ОБЩЕСТВО

ФАРНЫ АЗ – НÆ КЪÆСÆРЫЛ!

Ирыстон афæдзæй-афæдзмæ бирæ бæрæгбæттыл фæцин кæны. Алкæцымæ дæр дзы фенхъæлмæ кæсы зæрдæйы рæсугъд фæндтимæ. Фæлæ уæддæр уыдоны ʼхсæн нæ адæм сæйрагдæрыл нымайынц Ног аз. Уый у нæ уарзондæр, уæлдай тынгдæр кæмæ фенхъæлмæ кæсæм, ахæм бæрæгбон. Нæ хуыздæр, райдзастдæр фæндтæ уæдмæ æрхæссæм, хатдзæгтæ скæнæм ивгъуыдæй, фидæнмæ нысантæ сæвæрæм.

 

Бæрæгбоныл куыд æмæ цæимæты сæмбæлын хъæуы, уый ирон лæгæн амонын нæ хъæуы. Алы ирон хæдзар дæр йæ Ног азыл æмбæлд, йæ къух æй куыд амыдта, афтæмæй. Царды уаргъ алкæуыл æмхуызон нæ уæз кодта, гъе, фæлæ зæрдæйæ та сæ бæрæгбæттыл æмбæлдысты стыр бæллицтимæ.

 

Ног азы æрцыд, йе ʼрбалæудыл адæм куыд бацин кæнынц, кæрæдзийæн цы стыр арфæтыл схæцынц, ахæм диссаджы хъармдзинад нæ уынæм иннæ бæрæгбæтты рæстæджы. Алкæй дæр нæ фæуырны, Ног аз ын кæй æрхæсдзæн циндзинад, зæрдæйы ныфс, фидæны царды рæсугъд бæллицтæ. Уый сын уарзта Къостайы цæст дæр, æмæ-иу алы ироны къæсæрæй дæр уымæн бадзырдта:

 

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!

Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ.

Уæ алы аз дæр хорзæй уынат!

Уæ фидæнмæ фæрныгдæр уат!

 

Нæ фыдæлтæ Ног аз нысан кодтой 13-æм январы фæуды æмæ 14-æм январы райдианæй. Чырыстон кусарты æдде ма  адæм Ног азмæ сæрмагондæй зылдысты хуытæм. Ноджы ма-иу уыцы рæстæджыты йемæ баиу сты Цыппурс, Бынаты ʼхсæв, Æртгæнæнтæ, Доны скъæфæнтæ.

 

Ног азы æхсæв алы хæдзар дæр æвæрдта хъæздыг-дзаджджын фынг. Уæдмæ-иу хæдзары алыварс хъуамæ æрзылдаид нæлгоймаг цыргъагæй хахгæнгæйæ, уæд, дам, йæ сæрты фыдбылыз нал æрбахиздзæн. Хæдзары мигæнæнтæй сыхæгтæй, хъæубæстæй макæцы хъуамæ баззадаид.

 

Ацы фынг æмæ хистæры ракуывдæн егъау нысаниуæг уыд. Кувæг йæ къухмæ дзаггарз райсгæйæ, лæугæйæ (лæууынц бинонтæ дæр), æппæты фыццаг ардта Дунескæнæг Иунæг Хуыцауы ном, æппæт чи сфæлдыста зæххон зæдæй, дуагæй. Ссардта-иу Уастырджийы ном – Лӕгты дзуар у æмæ нæ лæгцухæй макуы ныууадзæд; фæндараст зæгъы зæронд азæн – хорзæй нæ ныууадз, фыдбылызæй цы ис, уыдон демæ ахæсс; дзуры Нæуæг азмæ – æрхæсс нын хорздзинæдтæ, куры дзы, зæронд аз цы нæ радта хорзæй, уыдон нын нæ къухты бафтау, зæгъгæ.

 

Ногбон æхсæвы бадт дæргъвæтин вæййы, бинонты сæйраг бæллиц ма вæййы, сæ Цыкурайы фæрдыг фенын. Æвæрд вæййы сылгоймæгты къуымы зæлдæгты тыхтæй.  Уыцы æхсæв æй райсынц кад æмæ цытимæ, сæхи йыл бафæдзæхсынц æмæ та йæ уæзданæй йæ бынаты бавæрынц.

 

Ног азы æхсæвы фынг баззайы æвæрдæй дыккаг бонмæ. Уæд, дам, бæркæдтæ фылдæр йеддæмæ, къаддӕр нæ кæнынц. Фынæйы размæ нæлгоймæгтæ рахизынц уынгмæ, райдайынц гæрæхтæ кæнын Мæйы ʼрдæм ахæм хъуыдыимæ: арвы калм æм ма æрбабыра, ма йæм февнала (хуыдтой ма йæ Мæйхортæ дæр).

 

Æгъдау домдта: райсом раздæр хъуамæ сыста бинонты кæстæр – чызг, кæнæ чындз, æнæдзургæйæ суадонæй æрбахæсса дон, бапырх дзы кæна къуымтæ. Уыцы донæй-иу хистæр ныхсадта йæхи, ахызт-иу дуармæ, йемæ-иу æрбахаста хъæмп хæдзармæ æмæ-иу арфæтыл схæцыд.

 

 Æгъдау домдта, райсомæй сыхæгты кæрæдзимæ цæуын ногбоны арфæтимæ. Алы хæдзар дæр бæллыд, цæмæй сæм фыццаг сæмбæла нæлгоймаг, хорз зæрдæ, хорздзинæдтыл хæст чи у, ахæм. Нæуæг азы дыккаг бон сыхæгтæ кæрæдзи рахон-бахон кодтой, кӕрӕдзиуыл цин кодтой, уæд-иу бафидауын кодтой хыл сыхæгты.

 

Ногбоны фынгыл егъау уыд йæ нысаниуæг Æртхуронæн. Ацы егъау кæрдзынæй, бинонтæй дарддæр, хъуамæ мачи фæхъæстæ уыдаид. Уазæг-иу куы сæмбæлд, уæд ын йæ размæ хастой æндæр уæливыхтæ.

 

Абон Иры зæххыл цæрджытæй алчидæр бæллы уымæ, цæмæй нын амондджын фæуа 2024 аз. Фыдбылызæй цы  федтам, уыдон нын æгъгъæд уæнт! Ног аз нын æрхæссæд амонд, уарзондзинад, сабырад!


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 28.05.2019 в 10:47

Инициатива, ответственность, амбиции

Уже двенадцатый раз 26 мая в нашей стране отметили День российского предпринимательства.

КУЛЬТУРА 16.04.2024 в 09:25

Знакомьтесь: «Водопад Искусств»!

Креативность творческого человека выражается в способности видеть то, что другие не замечают. Таким людям как воздух нужно общение, обмен мнениями.

ОБЩЕСТВО 17.02.2024 в 08:57

УЫД ЙÆ АДÆМÆН ЦЫРАГЪДАР ÆМÆ ФÆНДАГГÆНÆГ

Ирыстоны сæрмæ йе стъалы кæмæн ссыгъд æмæ цæхæр калгæ чи цæуы æгæрыстæмæй ма йæ амæлæты фæстæ дæр, ахæм фæрнджын адæймæгтæ бирæ уыд æмæ ис не ‘хсæн.   Ирон адæмæн йæ хъæбултæй стырдæр лæггад чи бакодта, уыдонæй иу уыд Гаглойты Рутен – инженер, фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг. Уыд намысджын адæймаг, адæмы хæрзгæнæг, разагъды лæг.   Рутен […]

ОБЩЕСТВО 21.03.2022 в 18:28

Памяти героя

Каждый год 21 марта, в день гибели Героя России Андрея Днепровского, на Аллее Славы Владикавказа собираются все, кто считает своим долгом почтить его память.

ОБЩЕСТВО 16.12.2021 в 08:02

Ратный труд во славу Отечества

Служба в армии во все времена считалась почетной обязанностью и священным долгом

ОБЩЕСТВО 12.03.2024 в 08:53

АУДГÆ АХАСТ ДАРÆМ НÆ ГОРÆТМÆ

Зæгъынц, адæймаг кæм рай­гуырд, йæ сабийы бонтæ æмæ æвзонгад кæм арвыста, уыцы райгуырæн къуым никуы ферох кæны.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО