы уæнгты, зонды, зæрдæйы, уæд æй никуыуал ферох кæндзæнис, йæ ад та цæрæнбонтæм баззайдзæнис дæ зæрдæйы». Æмæ ахæм хорзæхæй æрдз фæхайджын кодта Джиойы-фырты дæр. Уымæн æмæ йæ æмбары, мадæлон æвзаг мадау кæй у адджын. Алы наци дæр кæрæдзийæ кæй хицæн кæнынц канд се ‘взагæй нæ, фæлæ се ‘гъдауæй сæ уагахастæй, сæ хъуыдытæй, æмæ уыдон чи парахат кæны, уый та у æвзаг.
НЕ ‘ВЗАГ
У не’ взаг къонайы æртдзæфау,
Æмæ макуы ахуыссæд йæ зынг.
Нæрæд, зæлæанг кæнæд æрвдзæфау,
Ирон лæджы бындур – мæсыг.
Нæ нымæц афтæ бирæ нæу,
Фæлæ нæ а-дунейы зонынц.
Ирон æвзаг хуымæтæг нæу,
Аланты байзæддаг нæ хонынц.
Цæмæй нæ æвзаг ма уа рох…
Йе уымæй ма кæрæдзи зонæм.
Æдзухдæр ыл кæндзыстæм тох –
Кæд ма нæхи ирæттæ хонæм…
Иронау хиуыл Хуыцаумæ саргъау,
Иронау ратт ныхкъуырд знагæн.
Иронау дзур хъæбулæн аргъау,
Де ‘взаг зонын кæн сыхагæн.
«Æгас, цу!», – хуры тынæн зæгъ,
Ныййарæг, хистæр æмæ ‘рдхордæн.
Бæлвырдæй алкæмæндæр зæгъ:
– Ирон æвзаг – ныхасы хордон.